Иунæг æмæ сæрибар
Хъуыстгонд советон кинойы «Москва слезам не верит» иунæг адæмы клубы разамонæг хъаст кодта дунейы адæмы иунæгдзинады тыххæй. «Уый у æппæтдунеон фыдбылыз, - фæдисы бацыд сылгоймаг, - уыцы фарста паддзахадон къæпхæныл сæвæрыны рæстæг æрцыд!».
Æмæ кæд 1980-м азты уавæр афтæ 'взæр уыд, уæд абон та кæцырдæм аивта?
Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæммæ социалон миниуджытæ ирд æвдыст цæуынц. Уый ис зæгъæн не ’гъдæуттæм гæсгæ дæр, суанг ма не ’рвылбон ныхасмæ гæсгæ дæр. Зæгъæм, ахæм ныхас, куыд «Сыхаг хионæй хæстæгдæр», дзуры, адæм кæрæдзийы 'ххуысы хъуаг кæй сты, ууыл. Афтæмæй нæхи хизæм алы фыдбылызтæй, иумæ фидардæр кæй стæм, уый руаджы. Фæлæ абон ныхас æхсæнадыл нæ ацæудзæн – фылдæр дыууæ уды иудзинадыл. Ирон æвзаджы ис замманайы дзырдбаст – царды 'мбал. Уарзон нæ, бинойнаг нæ, фæлæ царды 'мбал. Искæмæн дæ царды хай балæвар кæнын гыццыл у? Хорз æмбал фæзæгъы: «Цард у дыууæ боны æмæ дзы иу дæуæн дæттын». Царды 'мбал фæзæгъы: «Ды дæ мæ цард».
Рæсугъд æмæ бæрзонд æнкъарæныл ныхас кæнæм, фæлæ дзы, хъыгагæн, абон бирæтæ хæслæвæрд скодтой. Иунæг адæймаг æххæст удыл нымад нæ цæуы. Иугæр æрыгоныл ссæдз азы сæххæст, уæд йæ ном раивы «чындзы нæма цæуыс?»-мæ кæнæ «хъуыддаг нæма кæныс?»-мæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбал кæмæн нæй, уыдоныл дур хæрдмæ тулы ирон æхсæнады; уыцы иу фарстатæй ирвæзт нал вæййы. Æмæ бынтон фæстагмæ, фæнды дæ-нæ дæ фæнды, смой кæнынц, фæлæ стæй уайтагъд рахицæн вæййынц. Ууыл дзуры Дзæуджыхъæуы Граждайнаг уавæрты актты æрфыстыты (ЗАГС) статистикæ дæр. Æмбырдгонд дзы 'рцыдысты, фæстаг фараст мæйы цал адæймаджы баиу кодтой сæ цард æмæ цалæй рахицæн сты, уыдоны нымæц. Хъыгагæн, уыцы нысантæ зæрдæйы рухс нæ уадзынц; ацы мæй хъуыддаг бакодтой 1900 царды 'мбалы, хицæн та раисты 3368. Ацы дыууæ нымæцы 'хсæн ис стыр хицæндзинад, æмæ, хъыгагæн, хорзырдæм нæ. Абон куыд арæх хицæн кæнынц адæм, афтæ никуыма уыд. Tinkoff. ru базыдта, Уæрæсейы адæм фылдæр цæй тыххæй хицæн кæнынц, уый. Арæхдæр дзуапп у, æхцайы фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны бинонтæн, уый. Дыккаг бынаты лæууы дзуапп: «Æндæры равзæрста» æмæ афтæ дарддæр. Æвæццæгæн, ацы дзуаппытæ алы регионы уыдзысты алыхуызон. Зæгъæм, Ирыстоны цæргæйæ, арæх фехъусын чындз æмæ ‘фсин кæй нæ бафидыдтой, кæнæ чындз æмæ ходыгъд æмæ афтæ дарддæр.
