Йæ удварны æмсæр курдиат
Ирон лæджы хуыздæр миниуджытæ йæ цыбыр, фæлæ ирд сфæлдыстадон цаутæй хъæздыг æмæ æнтыстджын царды кад æмæ радимæ чи фæхаста, нæ Иры уыцы æцæг нæртон хъæбултæй иу уыд зындгонд кинорежиссер, киносценарист Джусойты Мурат. Ме сфæлдыстадон фæндагыл журналистикæйы къабазы æмæ поэзийы мыл цы хорздзинæдтæ æрцыд æмæ цæуы, цы ‘нтыстытæ æфты мæ къухы, уыдонæн сæ сæйраджы-сæйрагдæртæ баст сты Мураты хуызæн курдиатджын, зондджын æмæ фендджын, хиуылхæст адæмыл кæй æмбæлын æмæ мын семæ зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас кæныны фадат кæй вæййы, уыцы уагимæ. Ахæм æхсызгон, удхъæздыггæнæн сахæттæ мыл ирон кинойы зындгонд дæсны Джусойты Муратимæ дæр кæй æркодта, уымæй Хуыцауæй æмæ мæ хъысмæтæй дæр уыдзынæн арфæгонд æмæ бузныг!
Хъыгаг æмæ зæрдæриссæн у иу хъуыддаг æрмæстдæр. Ахæм курдиатджын æмæ зæрдæджын адæймаг не ‘хсæн кæй нал ис, йæ хъысмæты бардуаджы цæст ын йæ 65 азы юбилейыл дæр сæмбылыны фадат кæй нал радта. Курдиатджын кинорежиссер Джусойты Мурат уыд ирон аивад æмæ культурæ цы у, нæ адæмы историйæн аргъ кæнын чи зыдта æмæ нæ уды талынгæй чи хызта, фыдæлты фарны бынты цы тых æмæ цы хъомыс ис, уый нын йæ фысгæ æмæ кинойы сфæлдыстадæй чи æмбарын кодта, ахæм æцæг интеллигент.
Зындгонд кинорежиссер Джусойты Мураты сфæлдыстадимæ зонгæ уыдтæн астæуккаг скъолайы ахуыры азты. Йæ аивадон кинонывтæ «Хохаг», «Тбау хохы таурæгъ» адæм куы базыдтой, уæд сæм Ирыстоны æмæ суанг Уæрæсейы дæр чи нæ бакаст аивадуарзджытæй æмæ кæй зæрдæмæ нæ фæцыдысты, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд та йын бакастæн йæ чиныг «Время Ацамаза». Æнцонæмбарæн, аив уырыссаг æвзагыл дзы Мурат æргом кæны Нарты кадджыты хъуыды æмæ нысан адæйма-джы царды æмæ удварны рæзты, сæ баст-дзинад дунейы адæмты эпостимæ æмæ культурæимæ. Дæтты нын ныфс, фидæны хуыздæр æмæ бæллиццагдæр царды фæндагыл цæугæйæ. Гуырысхо кæнын дæр ыл нæ хъæуы, Мурат ирон æгъдау, æвзаджы нысан æмæ иумæйагæй нæ фыдæлты культурæйæн цы аргъ кодта, уыцы æмвæзадæй сын йе ‘рдæджы бæрц дæр алы ирон дæр куы аргъ æмæ кад кæнид, уæд нæ алы бон дзурын нæ хъæуид не ‘взаг æмæ ‘гъдауы фæкæсинаг уавæрыл. Ирон адæймаг Хуыцауæй зонд, конд, уынд æмæ хъаруйæ ницæмæй хъæстаг у рагæй дæр. Фæлæ нæ айрох, хи зарæг, хи уаг æмæ ‘гъдау удæн адджындæр кæй сты, уый. Ирон ирон цæмæй у, уый зонæм, цæмæй нæ иннæ адæмты ‘хсæн базонæн уа æмæ уыцы хи удварны тых фæлтæрты астæу цæра мыггагмæ, уый тыххæй Мурат архайдта йæ киноты æмæ йæ чингуыты ныхасы фæрцы алкæддæр рæстаг æмæ бæрнонæй.