"Сæйрагдæр у мидæггаг туризм..."
Абон нæ газеты уазæг у Карсанты Гурам – бирæвæрсыг курдиаты хицау. Йæ ном ын зонынц канд Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы алы къуымты дæр, уымæн æмæ нæм уырдыгæй уазæгуаты чи ссæуы, уыцы туристтæ йæ сæ зæрдыл хорз бадарынц. Цы экскурситæ саразы, уыдон ис рахонæн авторонтæ: ис ын йæхи фæд, йæхи уарзондæр бынæттæ, йæхи цæстæнгас туризмы хъуыддаджы. Цалынмæ дзы архайын нæ райдыдта, уæдмæ бирæ рæтты йæхи бафæлвæрста æнтыстджынæй. Гурам каст фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультет, актерон хайад, бакуыста Бæхты паддзахадон театр «Нарты»-йы, кусы ныртæккæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры, бацархайдта телеуынынады журналистикæйы дæр. Фæлæ æппæтæй стырдæр бынат йæ зæрдæйы бацахста туризм, у фæлтæрдджын æмæ æнтыстджын гид, ис ын цымыдисаг блог. Цыфæнды куыст ма кæна, йæ алы фезмæлды дæр бæрæг сты патриотон ахастдзинад, стыр уарзондзинад æмæ сæрыстырдзинад йæ райгуырæн бæстæмæ. Туризмы коймæ, нæхицæн загътам, Гурамæй хуыздæр нын чи радзурдзæн ацы темæйы тыххæй. Æмæ, табуафси, уæ размæ хæссæм нæ ныхас.
- Бирæ къабæзты дæхи бафæлвæрстай. Куыд æрбацыдтæ туризммæ?
- Æцæгæй дæр бирæ къæбазты бацархайдтон. Æмæ туризммæ куыд æрбахаудтæн? Мæ гыццылæй фæстæмæ, цыфæнды куысты фæстæ, уæлдайдæр каникулты рæстæг, улæфты рæстæг, уарзтон мæхи айсын хæхтæм – нæхи Цæгат æмæ Хуссар Иры хæхтæм. Къахæй-иу бирæ фæрацу-бацу кодтон. Истори æмæ этнографи ахуыр кодтон, уæд ма хъæуты уыдис зæронд цæрджытæ. 2016 азы иу рæстæг æнæкуыст уыдтæн, уæд нырма туризмы кой ничи кодта. Хуссар Ирыстоны тыххæй-иу Интернеты исты информаци куы агуырдтаис, уæд-иу дзы цы разынд, уый баст уыд æрмæстдæр хæстимæ. Ахъуыды кодтон: алæ-ма, адæмы хонон æмæ туристты фæрцы парахат кæнон, зонгæ кæнон æгас дунейæн, Ирыстонæн йæ Хуссар хай цы у, уый. Ома ам æрмæст хæст нæй, фæлæ дзы адæм цæры, сæ сомбоныл æууæндынц, сывæллæттæ дзы рæзы. Иууыл хæстон адæм не сты, фæнды сæ цæрын сабырæй, уарзынц цард. Стæй райдыдтон блогыл дæр архайын æмæ æртæ азмæ мæ хъуыддæгтæ фæхуыздæр сты, уæрæхдæр куыст кæнын райдыдтон.
- Куыд сфæлдыстадон адæймаг, афтæ дæм ис дæхи уынынад туризмы хъуыддагмæ. Цавæр æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытæ йæм ис ныртæккæ Ирыстоны?
- Раст зæгъгæйæ, мах Абхази кæнæ Дагъистаны хуызæн никуы суыдзыстæм. Улæфынмæ чи цæуы, уый фылдæр уарзы дон æмæ сæрдыгон улæфт. Махмæ дыккаг, æртыккаг хатт æрбацæуы ахæм адæймаг, нæ культурæ, истори, не 'гъдæуттæ чи банкъары, нæ адæмыхатт йæ зæрдæмæ кæмæн фæцæуы. Æрмæст хæхты æмæ дæтты тыххæй не 'рбацæуынц. Ис нæм ахæм туристтæ, æмæ æрвылаз фондз азы фæдфæдыл чи цæуы, куы Цæгатмæ æрбацæуынц, куы та Хуссар хаймæ, сæ улæфты бонтæ ам арвитынц.