Цæй фæнды тыххæй куы рахицæн уа лæг, уæддæр та ногæй иунæджы уавæры бацæуы. Ам æм фæзыны ног фарстатæ. Кæд раздæр æнæусы (æномойы) ном хаста, уæд абон хицæн у, æмæ, æвæццæгæн, хуымæтæджы хицæн нæ, истæйы тыххæй – афтæ адард вæййынц адæмы хъуыдытæ. Цæмæй иунæг фæсивæды хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ хуыздæр бамбарæм, уыйтыххæйныхасмæ‘рбахуыдтам Зæлинæйы, табуафси, базонгæ ут йемæ. Йæ ном ивд у. Цæуы йыл 31 азы, чындзыцыд нæу. У паддзахадон кусæг, хуымæтæг мызд æмæ хуымæтæг фæндтимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй алцæмæйдæр æххæст у, Хуыцауæй бузныг у, йæ цардыбонтæ æнæфыдбылызæй, æнæнизæй кæй æрвиты.
- Зæлинæ, æмæ дæ адæм моймæ не ‘рвитынц?
- Раст зæгъгæйæ, цас хистæр кæнын, уыйбæрц къаддæр. Æвæццæгæн мыл сæ зæрдæ нал дарынц, - бахудт Зæлинæ.
- Дæхимæ гæсгæ, 31 азы бирæ у чызгæн?
- Алчи йæхимæ гæсгæ бары. Зæгъæм, æз æртын азмæ мæхæдæг мæхицæн хицау дæр нæ уыдтæн, мæ мызд ницæйы фаг кодта, мæ хъуыдыкæнынад дæр æндæр уыд. Фæлæ абон мæхи куыд сæрибар, куыд рæсугъд, куыд æххæст адæймаг хатын, афтæ никуыма. Раст фæзæгъынц, сылгоймаг дидин 30 азмæ скалы.
- Иунæг дæхи фæхатыс?
- Сæрмагондæй нæ. Стыр бинонтæ мын ис: хотæ, æфсымæртæ – цалдæрæй дзы бинонты хъуыддаг бакодтой, ис сын цот. Мæн дæр агайынц, фæлæ мæ чындзæхсæвы тыххæй мой кæнын нæ фæнды, мæн бинонтæ саразын фæндид. Уый тыххæй та хъуамæ раст адæймагыл, дæхи адæймагыл фембæлай.
- Чызджытæй дæр æмæ лæппутæй дæр арæх ис фехъусæн, хуыддаг бакæнын сæ кæй нæ фæнды. Дæумæ гæсгæ, цæмæ ‘рцæуынц ахæм хъуыдымæ?
- Бæлвырд æй мæ бон зæгъын нæ уыдзæн, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, алчи амондагур у. Кæй нæ фæнды уарзон адæймаджы ссарын? Кæй нæ фæнды уарзты ад базонын? Фæлæ, æвæццæгæн, æрыгæттæ афтæ тынг стыхсынц мойы тыххæй æгæрон фарстатæй, æмæ сын æнцондæр вæййы зæгъын «нæ мæ фæнды».
- Зæлинæ, ды куыд уыныс дæ фидæн?
- Хуымæтæг адæмæн сæ фидæн уыныны фадат нæй. Æз абон цæрын, архайын, кусын, мæ бинонтыл аудын. Чи зоны, тæккæ ацы арæзтæй ахизгæйæ, мæ амондыл амбæлон, чи зоны та, нæ. Цыфæнды куы уа, уæддæр уарзт тыххæй нæ вæййы, йæхæдæг æрбацæудзæн йæ афоныл. Фæлæ ма мæ уый фæнды зæгъын, цæмæй адæм дзурыны размæ хъуыды кæной. Чи зоны, уæ 'вирхъау фарстатæй искæйы зæрдæ къахут æмæ дзы фыццаджы дæр æвдисут уæхи талынгдзинад.
- Бузныг дын, Зæлинæ. Фæрнæйдзаг у.
Цыма 'цæгдæр уарзт арæнтæ нæ зоны. Уымæн æвдисæн сты алы цымыдисаг хабæрттæ, нæ гыццыл Иры дæр арæх чи 'рцæуы, ахæмтæ. Зæгъæм, æрæджы сыхаг хъæуы сарæзтæуыд цымыдисаг чындзæхсæв. Йæ диссаг та уый мидæг ис, æмæ усагыл дæр, мойагыл дæр цыдис æвддæс азæй кæнæ гыццыл къаддæр кæнæ гыццыл фылдæр. Раздæры фæлтæртæ ныфсджындæр уыдысты, æвæццæгæн!
