Аив дзырд - йæ куывд æмæ йæ зарæг
Йæ адæмы раз алкæддæр бæрнондзинад æнкъары æмæ йæ уд æмæ зæрдæйы арфытæм зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæй, тæлмацтæй æмæ зарджытæй ныр 50 азæй фылдæр стыр циндзинад хæссы зындгонд поэт, тæлмацгæнæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Хуссар Ирыстоны кадджындæр хорзæх Кады орденхæссæг, Александр Невскийы æмæ Ирыстоны намысæн майданты кавалер, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимны автор Кокайты Тотрадз. Ацы бонты ирон нырыккон литературæйы зæрдиаг зиууон бæрæг кæны 80 азы юбилей. Йе ’нкъарæнджын бирæвæрсыг сфæлдыстад уарзон æмæ адджын у Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат хайы цæрджытæн. Зæрдæбынæй йын зарынц йæ зарджытæ, зæрдиагæй йын кæсынц йе ’мдзæвгæтæ чиныгкæсджытæ æмæ нæ интеллигенцийы алы фæлтæрты минæвæрттæ.
Зындгонд поэт райгуырд æрдзы аивтæй æмæ фыдæлтыккон мæсгуытæй, кувæндæттæй хъæздыг хъæу Четырсы 5 сентябры 1944 азы. Йæ ныййарджытæ - фæллойуарзаг æмæ бæркадармæй бæлвырд зыдтой фыдæлты æгъдæуттæ æмæ цы дуджы цардысты, уый æхсæнадон æмæ цардуагон домæнтæ, чиныг æмæ ахуыры ахадындзинад. Ивгъуыд æнусы 50-æм азты ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Дзуарыхъæуы. Фидæны поэт ам каст фæци астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон училищейы нывкæнынады хайады. Ам Тотрадз райдыдта литературон сфæлдыстадон куыст кæнын. Ацы ахуыргæнæндоны ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Зæнджиаты Розæйы лæмбынæг æмæ цæстуарзон хъусдардæй йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты училищейы къухфыст литературон журнал æмæ къулы газеты. Фæстæдæр та сæ мыхуыр кодта газет «Рæстдзинад»-ы дæр.
Цардбæллон æмæ сфæлдыстадон курдиатæй æххæст Кокайты Тотрадз йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ куыд астæуккаг скъолайы нывкæнынады ахуыргæнæг, афтæ акодта Хъобаны хъæуы Санаторон скъолайы. Цы разамынд æмæ ахуыргæнджытæ, хъæубæсты уæды рæстæг цы хистæртæ æмæ уаг æрæййæфта, цы цымыдисаг цаутæ йыл æрцыд ам, Хъобаны карджын цæрджытæй цы рагон таурæгътæ фехъуыста, уыдон йæ зæрдæ æмæ зонды куыд арф фæд ныууагътой, уый тыххæй ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта уацау «Цардивæн». Хицæн чиныгæй рухс федта 2021-æм азы рауагъдад «Проект-Пресс»-ы.
Кæд Хъобаны скъолайы йæ рухстауæн æмæ сфæлдыстадон куысты уавæртæ куыд нывгæнæг, афтæ зæрдæзæгъгæ уыдысты, уæддæр йæ зæрдæ фылдæр æхсайдта литературон сфæлдыстадон куыстмæ. 1969- æм азы ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл Литературон институтмæ. Æнтыстджынæй йæ каст куы фæци, уæд кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынады комитеты аивадон равдыстыты редакцийы редакторæй.
Йæ хæс уыд Ирыстоны аивады дæснытыл, музыканттыл, театр æмæ кинойы артисттыл, фысджыты æмæ поэтты сфæлдыстадыл равдыстытæ аразын. Уыциу рæстæг Тотрадз нæ республикæйы горæтты æмæ хъæуты цы курдиатджын суинаг фæсивæд ис, уыдонæн дæр йæ равдыстыты бирæ хæттыты-иу бæстон радзырдта сæ фыццаг сценикон, музыкалон æмæ литературон сфæлдыстады æнтыстыты тыххæй.
