Кæнгæ æфсымæрты фарн
Цард алывæрсыг æмæ вазыгджын уыд алы рæстæджыты дæр. Адæймаг дзы æвзары куыд цинтæ, афтæ сагъæстæ дæр. Куысты рæстæг уа, балцы - адæймагæн æнæ ’мбал, æнæ ’рдхорд цæрæн ницы хуызы ис. Фыдæлтæ-иу афтæ загътой, тугхæстæг æфсымæр æмæ хо царды куыд ахсджиаг æмæ сæйраг сты, афтæ лæгау-лæгæн йæ цæргæйæ хъуама иу æрдхорд уæддæр уа. Ацы хъуыды ууыл дзурæг у, æмæ хистæртæ кæстæрты царды алы бæзгæ æмæ æмбæлгæ хъуыддагыл ахуыр кæнгæйæ, æмбæрстой, лæппу кæнæ чызгæн, арæхдæр нæлгоймагæн, йæ цард æнцон нæу, уымæн æмæ бинонтæ дарæг у, хиуæттæн, мыггагæн ныфс у.
Балцы цæуа, уазæгуаты уа, кусгæ кæна - уæлдай нæу, хъуама йын уа æрдхорд, æмбал, зæрдæ æмæ зондæй иухуызон кæимæ кæса цардмæ дæр æмæ æхсæнадмæ дæр, ахæм удæй хæстæг нæлгоймаг-æфсымæр. Хуыдтой ма йæ «кæнгæ æфсымæр». Уырыссагау - «названный брат». Кавказы цæрæг адæммæ кæнгæ æфсымæрдзинад, «побратимство», тынг парахат уыд. Цард æмæ ’хсæнады уавæр афтæ домдта. Ирон адæм дæр рагæй-æрæгмæ кæнгæ æфсымæрдзинады æгъдауыл иттæг æнувыд уыдысты. Цæмæй дæ лæппу кæнгæ æфсымæр зæгъа, уый тыххæй йемæ балцы дæр, куыст, æмгæрттимæ дæхи дæр уæлдай хорз хъуама равдыстаис. Зондахаст, миддуне, цардмæ цæстæнгас - уый иуæй, иннæмæй та - кæнгæ æфсымæр дæ йæхицæн чи кæны, уый де ’ууæнчы æмæ аудыны уаджы аккаг куы уа, уæд-иу дыууæ æрдхорды кæрæдзийæ загътой кæнгæ ’фсымæртæ.
Кæнгæ æфсымæртæ кæй зæгъынц кæрæдзийæ дыууæ нæлгоймаджы, уый ууыл дзурæг у, æмæ цæуынц кæрæдзийы æууæнчы царды бæлвырд уавæрты. Æууæнк та æнæсайды, кæрæдзийы уæлхъус зын сахат æрбалæууын, цины рæстæджы кæрæдзийы хорздзинадыл бацин кæнын æмæ ’гъдау раттыны нысан. Кæнгæ æфсымæрдзинады ардыл гадзрахатæй рацæуын, Хуыцауы раз дæр æмæ адæмы раз дæр, худинаг уыд. Уымæн æмæ фынджы ’гъдау уыд йæ дыккаг хай; сых, дыууæ кæнгæ æфсымæры мыггæгты минæвæртты, куыд хистæртæ, астæуккаг кары æмæ кæстæр кары æвдисæнтимæ, кусарт акæнын æмæ кæнгæ æфсымæрдзинады нысанæн туг суадзыны онг. Кæнгæ æфсымæрдзинады охыл дыууæ нæлгоймаджы кæрæдзийы æууæнк, фынджы æгъдауæй се ’фсымæрдзинад ныффидар кодтой, уæд царды сæ кæстæртæ дæр уыцы цæстæй кастыты кæрæдзимæ.
Мæнæн мæ мадыфыд Мыртазты Дауырбег Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, партион æмæ æхсæнады кусæг уыд. Бирæ йын уыд хæлæрттæ дæр æмæ æрдхæрдтæ дæр. Йæ цæхх-кæрдзын йæ бинонты кæнæ балцы рæстæг, стыр бынаты кусæг бæрнон адæймагимæ куыд дих кодта, афтæ уаз æмæ рæсугъд æгъдау лæвæрдта фиййау, хъомгæс, æвæрæз, æххуысагур адæймагæн. Мæ мадырвадæлты хæдзары кæддæриддæр æрдхорд, уазæг, хион, кадджын уыдысты. Уыцы уаг æмæ хорз фæтк хатыдтой хъæуы цæрджытæ æмæ хиуæттæ дæр. Æмæ-иу дзы Дауырбеджы хæдзарæй, Хуыцауы хæдзар у, зæгъгæ, æхсызгон æмæ буцæй чи дзырдта, æнæ уæлдай хæлæг æмæ æдзæстуарзонæй, ахæм адæм дæр уыд. Адæймаджы цæст та уынаг у, адæм хорз дæр æмбарынц æмæ æвзæр дæр.