Иунæгдзинадыл кусынц ахуыргæндтæ дæр. Уæлдай бирæ бантыст Чикагойы университеты кусджытæн, бинонтæн Джон æмæ Стефани Качиоппо. Уыдон куыд базыдтой, афтæмæй иунæг адæмæн æндæрхуызон кусы сæ магъз. Иунæг адæймаджы магъзы электронон архайд у тагъддæр. Уыимæ ма рабæрæг, ахæм адæмæн æвзæр хабæры бахаугæйæ, зындæр кæй у. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй иунæг адæм сæхи хъахъхъæнынц социалон тасдзинæдтæй, арæх æй сæхæдæг нæ фембарынц, афтæмæй. Джон Качиоппо зæгъы: «Уый нысан кæны, æмæ мæхи иунæг куы хатон, уæд мæ магъз райдайдзæн йæхи уыцы социалон тасдзинæдтæй хъахъхъæнын æмæ тырндзæн ноджы фылдæр ахин кæнын адæймагæй. Ахæм фæндимæ хъæуы тох кæнын, цалынмæ хабар депрессимæ нæ раздæхт».
Зынаргъ газеткæсджытæ, никуы амбæлдыстут ахæм ныхасыл, æмæ кæцыдæр куыстмæ хонынц сæрмагондæй бинойнаг кæмæн нæй, ахæм адæмы? Уый бæргæ раст нæу, фæлæ æцæгдæр бинонтæ кæмæн нæй, уыдоны зонд æндæр у. Уыцы адæмы бон у сæхи куысты бар бакæнын æнæгуырысхойæ. Хæдзары сæм ничи æнхъæлмæ кæсы, сæ зæрдæ никæимæ дзуры. Фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, дæ кусджытæн ахæм миниуæг æвæрын карз у.
Рæстæг ивы, абон сылгоймæгтæ фидар лæууынц сæхи къæхтыл æмæ сын мой скæнын æнæмæнг хабар нал у. Зæгъæм, нырыккон сылгоймаг йæхи дары, Хуыцауы фæндæй хорз цæры. Цæмæ хъуамæ фæхæст уа исты магусайыл, йæ базыры бын æй бакæна æмæ йæ йæ фæдыл ласа царды фæндагыл? Ууыл ничиуал разы кæны, алчи агуры йæхи аккаг, йемæ æмвæнд æмæ æмзонд адæймаджы. Уымæ гæсгæ уыйбæрц къаддæр кæнынц регистрациты нымæц дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм нымæц (1900 регистрацигонд бинонтæ) ис бамбарын кæнын уымæй, æмæ Ирыстоны бирæтæ цæрынц официалон гæххæттæй. Закъонмæ гæсгæ сæ цард баиу кæнынц, æрмæст иумæйаг сывæллæтæн гуырыны афон куы 'рцæуы, уæд.
Сылгоймæгтыл дзургæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыдысты зындгонд советон актер Евгений Леоновы ныхæстæ: «Раздæр дунейы алцæмæн дæр уыд æгъдау. Лæг райсомæй цыд кусынмæ, сылгоймаг баззад хæдзары æмæ-иу райдыдта уафын. Изæры-иу лæг хæдзармæ 'рбацыд æмæ фæлладæй батылд фынæй кæнынмæ. Абон та лæг дæр æмæ ус дæр райсомæй ацæуынц куыстмæ. Изæры зыбыты фæлладæй æрцæуынц, лæг фынæй кæнынмæ батулы, сылгоймаг та нырма уæд райдайы уафын». Иннæрдыгæй бакæсгæйæ та, абон сылгоймæгтæ бирæтæ «уафын нал комынц», æмæ ахæм мой та нæлгоймæгтæм нæ худы.
Бирæ ис дзурæн æмæ хъуыды кæнын, иунæг адæмы нымæц цæмæ рæзы, ууыл, фæлæ бæлвырд иу у: иунæгдзинад у адæймаджы бар æмæ йын никæйы бон у уый фидис кæнын. Ис дунейы ахæм теори: алы адæймагæн зæххыл кæмдæр ис йæ хай æмæ йæ куы ссара, уæд уыдзæн æххæст, æнæхъæн. Мæ зæрдæмæ æппындæр нæ цæуы уыцы хъуыды. Адæймаг йæхæдæг у æххæст, æнæхъæн – æрмæстдæр ахæм адæймаджы зæрдæ ссардзæн йæхи хуызæн фидар зæрдæ фидæны цардæн.
Мамиаты Дианæ
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй