Уалдзæг - цард æмæ фæллой!
Уалдзæг йæ тæмæны бацыд. Бæлæстæ æмæ къудзитæ сыфтæр рафтыдтой. Къæвда æмæ хур сты кæрдæджы халы сой, йæ базмæлæн, йæ рæзæн - донарæх æмæ хуры хорзæхмæ уымæн фæкувæм, уымæн курæм сæ хорзæх Хуыцау æмæ йæ зæдтæй. Бæркады æмæ царды размæдзыды нысантæ сты. Фæлæ зæххы риу адæймаджы къухтæ куынæ барæвдауой, лæг æм куынæ æргуыбыр кæна, уæд хур дæр æмæ дон дæр адæмы раз сæ æрдзон хæс нæ сæххæст кæндзысты. Ацы цæстæнгасыл мæ бафтыдта фыдæлтæй баззайгæ хъуыды: зæхх дæм куы уа, дæ сæр æмæ хъуыдытæ рæстмæ куы уой буары æнæниз æмæ уæнгты æнæсахъатæй, уæд цæхæрадон кæнæ дæ быдырон зæххы хай æдзæрæгæй дарын Хуыцауæй тæригъæд у.
Ныр рæстæг аивта, царды фадæттæ бирæ фенцондæр сты. Фесты, галдзармы йас зæхх адæймаджы туджы аргъ куы уыд, уыцы замантæ. Фæлæ нæ фыдæлтæ хор æмæ фосы бæркадыл уæлтых архайды, ныхбын куысты цы тухитæ бавзæрстой, уыдон абоны фæлтæртæн хъуыдыйаг сты.
Хъæуы хæдзардарæг хистæр йæхæдæг фосы æмæ зæххы куысты арæхстджын куы уа, магусайæ цæлуарзаг, худинаг æмæ аллайаг у, уый йæ кæстæртæн куы ‘мбарын кæна, уæд йæ цотæн æвзæрæй тæссаг нæу. Фæлæ йæ бон æнцад дуармæ бадгæйæ чи ‘рвита, бон асадæн чи кæна, Хуыцауы мæстæй марæгау, уыцы хистæрмæ хорзæй ницы ис мæнмæ гæсгæ.
Ирон цардмæ хистæр æмæ кæстæр цы цæстæй кæсынц, хи хæдзары, куыстуаты рæзт æмæ амондыл цас зæрдиагæй архайынц, уый æрдзон уагыл уалдзæг æмæ фæззæгæй хуыздæр никуы рабæрæг вæййы.
Уалдзæджы афон ирон хæдзары цæхæрадоны куыстытæ-иу сæ тæмæны бацыдысты, æрдзы уаг æмæ йæ фæзындтæ нымайгæйæ.
Зымæг зæхх фынæй фæкæны, уалдзæг та дзы ног царды тых бацæуы. Адæймаджы буары дæр æрцæуы бæлвырд ивддзинæдтæ. Фыдæлты æмбисæндты дæр уымæн æмбæлæм ахæм хъуыдыйыл: «Лæгау-лæг уалдзæджы æнцад нæ бады», «Зæхх уалдзæджы адæймаджы къухты тых фæагуры», «Уалдзæг дзывылдар дæр ма ахстон фæаразы».
Ис ма фыдæлтæй баззайгæ хъуыды: «Уалдзæг - хъæнтæ бæрæггæнæг». Уый та адæймаджы буары æнæнизмæ амоны. Цæмæй зымæджы пъæззы тагъддæр уæнгтæй ист æрцыдаид, уый тыххæй-иу ирон хæдзары нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ сæ кармæ гæсгæ архайдтой сæхи алыхуызы адæмон хосгæнæг æрдзон хæлттæй æфсадыныл, дон æмæ хæринаджы сыгъдæгæй хайджынæй сæ алчидæр æххæст кодта йæ хæстæ фосы æмæ зæххы, хæдзары, сыхы иумæйаг куыстадон зылдтыты.
Ныртæккæ кæд дуг аивта, уæддæр зæххæй, цæхæрадоны куыстæй йæхи чи нæ иппæрд кæны, ахæм адæм ис, Хуыцауæн бузныг. Чидæртæ ма суанг сæ цоты цоты дæр æфтауынц зæххы æмæ фосы куыстыл.