Мæ мадыфыд кæнгæ æфсымæр загъта Торчынты Даурбегæй. Йæ рæстæджы уый кад æмæ радимæ фæкуыста Садоны шахтæйы. Уыд уæздан, æгъдауджын æмæ сæрæн лæг. Торчынты Дауырбегæн йæ бинойнаг Райкæ уыд зындгонд хуыйæг. Торчынты Даурбег æмæ Мыртазты Дауырбеджы кæстæртæ, сæ хистæрты ’хсæн æфсымæрдзинад кæй уыд, уый зонгæйæ, абон хæлар æмæ уарзонæй цæрынц. Цин уа, зиан - вæййынц алкæддæр кæрæдзийы фарсмæ.
Мыртазты Дауырбеджы хистæр æфсымæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, поэт Мыртазты Барисæн та йæ кæнгæ æфсымæр уыд зындгонд поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардуæвæг хъæбатыр ольгинскæйаг Кочысаты Мухарбег. Ахуыр кодтой Педагогон институты, фæстæдæр та Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты ирон-уырыссаг хайады. Зонгæ æмæ хæлар дæр уæд баисты. Сæ фыццаг иумæйаг чиныг «Мах уарзæм»-мæ дæр Барис æмæ Мухарбеджы æмдзæвгæтæ иу рæстæг хаст æрцыдысты. Чиныгæн ма йæ æмавтортæ уыдысты Цæгæраты Максим, Баситы Дзаххотт. Мухарбег Барисæй уыд æртæ азы кæстæр. Фæлæ кары уыцы хицæндзинад дæр сæ нæ бахъыгдæрдта кæрæдзийæ кæнгæ æфсымæртæ зæгъынæн. Кочысаты Мухарбег-иу арæх уыд мæ мадырвадæлты хæдзары. Заманхъулæй-иу Мухарбеджы райгуырæн хъæу Ольгинскæмæ арæх цыд Мыртазты Барис. Кæрæдзийы ’хсæн сын уæрст ницы уыд, фыстой æмдзæвгæтæ, кодтой ахуыр, фæзминаг лæппутæ уыдысты æгъдау æмæ уагæй, зонындзинæдтæ исынмæ дæр рæвдз. Мыртазты Барис йæ мысинæгты Мухарбеджы тыххæй афтæ зæгъы: «Бирæ бæстæты уыдтæн, бирæ адæмы федтон, фæлæ дзы Мухарбегæй сыгъдæгзæрдæдæр, уæздандæр, конд æмæ уындæй аив адæмыл никуы сæмбæлдтæн». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ кæнгæ æфсымæр Мухарбег 1944 азы кæй фæмард, уый базыдта Барис æрмæстдæр 1945 азы, йæ зæрдæйы цавæр фæд ныууагъта йæ адзал, уый тыххæй фыста йæ ахуыргæнæг, номдзыд фыссæг Мамсыраты Дæбемæ: «Æрæджы фехъуыстон, Мухарбег кæй фæмард, уыцы æвирхъау хабар. Фæлæ мæ нæ уырны, Мухарбеджы нал фендзынæн, йæ мидбылхудт ын нал банкъардзынæн, уый. Цы лæппу уыди, цы...» Барис Мухарбеджы номыл ныффыста цалдæр уацы æмæ æмдзæвгæ «Фæлварæн». Уым зæгъы, зæгъгæ, Мухарбеджы бæсты дæр æй фыссын æмæ сфæлдыстады дывæр хъарутæй архайын кæй хъæудзæн, уый.
Мæ мадымад Мыртазты-Сидахъаты Бубæ Мухарбеджы зыдта йе ’фсин Мыртазты Барисы мад Хадзыгуайы (Саламаты чызг уыд) мысинæгтæй: «Мухарбег мын мæхи хъæбултау адджын уыд, тынг уæздан, зондджын æмæ æфсармджын». Йе ’мдзæвгæтыл арæзт зарджытæ йын-иу радиойæ куы зарыд УФ-йы сгуыхт артист Баллаты Валодя, уæд-иу сæм Хадзыгуа алкæддæр хъуыста, йæ зæрдиаг цæссыг калгæйæ.
Кæнгæ æфсымæрæн йæ бартæ кæнгæ æфсымæр кæмæй загъта, уый мыггаджы æмæ бинонты ’хсæн йæ бон уыд йæ кæнгæ æфсымæрæн кæнæ йæ хиуæттæй искæмæн минæвар, хуындзау, чызгæскъæфæг ацæуын, сиахсыцыды архайын, йæ кæстæртæй искæуыл ном сæвæрын. Зæгъæм, Заманхъулы кад æмæ рады хистæр Хъæстуаты Иссæ уыд номдзыд инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы фыд Алксандры кæнгæ æфсымæр. Фидæны номдзыд æфсæддон дунемæ куы фæзынд, уæд ын Хъæстуаты Иссæ сæвæрдта йæхи ном. Ацы хабар мын радзырдта мæ мадымадæн йæ хойы чызджы сæрыхицау Карсаты Руслан (рухсаг уæд), уый та уыд Хъæстуаты Иссæйæн йæ чызг Косерханы лæппу.