Зындгонд поэт Кокайты Тотрадз йæ профессионалон æмæ сфæлдыстадон уды цæхæр телеуынынады аивадон равдыстыты редакцийы бакусыны фæстæ æхсыста, куыд аивадон литературæйы редакцийы редактор, афтæ чиныгуадзæн «Ир»-ы.
Цалдæр азы уыд журнал «Мах дуг»-ы бæрнон редактор. Уый фæстæ суанг 2017 азмæ Тотрадз кад æмæ радимæ фæкуыста чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редакторæй. Кæд дзы йæ куысты рæстæг рацарæзты зын экономикон æмæ царды тухæйнаг уавæрты уыд, уæддæр зындзинæдты сæрты хизгæйæ, Тотрадз æмæ рауагъдады æнгом æмæ профессионалон зонындзинæдтæй æххæст, сфæлдыстадон æгъдауæй хъаруджын коллектив уагъта Нарты Кадджытæ, адæмон сфæлдыстад, сывæллæтты литературæйы чингуытæ. Нæ дзырдаивады дæсныты тæккæ хуыздæр уацмыстæ, ирон литературæйы классикты æмæ нырыккон курдиатджын поэтты æмæ фысджыты уацмыстæ цыдысты сæрмагонд чингуыты сери «Ирон аив литературæйы библиотекæ», «Ирон поэзи», «Ирон прозæ»-йы; Хетæгкаты Къоста (уацмыстæ дыууæ томæй), Гуырдзыбеты Блашка, Багъæраты Созыр, Дзаболаты Хазби, Плиты Грис, Цæгæраты Максим, Бесаты Тазе, Хостыхъоты Зинæ, Гаджиты Георги, Коцойты Арсен, Хетæгкаты Дауыт, Хъулаты Созырыхъо; «Ирон адæмон сфæлдыстад» (дыууæ томæй, йæ сарæзæг - Салæгаты Зоя), Гуыцмæзты Алеш, Гæдиаты Секъа, Хъмбердиаты Мысост, Токаты Алихан, Бестауты Гиуæрги (æртæ томы), Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард æмæ дзы йæ райгуырæн зæххыл сæрыгасæй чи сæмбæлд, уыцы тохдзау хъæбатыр ирон поэтты æмдзæвгæты иумæйаг æмбырдгонд «Тохы кадæг», Хуыгаты Сергей, Хъазиты Мелитон, Агънаты Гæстæн, Цæрукъаты Алыксандр, Дзасохты Музафер, Цомартаты Изæтбег, Наниты Асиат, Хъауыраты Дауыр, Джусойты Нафи, Хаджеты Таймураз, Ходы Камал, Джыккайты Шамилы сфæлдыстадон фæллæйттæ. Рауагъдады кусгæйæ, Тотрадз, йæ фадат æмæ гæнæнтæ куыд амыдтой, уымæ гæсгæ уагъта нæ ахуыргæндты, историкты æмæ литературæ æмæ аивадиртасджыты фæллæйттæ. Рох дзы никуы уыдысты æрыгон райдайгæ фысджытæ æмæ поэттæ.
