Ирон æвзаджы кадхæссæг
«Алцыдæр амондæй у» - фæзæгъынц хистæртæ. Нæ абоны интервьюйы хъайтары раз амонд сæвæрдта стыр хæс – æвзонг зондты тауын райгуырæн æвзаджы бæркадджын мыггæгтæ. У ирон æвзаджы ахуыргæнæг. Хъыгагæн, уыцы куыстæн абон стыр кад нал ис. Алы аз ирон филологийы факультет бацæттæ кæны студенттæ – ирон æвзагæн кадгæнджыты, фæлæ уыдоны ‘хсæн стæмтæ бакусынц сæ дæсныйады. Уыимæ ахуыргæнæджы стыр хæс бирæтæ сæрыстырæй æххæст кæнынц бонæй-бонмæ. Уыдонæй иу у Къостайы хъæуы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цхуырбаты Зарæ. Уыцы скъолайы дуæртты фæстæ ныууагътон ме ’взонг бонтæ æз дæр. Зарæ Юрийычызджы хъæлæс мæ фæндараст кодта ирондзинады дунемæ алы бон. Уымæ гæсгæ ацы интервьюйæ тынг сæрыстыр дæн æмæ, мæ зæрдæ дарын, сæрыстыр уыдзæн мæ ахуыргæнæг дæр.
- Дæ бон хорз, Дианæ. Мæн дæуæн амонын нæ хъæуы, фæлæ газеткæсджытæн мæхи бацамонон - Цхуырбаты Зарæ, Къостайы хъæуы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
- Цал азы кусыс ахуыргæнæгæй?
- Ахуыргæнæгæй кусын дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр æмæ мыл уыцы азтæ иу боны хуызæн атахтысты. Уымæн æмæ адæймаг йæ куыстыл æнувыд куы уа, уæд рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу.
- Радзур-ма нын, дæ хорзæхæй, цæмæ равзæрстай сæрмагондæй ирон æвзаджы ахуыргæнæджы куыст?
- Раст дын куы зæгъон, уæд æй равзæрстон уымæн, æмæ хъæуы райгуырдтæн, хъæуы хъомыл кодтон æмæ мын хуыздæр уад мæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнын. Стæй йын уæд йæ фæрæзтæм куы бандзæвыдтæн, уæд ссис мæ зæрдæйы рæбинагдæр æвæрд хæзна.
- Бирæ азты дæргъы архайыс ног фæлтæртимæ. Дæ цæсты куыд ивта нæ райгуырæн æвзаджы зонынад кæстæртæм?
- Кæй зæгъын æй хъæуы, иу фæлтæр иннæйы ивы. Ивы сæ цæстæнгас дæр мадæлон æвзагмæ. Фондз-æхсæз азы размæ скъоладзауты зонындзинæдтæ хъæддыхдæр уыдысты. Ныртæккæ уырыссаг æвзагæй тынгдæр райдыдтой пайда кæнын. Стæй хæдзары дæр иронау нал дзурынц æмæ нæ уый хорзмæ не ’ркæндзæн. Уый æдде ма, ирон æвзаджы уроктæ æрцыбыр кодтой. Зæгъæм, фæндзæм къласы ис æрмæстдæр иу сахат ирон æвзагæн. Ныхасмæ, абон къуырисæры фембæлдзыстæм æмæ та иннæ къуыримæ сæрибар стæм, сывæллæтты загъдау. Уый дæр æндавы, кæй зæгъын æй хъæуы, скъоладзауты зонындзинæдтыл.
- «Уæддæр, хъæуы уавæр хуыздæр у» - фæзæгъынц. Уыцы ныхасы ма абон тых ис, дæумæ гæсгæ?
- Арæх ма бæргæ нæхицæн ныфсытæ авæрæм, ома хъæуты ирон æвзаджы уавæр хуыздæр у. Кæй зæгъын æй хъæуы, о, хуыздæр у, фæлæ ахæм къахдзæфтæй куы цæуæм, уæд нæ райсом горæты уавæрмæ хъæуы. Горæты та ирон æвзаг цы уавæры ис, уымæн уæхæдæг æвдисæн стут.
- Дæ хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй аразгæ у райгуырæн æвзагыл бастдзинад?