Цы нын нæ фаг кæны? Зæгъæм, Гуырдзыстонимæ абаргæйæ, нæй нæм лæггадкæнынад (услужливость), ахæм у ирон адæймаджы характер, цы йын акæндзынæ? Ивын та бирæ цыдæртæ хъæуы. Нæ республикæ цæмæй туристтæн зæрдæмæдзæугæ суа, уый тыххæй уал хъуамæ махæн суа ахæм, цæмæй дзы нæхицæн уа цæрынæн дзæбæх, уарзæм дзы нæхæдæг цæрын. Мах дзы куы уарзæм цæрын, нæхи дзы хорз куы хатæм, уæд дзы туристтæн дæр хорз уыдзæн æмæ къаддæр æхсызгондзинад нæ исдзысты.
- Ныртæккæ туризмæн ис бирæ хуызтæ, зæгъæм, экстремалон, агротуризм, экотуризм æмæ афтæ дарддæр. Цавæр цæстæй сæм кæсыс? Ис сын бынат дарддæры царды?
- Туризмæн ис бирæ хуызтæ æмæ сын Ирыстоны ис стыр гæнæнтæ - парапланеризмæй зæгъай, гастротуризм, сакралон туризм, хæххон туризм, альпинизм. Фæлæ иннæ хъуыддæгтæ иууылдæр ферох кæнæм æмæ æрмæст ацытыл нæхи бафтауæм, уый раст нæу, мæнмæ гæсгæ. Туризм ма æввахс дыууæ-æртæ азы йæ тынгыл уыдзæн, стæй фæмынæгдæр уыдзæн. Чи нæм цæуа, уыдоны нымæц бирæ къаддæр уыдзæн. Ныр бæстæ æхгæд у, æмæ сын ахизæн никуыдæм ис. Уырысы хуымæтæг адæмы нæ хæхтæ тынг нæ хъæуынц, уыдон тынгдæр хъæуы денджызтæ æмæ сын Турк, Египет æмæ Тайландтæ сты къухæфтгæдæр, æнцонвадатдæр, æмæ тынгдæр уый тыххæй цæуынц уырдæм. Махмæ та уый тыххæй цæуынц, æндæр гæнæнтæ сын кæй нæй. Уый дæр мæм хъыг кæсы. Кæм Тайланд æмæ Египеттæ, æмæ кæм мах регион, мах адæмыхатт. Æнæхъæн Кавказы кой нæ кæнын, æрмæстдæр Ирыстоны кой кæнын. Мах æндæр адæмыхатт стæм, не сконд дæр æндæр у, нæ хъуыдыкæнынад дæр, нæ миддуне дæр. Мæнмæ гæсгæ, махæн хуыздæр уаид, сакралон туризм кæй хонынц, уый. Нæ мæ фæнды, цæмæй æнæуаг республикæ суæм, фæлтау нæм къаддæр адæм цæуæд, фæлæ хуыздæр адæм, æнæгъдау дзæгъæлдзуты бæсты. Иу рæстæг хъуыды кодтон, иуæй хорз у – баззыдтой нæ, цæуынц нæм, фæлæ цас фылдæр кæнынц, уас се 'хсæн алыхуызæттæ дæр фылдæр кæнынц.
- Чи нæм цæуы арæхдæр, уыдон чи сты? Фæсарæйнæгтæ нæм арæх æфтынц?
- Цæгатмæ арæхдæр цæуынц Уæрæсейы алы регионтæй. Хуссармæ дæр цæуынц Мæскуыйæ, Бетъырбухæй, Уæрæсейы Хуссарæй – Краснодарæй, Стъараполæй. Хуссар Ирмæ зындæр у æрбахизын фæсарæйнаг адæмæн, мæйæ фылдæр рæстæг бахъæуы, цæмæй сæ æрбауадзой. Цæгат Иры та фенын алы бæстæтæй – Америкæйæ, Китæйæ (уæлдайдæр фæстаг рæстæг) æмæ иннæ рæттæй.