Ирыстоны æрдзы фидыцтæ, нæ фыдæлты истори, разагъды лæгты сгуыхтытæ, ныййарæг мадмæ, уарзон чызгмæ сыгъдæг уарзт, райгуырæн уæзæгыл иузæрдиондзинад, æхсæнады фыдуынд æмæ галиу фæзындтæ сты хæдбындур ирд поэтикон курдиаты хицау национ культурæ æмæ дзырдаивады хуымы зæрдиаг æмæ бæстон фæллойгæнæг Кокайты Тортадзы æмдзæвгæты сæйраг темæтæ. Ирон дзырд йæ зæрдæйы дадзин, йæ уды таг æмæ зарæг у Тотрадзæн, иуæй-иу фыссæггæндтау, хъазæнхъул æмæ хи равдисыны фæрæз нæ фæлæ. Йæ къухмæ фыссæн сис куы райсы, уæд æй бæлвырд фæзоны, йæ уды арфæй цы ’мдзæвгæ райгуырдзæн ныртæккæ, уымæй цы зæгъынмæ хъавы йæ дзыллæйæн, чиныгкæсæджы зонд æмæ зæрдæйы цы фæд ныууаддзæн, уый. Ацы фарстытæн та дзуапп рагацау цæмæй фæзоны? Уымæй, æмæ йе ’мдзæвгæ, фыст пьесæ, зарæджы рæнхъ тæлмацыл кусыны размæ, йæ алы дзырд дæр бахсиды йæ арф зонд æмæ цæхæркалгæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон уæлтæмæнджын курдиат æмæ аив æрмдзæфы куырдадзы. Йæ алы æмдзæвгæты æмбырдгонд уымæн у цинхæссæг ирон литературæ æмбараг æмæ æнкъараг адæмы алы фæлтæртæн. Алы азты йын цы чингуытæ рацыд, уыдон суанг сæ нæмттæй дæр сты цымыдисаг: «Æмдзæвгæтæ», «Нывæфтыд фæндаг», «Мæ дзуар», «Æрвон райсомтæ», «Уалдзæджы къæсæрыл», «Æрвгæнæн», «Цыма та...». Æмдзæвгæты чиныг «Уды куывд»-ы тыххæй Тотрадзæн лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.
Курдиатджын поэт Кокайты Тотрадзы сфæлдыстадон æрмдзæф æмæ архайд хорз ахады национ театралон аивады рæзтыл. Советон цардарæзты азтæй абонмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны драмон æмæ Куклаты паддзахадон театрты æвæрд цыдысты æмæ цæуынц йæ фыст пьесæтæ: «Сырдоны хинтæ», «Къуындзих æмæ Къуындзила», «Бæрæгбон хæхты», «Амыраны фын» (театры æвæрд нæма уыд). Ивгъуыд азы театралон сезоны кæрон Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр равдыста Тотрадзы ног фыст пьесæ «Гæздæнтæ»-м гæсгæ æвæрд спектакль. Æвдыст дзы цæуы дзуарыхъæуккаг Гæздæнты авд хæстон хъæбатыр æфсымæры цард æмæ хъæбатыр тох знаджы ныхмæ, се ’нафоны мæлæт.
Зындгонд поэт Кокайты Тотрадз ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Войновичы, Сервантесы, Шекспиры, Микеланджелойы, Хетæгкаты Къостайы поэтикон æмæ драмон уацмыстæ. Уыдон дæр аккаг бынат æрцахстой æмæ ныртæккæ сты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон театрты сценæты æмæ репертуары.
РЦИ-Аланийы адæмон поэт Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæтыл нæ зындгонд æмæ нырыккон ирон композитортæ æмæ музыканттæ ныффыстой æмæ ныр дæр аразынц зæрдæмæдзæугæ зарджытæ. Арæх сæ фехъусæн вæййы радио æмæ телеуынынадæй, сфæлдыстадон изæрты æмæ концертты, куывдтæ æмæ чындзæхсæвты. Йæ курдиат, куыд ирон зарæджы уд æмæ зæрдæ арф æмæ бæстон æнкъараг поэт, афтæ сæрттывта ноджы тынгдæр, Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимн «Кады зарæг» куы ныффыста, уæд. Музыкæ та йын æрхъуыды кодта номдзыд композитор Æлборты Феликс.
Зындгонд ирон курдиатджын поэт, дæсны тæлмацгæнæг, зарæгфыссæг, драматург Кокайты Тотрадз у нырыккон ирон литературæйы тæккæ зæрдæагайгæдæр æмæ зæрдиагдæр архайджытæй. Йе ’нæнизы уавæр æмæ сфæлдыстадон куыстхъомдзинад та Хуыцау, Уастырджи, нæ зæдтæ æмæ дауджыты фæдзæхст уæнт!
Гасанты Валери
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



