Сæ цард - сабиты цинæй
Фæсивæды удварны рæзт æмæ миддуне рæсугъдгæнæн артдзæст у Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон куклаты театр «Саби». Ныр 87 азы дæргъы йæ курдиатджын режиссерты æмæ артистты, техникон кусджыты зæрдиаг архайды нæ рæзгæ фæлтæртæн ис аккаг фадат театры аивады алæмæты дунеимæ, уый уылты та æрдз, хистæрты æмæ кæстæрты ‘хсæн ахастдзинæдтæ, царды алы фæзындты мидис, цин, сагъæс, хæрзаудындзинад æмæ æндæр фæзминаг миниуджытимæ ирон æмæ уырыссаг æвзагыл æвæрд спектакльты руаджы зонгæ кæнынæн. Театр «Саби» -йæн йæ ног цалцæггонд бæстыхайы къæсæрæй куы бахизай, уæд дыл йе ‘нгом, зæрдæхæлар цæстуарзон коллектив, аивадон разамонæгæй - дуаргæсы онг, сæмбæлдзысты мидбылты худгæ, рухс цæстæнгас æмæ фæлмæн зæрдæйы уагимæ. Ацы аивады артдзæст у нæ бæстæйы рæзгæ фæлтæры удварны рæзтыл зæрдиагæй кусæг театртæн сæ зындгонддæртæй æмæ фæлтæрдджындæртæй иу. Ис ын мидисджын истори æмæ фидар, куыстхъом сфæлдыстадон бындур, хъæздыг æмæ алывæрсыг мидисджын репертуар. Цавæр уыдысты театр «Саби»-йы æнтыстытæ ивгъуыд театралон сезоны, æвзонг фæсивæды æмæ суанг хистæр кары аивадуарзджыты зæрдæтæ цавæр спектакльтæй барухс кæндзысты фидæны, уыцы æмæ æндæр сфæлдыстадон нысанты тыххæй мах аныхас кодтам йæ аивадон разамонæг, режиссер, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Гæлæуты Аслæнбегимæ.
- Аслæнбег, цавæр уыд ивгъуыд театралон сезон «Саби»-йы æнгом, куыстуарзаг сфæлдыстадон къордæн?
- Сæхгæдтам 86-æм театралон сезон. Стыр хъыгагæн, афтæ рауад, æмæ нæ артдзæсты равзæрды 80 азы юбилей дæр не сбæрæг кодтам, æппæт дунейы адæмыл цы низ сыстад, уый аххосæй. Уæдæ ныл фарон та сæххæст 85 азы æмæ уыцы юбилей дæр нысангонд не ‘рцыд, нæ театры артистты хистæр фæлтæр РЦИ-Аланийы адæмон артисттæ Плиты Зарæ, Рæмонты Валодя, Сланты Валодя æмæ артист Бирæгъты Раман сæ цардæй кæй ахицæн сты, уый тыххæй. Нæ театрæн йæ цырв нæ хистæртæ уыдысты се ‘ппæт дæр. Театрмæиу æрыгон сфæлдыстадон фæлтæр куы ‘рбацыд, уæд-иу сыл царды дæр æмæ аивады хъуыддæгты цæстуарзонæй узæлыдысты. Никуы сын æвгъау кодтой се стыр сфæлдыстадон фæлтæрддзинад æмæ сæ рæстæг. Мах сæ мысæм æмæ мысдзыстæм кæддæриддæр. Се ‘цæг дунейы сæ бынат хуыздæртимæ уæд.
Фарон Мæскуыйы архайдтон Сывæллæтты куклаты театры номдзыд дæсны, Советон Цæдисы адæмон артист Сергей Образцовы номыл Куклаты театрты архайджыты фыццаг дунеон скъолайы (Международная школа кукольников имени Сергея Образцова). Йæ саразыныл бацархайдтой Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министрад æмæ нæ бæстæйы Президенты фонд «Культурæйы хъæппæристæ»-йы разамынд æмæ минæвæрттæ, стæй Сергей Образцовы номыл центрон академион Куклаты театр. Мæн дæр куыд эксперт, афтæ фæхуыдтой уыцы скъоламæ. Цы куыст дзы æрцыд конд, чи дзы архайдта, уыдонæн сæ хъуыдытæ æмæ проекттæм куы бакастæн, уæд сæм батæхуды кодтон. Бафæндыд мæ, цæмæй дыккаг хатт та ацы скъолайы разамынд æмæ уазджытæ æрцæуой Дзæуджыхъæумæ, сæ курдиат æмæ арæхстдзинад равдисой нæ театр «Саби»-йы. Мæ ацы фæнд лæмбынæг бамбарын кодтон Мæскуыйы Сергей Образцовы номыл Куклаты центрон академион театры уæды генералон директор Еленæ Булукова-йæн. Лæмбынæг ын радзырдтон нæ театр «Саби»-йæн йæ хъæздыг сфæлдыстадон азфыст, актерты, режиссерты, куклатæ аразджыты фæлтæртæн сæ курдиат æмæ архайды фæлтæрддзинады тыххæй. Мæ фæндыл Еленæ сразы æмæ ацы аз Сергей Образцовы номыл Куклатимæ архайджыты дунеон скъола арæзт æрцыд Ирыстоны. Нæ театры сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дзы архайдтой зæрдиагæй куыд «сæрибар хъусджытæ» (вольнослушатели). Уый скъолайы архайджытæн, хицæнæй райсгæйæ та нæ театрæн, уыд стыр сфæлдыстадон æнтыстджын къахдзæф æмæ профессионалон уагæй иттæг хорз ахъаз. Куклатимæ чи кусы, уыцы артисттæн, нывгæнджытæн сæ фæлтæрддзинад