- Æддагон æви мидæггаг туризм? Нæ хъус тынгдæр цæмæ хъуамæ æрдарæм?
- Мидæггаг туризм мæм кæсы æнæцудгæдæр, фидардæр. Бирæ ирон адæм сæхæдæг сæ райгуырæн хъæутæй, горæтæй дарддæр никуы уыдысты. Чи зоны ма Цъæйы уыдаиккой. Хæхтæм схизой æмæ аразил-базил кæной, æркæсой, кæм цы ис, ахæмтæ бирæ не сты. Бынтон æрæджы райдыдтой æддæмæ хизын. Æз афтæ хъуыды кæнын: цæмæй æддагоны зæрдæмæ фæцæуа, уый тыххæй уал хъуамæ саразай нæхицæн æмбæлгæ уавæртæ улæфтæн. Алкæмæ дæр ис менталон хицæндзинæдтæ улæфты фарстайы: мах иухуызон улæфæм, уыдон æндæрхуызон, гæнæн ис ивддзинæдтæ бахæссын, уыдоны хицæндзинæдтæ хынцгæйæ, фæлæ бынтон туризмы фæдыл куы ацæуæм, уæд цыма нæхи цæсгом фесафдзыстæм. Æнæуи дæр не 'взаг дæр сæфы, не ’гъдау дæр, æмæ мæ нæ фæнды, цæмæй æхцаты фæдыл цæугæйæ, сæфт æрцæуой. Бацархайын хъæуы туристты не ’гъдаумæ æрбаввахс кæнын, нæ культурæмæ.
- Цы пайда хæссы туризм нæ республикæтæн, бынæттон цæрджытæн?
- Фыццаджыдæр, зындгонддзинад (популярность). Бирæтæ, Мæскуыйы цæргæйæ æмæ иннæ горæтты, Кавказы адæмы не 'взарынц, ирон дзы чи у, мæхъæлон, цæцæйнаг, кæсгон æмæ афтæ дарддæр. Ардæм цæугæйæ та нæ дих кæнынц, зонынц æй, æндæр адæмыхатт кæй стæм. Дарддæр – æхца. Æз туризмы кусын куы райдыдтон, уæд æхцатыл нæ хъуыды кодтон, мæхицæн хæс сæвæрдтон – ирон адæмы зындгонддæр, адæмæн уарзондæр кæнын, цæмæй нæ канд Уæрæсе нæ, фæлæ æнæхъæн дуне дæр зона.
- Туристтæн зæрдæмæдзæугæдæр маршруттæ ис? Цавæртæ сты?
- Ис ахæмтæ, æмæ микроавтобустыл чи кусы, ис джипп-маршруттæ. Мæхæдæг джипп-туртæ аразын. Уыдонæн сæ фадæттæ фылдæр сты, ахæм бынæттæм схизæн ис, автобус кæдæм не схиздзæн, фылдæр фадат дæттынц раргом кæнын нæ райгуырæн бæстæйы рæссугъддæр бынæттæ уазæгæн. Цæгат Иры номгæнæг у (визитная карточка), мах æй нæхимидæг хонæм «кольцо» - æртæ комы, ома Куырттаты ком, Дæргъæвсы зæппæдзтæ, Тæгиаты ком, Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæ, Геналдоны ком. Ацы маршруттæ сты æппæтæй зындгонддæр, арæхдæр сыл цæуынц цавæрфæнды транспортыл дæр. Фæстаг рæстæг мæ зæрдæмæ цæуы, Уæлладжыры ком популярондæр кæй кæны, уый. Уæдæ Дыгургоммæ дæр, дард кæй у, уымæ гæсгæ раздæр цыдысты æрмæстдæр спортсментæ æмæ альпинисттæ. Ныр уавæр аивта – фæзынд дзы туристон маршруттæ, уазæгдзæрæнтæ, хæрæндæттæ. Хуссар Ирыл дзургæйæ та, зæгъæн ис, æмæ тынг популярон сты сæрдыгон дыууæ цады – Ерцъойы æмæ Къозы, афтæ ма хæхты рæсугъддзинад, бирæ аргъуантæ æмæ рагон фыдæлты мæсгуытæ. Тынг рæсугъд у Чысангомы æмæ Цхинвалæн йæ алфамблай.