- Æвзаг фесафын, нæ адæммæ кæсгæйæ, диссаг нал у. Уымæн æмæ йæхæдæг уырыссаг æвзаджы рæсты чи ауад, уый архайы, цæмæй йæ сывæллоны йæ мадæлон æвзагæй фæиппæрд кæна. Мæ цæстыл ауад нæ зæдбадинаг Джыккайты Шамил – æртыккаг къласы куы ахуыр кодта, уæд ын уырыссаг æвзагæй сывæрдтой æвзæр бæрæггæнæн, æмæ йæ бынаты баззад. Уымæн æй зæгъын, уымæн мæ зæрдыл æрлæууыди æмæ ирон уæвгæйæ йæ сывæллон иронау кæмæн нæ зоны, уыдонæй Шамилы хуызæн лæгтæ рауайæд, æндæр нæ нæ хъæуы мах дæр æмæ йæ ныййарджыты дæр.
- Алцы хæдзарæй цæуы. Æмæ кæд сывæллон хæдзары арæх нæ хъусы ирон æвзаг, уæд ын скъолайы бон исты у? Куыд дæм кæсы?
- Скъолайæн стыр ахадындзинад и сывæллоны хъомылады, уымæн æмæ мæнæн бирæтæ фæзæгъынц мæ раздæры рауагъдонтæй - цы бынат ис адæймаджы, размæцыд адæймаджы цардæн, мадæлон æвзагæн, уый.
- Ирон æвзагыл чи дзуры, уый йæ æнæмæнгæй уарзгæ кæны! Куы нæ йæ уарзай, уæд æвзагыл нæ бады. Цæй тыххæй уарзыс ды ирон æвзаг?
- Цæй тыххæй йæ уарзын, уыдон нымайынæн бон дæр не сфаг уыдзæн. Уымæн æмæ а дунемæ фæзындтæн иронæй, мады уарзæм æнæкæрон уарзтæй – баивæн ын нæй. Афтæ уарзын мæ мадæлон æвзаг дæр, ницæуыл æй баивин, зынаргъ мын у. Хонын æй мæ цардарæзты суадон, уымæн æмæ мæ царды ирддæр фæндæгтæ ирон æвзагимæ баст сты.
- Фыссæг æвзаджы йæхи стиль куы ссары, уæд уый дзуры йе ’стыр литературон курдиатыл. Ирон фысджыты ’хсæн дæ зæрдæйæн кæй фыссынад у уарзондæр æмæ цæмæ?
- Ахуыргæнæг уæвгæйæ, мæхицæн ахæм бар нæ дæттын зæгъын - «уыцы фыссæджы сфæлдыстад нæ уарзын» кæнæ «уыцы фыссæджы сфæлдыстад уарзын». Фæлæ мын тынг ’ввахс у Цæрукъаты Алыксандыры сфæлдыстад. Мæнмæ гæсгæ, ахæм удыхъæды хицау зын ссарæн у. Йæ иу æмдзæвгæйæ афтæ зæгъы: хæсты рæстæг немыцаг æрыгон хæрзлæппу æфсæддоны фехста æмæ йын тæригъæд кæнын райдыдта, кæд дæм, зæгъгæ, мыййаг, дæ мад æнхъæлмæ кæсы. Æмæ йын йæ мард зæххыл барæстытæ кодта, йæ бецыкк ын къухæй афаста. Иу ныхасæй, мæ зæрдæйы баззад. Ахæмтæн бирæ бантысы сæ адæмы сæраппонд.
- Ирон адæм арфæтæй тынг фидауынц, мæнмæ гæсгæ. Дæ хорзæхæй, нæ газеткæсджытæн цалдæр ныхасы ’взаг зоныны æмæ уарзыны охыл.
- Фæнды мæ, цæмæй ирон адæм бамбарой, ирон æвзаг кæй у нæ фыдæлты хæзна. Кæддæр нæ арф кæмтты кæй тахти цæргæсау. Абон та стыр Хуыцауæй курæг дæн, ирон нæртон ныхасæй уæ зæрдæтæ уой дзаг æмæ йæ фæрнæй куыд никуы уат цух. Цард бæллиццаг у. Бæллиццаг у уæд, кад дын куы кæной, цы адæмы ’хсæн цæрыс, уыдон. Фæлæ кады аккаг та уæд уыдзынæ, куы уарзай æмæ куы зонай дæ мадæлон æвзаг.
- Стыр бузныг, Зарæ Юрийычызг. Кæддæр дын дæ ныхæстæм куыд адджынæй æмæ разыйæ хъуыстон, афтæ дæм байхъуыстон абон дæр. Дæ цæрæнбон бирæ æмæ нæ ног фембæлдмæ газет «Слово»-йы фæрстыл.
Мамиаты дианæ
Къамтæ ист сты цхуырбаты Зарæйы сæрмагонд архивæй