- Уый ныр кæнгæ æфсымæр æмæ номæвæрæг нæ адæммæ афтæ кадджын нал сты, фæлæ мæ мадыфыд Плиты Иссæйæн йæ номæвæрæг кæй уыд, уыцы хабар мæ мад зыдта æмæ-иу мæ арвыста суанг инæлары хо Хадизæтмæ бабæрæг кæныны номыл. Йæ фатеры йын электрон тыхдæттæг телтæ дæр ма арæзтон. Хорз хъуыды кæнын Плиты Иссæйы мад Аминæты (чызгæй Моргуатæй уыд). Мæ мадыфсымæр Хъæстуаты Иссæйы фырт Дауыт дæр Советон æфсады булкъон уыд. Йе ’фсæддон хæсмæ гæсгæ-иу Плиты Иссæимæ арæх æмбæлд. Инæлары номыл майдан куы фæзынд, уæд ын йæ фыццаг хорзæх дæр Дауыт райста Дзæуджыхъæуы уæды мэр Михаил Шаталовы къухæй. Мæхæдæг дæр цалдæр хатты мæ мадырвадæлты Хъæстуаты Иссæйы хæдзары федтон Плиты Иссæйы æмæ йæ хиуæтты. Цалынмæ æгас уыд номдзыд æфсæддон, уæдмæ нæ диссаджы æфсымæрдзинадæн йæ тæгтæ фидар уыдысты, - дзырдта мын Руслан.
Кæм базонгæ сты Плиты Иссæйы фыд Алыксандр æмæ Хъæстуаты Иссæ, уый тыххæй та Руслан афтæ радзырдта: «Мæ мадыфыд Хъæстуаты Хъуыбадыйы фырт Иссæ æмæ йе ’фсымæр Умар уыдысты Америчы. Уый уыд ивгъуыд æнусы райдайæны. Дыууæйæ дæр уырдæм æхца кусынмæ ацыдысты. Фæсарæнты базонгæ сты Плиты Иссæйы фыд Алыксандримæ. Хорз лæджы удыхъæд балц æмæ æцæгæлон бæсты рабæрæг вæййы. Алыксандр йæ удыхъæдæй, йæ зондæй хæстæг уыд Хъæстуаты Иссæмæ. Кæрæдзийæ кæнгæ æфсымæртæ загътой. Дард Америкмæ Алыксандр йæ бинойнаг Моргуаты Аминæтимæ ацыд. Уым сылгоймаг банхъæлцау. Плиты Алыксандрыл æцæгæлон зæххыл фыдбæллæх æрцыд. Цард æмæ мæлæты ’хсæн йæ уд дзир-дзур кодта, афтæмæй йæ кæнгæ æфсымæр Хъæстуаты Иссæмæ дзуры, мæ бинойнаг æмæ йын цы кæстæр райгуыра, уыдон де уазæг, зæгъгæ. Афтæмæй Америчы Иссæйы фыд амард. Хъæстуаты Иссæ æмæ Умар дард бæстæй Заманхъулмæ куы здæхтысты, уæд Аминæты дæр семæ ракодтой Ирыстонмæ. Цалынмæ йæ ноггуырд фидæны инæлар дунемæ нæ фæзынд, уæдмæ Аминæт фæцард Заманхъулы. Лæппу куы райгуырд, уæд ыл Хъæстуаты Иссæ сæвæрдта йæхи ном. Мæ фыдымады хæдзарвæндаг тынг кадджын æмæ æгъдауджын уыдысты. Æрдхорд æмæ кæнгæ æфсымæр зæгъын, уæздан æмæ кусаг лæгтæ сæм тынг бæрзонд уагыл æвæрд уыдысты. Мæ мадыфыды иннæ ’фсымæр Хъæстуаты Билар та уыд Коммунистон партийы Цæгат Ирыстоны фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билары фыд Емæзайы кæнгæ æфсымæр. Æмæ йын фырт куы райгуырд, фидæны зындгонд политикон æмæ паддзахадон архайæг, уæд Хъæстуаты Билар ууыл дæр сæвæдта йæхи ном. Плитæ сын куыд адджын уыдысты мæ мадырвадæлтæ Хъæстуатæн, афтæ Хъæбæлоты дæр нымадтой хиуæттыл».
Хорз æмæ фæзминаг цы у, уый кæдфæнды дæр бæззы, абон кæд рæстæджытæ аивтой, æхсæнады социалон, экономикон домæнтæ æмæ уаг æндæр сты, уæддæр кæнгæ æфсымæрты æгъдау, фыдæлтырæстæджы куыд кадджын уыд, афтæ куы рапарахат уаид, уæд нæ адæм æмæ кæстæртæ кæрæдзиимæ цас уарзондæр, цас æнгомдæр цард кæниккой!
Гасанты Валери
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