Мæ мадыфсымæры лæппу Мыртазты Сослан йæ чысылæй фæстæмæ, йæ ныййарджытæ æмæ уыдоны хистæртæ, зæхх æмæ фосы куыстыл куыд æнувыд сты, уый уыдта æмæ уыны. Йæ кармæ гæсгæ йын йæ фыды хæдзары цы куыстытæ ‘мбæлд, уыдон кодта кæддæриддæр. Ныр йæ азтæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ йæхæдæг уалдзæг хуымтæ садзæн афон цæхæрадоны афтæ бæстон фæархайы, æмæ раст диссаг. Куы йын зæгъай, дæ фæллад иу бон уæддæр суадз, уæд ын хъыггомау дæр ма вæййы. Фондз азы йыл куы цыд, уæд фыццаг æхсынæны мыггаг цæхæрадоны байтыдта æмæ йæм дзы цы бæркад æрцыд, уымæй йæ зæрдæ барухс æмæ йын «цу ма» кæнæ «фезмæл», зæгъгæ, дзурын нал хъæуы. Йæ мад æмæ фыдимæ архайы хæдзары зылдтыты дæр, стæй арæзтады дæр.
Мæ мадырвадæлтæм мæ сабидуджы тынг арæх уыдтæн, ныр дæр уырдæм мæ цыды уаг нæ халын. Мæ дада Мыртазты Дауырбег хъæуы колхозы дæр хуыздæр кусæгыл нымад уыд. Хæдзары цæхæрадоны куысты дæр уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг йæ кæстæртæ йæ фæстæ, æфтæмæй кодта алы куыстытæ: садзын, рувын æмæ тыллæг æмбырд кæнын. Уыд æм шофыры æмæ агрономы дæсныйад. Йæ рæстæджы лæууыд нæ республикæйы раззагдæр хæдзарад, колхоз “Ирыстон”-ы партион организацийы сæргъы. Йæ куысты сæйраг хæстæ дæр æххæст кодта, зæххы, фосы куыстмæ дæр арæхст, трактортæм, мыггагтауæн, хуымгæнæн, æфснайæн техникæмæ дæр зылд. Йæ цотимæ æмæ уыдоны кæстæртимæ куыста хи цæхæрадоны дæр, рувыны æмæ тауыны рæстæджы, уæлдайдæр цæхæрадоны, куыстам не ‘ппæт дæр. Йæ хистæрмæ гæсгæ мæ мадыфсымæр дæр сси агроном. Мæ сабидуджы дæр æмæ ныр дæр мæ мады ‘рвадæлты цæхæрадоны иу уæлдай кæрдæджы хал никуы федтон. Лыстæгæй, стыр хуымæй сты хæрззылд æмæ ‘фснайд.
Адæмы цæст уынаг у. Цæхæрадоны ‘фснайд æмæ бæлвырддзинад хъæуы адæм дæр фиппайынц æмæ суанг ахæм ныхас се ‘хсæн æвзæрын райдыдта: «Мыртазтæн сæ цæхæрадоны иу хæмпæлы мур дæр нæ зайы. Сæ лæппу агроном у æмæ, æвæццæгæн, хæмпæлгæрдæджы ныхмæ хос æрхъуыды кодта æмæ йæ мæры рагацау бæлвырд афон ауадзы». Уæд уыцы ныхæстæгæнæгмæ бадзырдта йе ‘мдзурæг: «Мæнмæ гæсгæ, ды раст нæ дæ, сæ цæхæрадоны хæмпæлгæрдæджы ныхмæ хуыздæр “хæцæнгарз” – рувæн, æндæр ницы». Хъæуы кадджын хистæртæй иу, нæ республикæйы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг, Фæллойы Сырх тырысайы орденхæссæг Бзарты Болки та, сыгъдæг æмæ ‘фснайд цæхæрадон сын кæй ис, уый тыххæй мæ мадымадæн арфæ ракодта зæрдиагæй. Цы аив æмæ зæрдæбынæй цыд йæ алы ныхас дæр, уымæн æз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн.
Афтæмæй мæ мысинæгты ацы цауæн ис ахæм хатдзæг скæнæн: зæххыл фæллой кæнын æнцон нæу, фæлæ йæ куы уарзай æмæ йæ куы рæвдауай, уæд дæ Хуыцау, зæхх æмæ хорз адæмы арфæ æнæмæнг ссардзæн - раджы уа-æрæджы.
Мæ мадымад-иу арæх афтæ дзырдта: «Ацы бинонтæм æрцыдтæн 1955-æм азы, хæдзары дзаумæттæ æмæ уæлæдарæсæй никæмæй хицæн кодтой, цы хъуыд цардæн æмæ адæммæ цæуынæн, уый сæм æнæуæлдай хъалгæнæн дарæс æмæ дзаумайæ уыд. Уæдæ хæдзары фос æмæ зæххы куысты бæркадæй дæр цух нæ уыдысты, кодта сæхи æмæ сæ уазæджы фаг дæр. Иу рæстæг та нæхæдзары хицауы ‘фсымæр Мæскуымæ ахуырмæ ацыд. Дзæуджыхъæуы йæ фатер, цæмæй ма ныддзæллаг уа, уый тыххæй рæстæгмæ уым æрцардыстæм. Æфсымæрæн йæ ахуыр цалынмæ фæуа, уæдмæ бонтæ нымадта мæ сæрыхицау. Хъæумæ йæ фæндыд. Æз, зæгъы, мæ цæхæрадоны мæхи къухтæй сагъд халсар, дыргъ куынæ ‘рбахæссон мæ фынгмæ, уæд мын цард æмæ хойраг ад нæ кæнынц. Куыддæр Мæскуыйæ ссыд йе ‘фсымæр, афтæ хъæумæ ‘рлыгъдыстæм».
«Фæззæг дæр æрзайæг тыллæг цæхæрадонæй кæнæ колхозы быдыртæй цæмæй афоныл ист æмæ ‘фснайд æрцæуа, ууыл-иу батыхст мæ хистæр рагацау. Бирæ мæгуыры хос нæу, зæххы йæ ма уадз, бафснай йæ, кæд дзы дæхæдæг æххæст дæ æмæ ма дæм уæлдай баззад, уæддæр дзы дæ сыхаджы, хионы куы арæвдауай, уæд Хуыцауы зæрдæмæ дæр цæудзынæ», - афтæ-иу дзырдта мæ мадыфыд Мыртазты Дауырбег. Уыцы зонд æмæ фæллойадон уагыл хæст сты йæ кæстæртæ æмæ уыдоны цот дæр.
Ныр дуг аивта, цæхæрадоны æмæ зæххы куыстæн æвæстиаты социалон æххуысы уаджы нысан кæд бирæтæ нал уынынц, уæддæр дзы йе ‘нæниздзинад æмæ уды равг чи фидар æмæ аив кæны, ахæм адæм ис.
Уалдзæг æмæ фæззæг бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ æмæ куыстуæтты разамынд æмæ фæллойгæнджыты хъæппæрис раппæлинаг у. Мæрзынц кæртытæ æмæ бæстыхæйтты алыварс. Чъырæй цæгъдынц æмæ æхсæдынц къудзитæ, бæлæстæ, кæрдынц, хæмпæлгæрдæг æмæ æмбырд кæнынц бырæттæ. Адæймаджы уд рухс кæны Дзæуджыхъæуы æмæ хъæуты цæрджыты куыстхъæлдзæг змæлдæй, сæ зиудзæдис архайдæй. Ахæм зиуты рæстæг дæр цыма æрдз дæр цин фæкæны, адæм ын цы ‘гъдау фæкæнынц, ууыл, афтæ мæм фæкæсы. Уды сыгъдæг, дарæсы æмæ бакасты, хæдзары, уынджы аивæй уæлдай нæй. Æрдз цардæн у, адæмæн æмæ сæ зæрдæтæ цас æргом æмæ аив сты, уый зиуы рæстæг, уалдзæджы хуры рæвдауæг тынтæм, кæрдæг æмæ сыфтæрты сыбарсыбурмæ, мæргъты аив зардмæ уæлдай хуыздæр рабæрæг вæййы бæркадджын фæззæг æмæ царддæттæг уалдзæджы! Уымæн æмæ цард адæмæн у, бæркад та уæнгты тых, зонд æмæ уды хорзæй цæуы фыдæй-фыртмæ, фарн æмæ амонды суадон уыдонæй æвзæры.
Æрвылаз «Мыхуыры хæдзар»-ы дæр уалдзæг райдайы æфснайæн зиуæй. Республикон газетты æмæ журналты, Журналистты цæдисы разамынд ахсæдынц бæлæстæ æмæ къудзитæ. Зымæгæй кæрдæгыл æмæ куыстуаты алыварс цы бырон баззайы, уый ныммæрзынц. Чъырæй сцæгъдынц æмæ сахорынц куыстуаты бæстыхайы алыварс бæлæстæ, къахвæндæгты аивгæнæн дуртæ, тыргътæ, ныхсынц рудзгуытæ. Хус сыфтæр æмæ къалиутæй асыгъдæг кæнынц, нæ куыстуаты алыварс цы фæндæгтæ æмæ чысыл цæхæрадон ис, уый. Нæ куыст вæййы уæнгтæ аивазынæн ахъаз æмæ кæрæдзиимæ зæрдиаг хъæлдзæг ныхасæн æххуыс. Нæ зиуы сæйраг хъуыды - уарзын Ирыстон æмæ нæ бæстæ канд мыхуыры дзырдæй нæ, фæлæ цæнгдых куыстæй æмæ иумæйаг хъарутæй æрдзы сыгъдæгдзинадыл архайын!
Гасанты Валери
Къамтæ систа Тедеты Хъазыбег