- Ис цымæ ахæм бынæттæ, туристон маршрутон картæмæ хаст чи не сты, фæлæ сæ ды бахæссис?
- Бахæссин гыццыл кæмттæ, зæгъæм, Гуыркъуымтæ, Захъа, фæлæ уыдон иууылдæр, хъыгагæн, арæнхъахъхъæнæн зонæмæ хауынц. Дзугы коммæ дæр бирæтæ цæуынц, фæлæ йæм зын фæндæгтæ ис, Бады ком дæр бахæссин. Туалгомы фæндæгтæ хуыздæр куы уаиккой, уæд маршрутты географи фестырдæр уаид. Ам нæхимæ Хуссары та – Дзимырком бахæссин.
- Цавæр уыдзæн, дæумæ гæсгæ, Ирыстоны сомбоны туризм?
- Мæнæ ма дыууæ-æртæ азы, стæй туризм æрхаудзæн. Æрцæудзæн дзы æрдзон æвзæрст. Тынг карз нормативтæ сарæзтой ныртæккæ гидты куыстмæ дæр, фæлæ гæнæн ис, бирæтæ дзы фæстæдæр кæй ахаудзысты, куы йæ бамбарой, æхца дзы бирæ нал ис æмæ афтæ арæх нал у туристты цыд, уæд. Æрмæст æхца бакусыныл чи архайдта, уыдон ацæудзысты. Рагæй дзы чи архайы, уыдоны хæс та æндæр у: ирон адæмы зындгонддæр кæнын æппæт дунейы. Ахæмтæ кусгæйæ баззайдзысты.
Æнæуи та туризм канд Ирыстонæн нæ, фæлæ æгас Кавказæн байгом. Æмæ цыма туристтæн махмæ æнцондæр уыдзæн, афтæ мæм кæсы, нæ республикæ чырыстон кæй у, уымæ гæсгæ. Мах фæлмæндæр адæм стæм нæ пысылмон сыхæгтимæ абаргæйæ, мах æхсæн турист йæхи хуыздæр хаты. Куыд æмбæлы, афтæ æхца куы нæ 'вæрай туризмы рæзты, уæд размæ ницы цæуы. Зæгъæм, уазæгдзæрæнтæ иууылдæр зынæргътæ хъуамæ ма уой, махмæ алыхуызон адæм цæуы, иууыл нæм миллионертæ нæ цæуы, растдæр зæгъгæйæ та нæм миллионертæ нæ цæуы. Цæуынц хуымæтæг бюджетниктæ – ахуыргæнджытæ, инженертæ æмæ иннæтæ. Уыдонæн ахæм мыздтæ нæй, æмæ дард, зынаргъ бынæттæм цæуой. Фæлæ иуæй-иухатт бынæттон туризм зынаргъдæр вæййы, зæгъæм, Турцийы баулæфын асламдæр разыны.
Махмæ ахæм гæнæнтæ нæй, цæмæй нæм бирæ туристтæ цæуа. Цæмæй дæм бирæ турист цæуа, уый тыххæй хъæуы бирæ æхца. Махæн иу Иры астæу ис иу маст, низ, йæ ном – таможня. Уыцы таможняйы тыххæй Ирæн йæ Хуссар хай фæиппæрддæр ис туризмæй. Бирæтæ æрцæуæг адæмæй уый тыххæй Цæгаты баззайынц. Уый нын тынг халы нæ хъуыддаг. Мах та иу адæм стæм, иу æвзаг нын ис, иу æгъдау. Иумæ нæ хъæуы размæ цæуын, нæ сомбон иумæ у – ууыл кусын хъæуы.
Хъайтмазты Заремæ
Къам ист у Карсанты Гурамы архивæй