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон радиойы кусын куы райдыдтон, уæд та лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн Муратимæ. Йæхи хуызæн курдиатджын фæсивæдимæ уый цæттæ кодта сæрмагонд концерт. Ирон музыкæ нырыккон музыкалон инструментты фæрцы куыд зæлы, ирон зарæг электрогитарæйы куыд зæлы классикон музыкалон инструменттимæ иумæ, уый дзы равдыста. Концерт уыд нæ республикæйы Паддзахадон филармонийы. Архайдтой дзы æрыгон зарæггæнджытæ Ольга Стенина, Тедеты Натия. Концерты зарджытæй фæстæдæр рауагътой сæрмагонд аудиодиск. Концерты размæ Муратимæ фембæлдыстæм йæ фатеры. Радзырдта мын ирон зарæг æмæ культурæйы ахадындзинады тыххæй адæмы удварны рæзты. Ольгæ Стенина уырыссаг чызг, фæлæ иронау куыд зæрдиаг ныхас кодта æмæ зарыд гитарæйы зæлтæм, уымæй мæ дисы бафтыдта. Не ‘взаг æмæ культурæ та йын базонын æмæ бауарзын кодтой Джусойты Мурат æмæ Ольгæйы ирон æмбæлттæ. Концерт дæр уæдæ рауад тынг аив æмæ зæрдæмæдзæугæ.
Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма Джусойты Мураты хуызæн æцæг ирон лæгтæ, курдиаты хицæуттæ нæ дзыллæйæн Хуыцау æмæ йæ зæдтæй лæвæрд сты æмæ уыдзысты. Уый хæцыд æмæ æнувыд уыд, Иры разагъды лæгтæ Хетæгкаты Къоста, Æмбалты Цоцко, Зæнджиаты Бæбу, Дзасохты Гиго, Колыты Аксо, Хъайтмазты Аслæмырзæ, Туаты Ольгæ, Æлборты Барис æмæ нæ иннæ номдзыд рухстауджытæ нæ дзыллæйы амонд цы зонд æмæ удварны рæзты фæндаджы уыдтой æмæ йыл архайдтой, уыцы уаз хъуыдыйыл æмæ фæлтæрддзинадыл. Уæздан æмæ арæхстджынæй йæ фарны хъуыды æвдыста йæ киноты æмæ чингуыты.
Мæскуыйы Кинематографийы институты экономикон æмæ кинойы сценарийы факультеттæ æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд Мурат фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ акодта Одессæйы киностудийы. Ам систа йæ фыццаг киноныв «Курьер на восток»
Курдиатджын кинорежиссер æмæ сценарист йе сфæлдыстадон куыст кодта рацарæзты зын экономикон дуджы. Йæ размæ бирæ цæлхдуртæ уыд. Куы ‘хца нæ фаг кодта, куы киноисæн техникæ. Фæлæ Мураты уд разынд уыцы гæнæнтæй фæразондæр æмæ тыхджындæр. Цæгат Кавказы киностудийы систа, нæ бæстæ æмæ Ирыстоны культурæйы зынгæ бынат чи æрцахста, ахæм кинонывтæ: «Человек в зеленом кимоно», «И придут белокурые люди», «Всадник из прошлого», «Хохаг», «Тбау хохы таурæгъ», «Æрзæт», «Фарн»... Ацы сфæлдыстадон куыстытæ иу æмæ дыууæ хатты не ‘вдыстой нæ бæстæйы кинотеатрты æмæ Центрон телеуынынады каналтæй. Сæ алкæцыимæ дæр Мурат архайдта нæ бæстæ æмæ дунейы кинойы фестивальты. Йæ алы сфæлдыстадон куыстæн дæр дзы уыд аккаг бæрзонд аргъ æмæ кад.
Йæ зонд æмæ курдиат уæрæх æмæ алывæрсыг уыдысты Джусойты Муратæн, фæлæ йæхи никуы никæмæй хуыздæр æмæ бæрзонддæр бынаты æвæрдта. Хистæртимæ - кæстæр уыдис. Зондамонæг æмæ буц та - йæ кæстæртæн. Нæ фæстаг фембæлд йемæ уыд йæ 60 азы юбилейы агъоммæ. Уæд мын журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ бабар кодта радон номырмæ Муратимæ интервью ныффыссын. Йæ фæнд мæ зæрдæмæ фæцыд. Бадзырдтон Мураты бинойнаг, зæрдæхæлар æмæ уæздан сылгоймаг Валентинæмæ. Нæ фембæлды бон æмæ сахат снысан кодтам. Сæ фатермæ сын куы бацыдтæн, уæд мыл бинонтæ тынг зæрдæрайæ æмæ æхсызгонæй сæмбæлдысты. Иу дыууæ сахаты фæныхас кодтам Муратимæ. Кæд æй йæ низ хъыгдæрдта, уæддæр мæ фембæлд йемæ тынг хъарм æмæ фæлмæн рауад. Интервью фыст куы фæдæн, уæд ма суанг æртæ уæливых æмæ бæгæныйæ Хуыцау æмæ зæдтæм дæр бакуывтам.
Йæ фæнд уыд историон хъайтар Одины тыххæй киноныв сисын. Сценари дæр ын ныффыста, фæлæ йыл сфæлдыстадон уагæй кæронмæ бакуса, уыцы фадат ын нал фæци. Сценари ма суанг хицæн чиныгæй дæр рацыд. Мæ ныхас йемæ журнал «Мах дуг»-ы куы рацыд, уæд мын Мурат æмæ йæ бинойнаг Валентинæ бирæ арфæтæ фæкодтой. Газет «Рæстдзинад»-ы та йыл очерк бацæттæ кодтон.
Мæнæ мын цы радзырдта йæ хорз хæлары тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Кинематографистты цæдисы Цæгат Кавказы хайады сæрдар, кинокритик Чъерджиаты Индирæ: «Джусойты Мурат йæ киноныв «Хохаг» куы систа, уæд тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ. Йæ ном аивæй бафыста нæ аивад æмæ культурæйы номдзыд дæснытæ Дзанайты Азанбег æмæ Гуыдиаты Гермæнимæ. Азанбег, Гермæн æмæ Мурат сæ ист аивадон кинонывты равдыстой ирон адæмы зонд, миддуне, удыхъæд, уынд æмæ конд, фæразондзинад, кад æмæ намыс. Уый уыд сæ курдиатæн табугæнæг, сæ аккаг фæдон, се ‘мхъуыдыгæнæг æмæ сфæлдыстадон æгъдæуттæ дарддæр царды хæццæгæнæг. Ирон адæм рагон зонд æмæ удæй куыд тыхджын сты, уый та Мурат равдыста йæ чингуытæ «Время Ацамаза» æмæ «Один»-ы. Тынг зын у, не ‘хсæнæй кæй фæхъуыд, уый. Нæ нын фаг кæны йæ ныфсы ныхас, йæ цæстуарзондзинад, йæ сфæлдыстадæй.... Мысæм æй æмæ йæ мысдзыстæм. Уый аккаг уыд æмæ уыдзæн... Æндæр цы нæ бон у».
Ацы аз зындгонд кинорежиссер æмæ сценарист, Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, майдан «Ирыстоны намысæн»-æй хорзæхджын Джусойты Мураты райгуырдыл æххæст кæны 65 азы. Йæ юибилейыл кæд йæхæдæг нал сæмбæлд, уæддæр йæ номыл æрæджы Дзæуджыхъæуы Кинойы хæдзары уыд сæрмагонд сфæлдыстадон номарæн изæр. Уым Мураты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй зæрдиаг æмæ бæстон ныхас ракодтой УФ-йы Кинематографистты цæдисы уæнг, номарæн изæр саразæг Чъерджиаты Индирæ, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры сæйраг режиссер, УФ-йы сгуыхт артист Сабанты Тамерлан, Мураты киноаивадæн æмæ курдиатæн аргъгæнджытæ Хъантемыраты Барис, Беслехъоты Эльбрус æмæ ацы рæнхъыты автор.
Уый фæстæ номарæн изæры архайджытæ æмæ уазджытæ бакастыты Мураты арæзт кинонывтæ «Цовкра» æмæ «Хохаг»-мæ.
Гасанты Валери
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



