"Мадæлон æвзаг хъæуы зонын æрмæстдæр уый тыххæй, мадæлон кæй у"
Мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ парахат кæныны хъуыддаджы стыр æнтыстджын фæлтæрд кæмæ ис, уыдонæй иу у Сæлбиты Дианæ. Йæ зонындзинæдтæ, 13-æм скъолайы кусын куы райдыдта ахуыргæнæгæй, уæд нæ фæзындысты, университеты ахуыргæнгæйæ дæр нæ ... фæлæ сæ рахаста йæ хæдзарæй, бинонтæй. Æмæ уымæ гæсгæ дæр нæ, йæ мад ирон æвзаджы ахуыргæнæг кæй у. Ирон хъæуы, ирон хæдзары бинонтæ кæддæриддæр дзырдтой иронау. Уый сахадыдта Дианæйæн йæ дарддæры куыстыл. Абон у журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор. Йæ бирæвæрсыг пайдайон архайды фæрцы журналы тираж дзæвгар фæфылдæр; афтæ æнхъæл чи уыдис, æмæ журнал мыхуыры нал цæуы, уыдонæн æй ногæй базонын кодта; æнтыстджын архайд кæны социалон хызты, нырыккон домæнтæ хъуыдыгæнгæйæ. Уымæ гæсгæ йын ис 12000 бæрц бафысджытæ Телеграмканалы, уыдонæн сæ иу хай сты фæсарæйнаг бафысджытæ, æппæт Уæрæсейы горæтты ирон цæрджытæ, æмæ канд уыдон нæ. Кæцæй цæуы мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ цы хъæуы аразын йæ бахъахъхъæныныл; ацы хъуыддаджы тыхамалæй амал нæй; социалон хызты архайд; рæвдауæндæттæм куы бацæуынц сывæллæттæ, уæд æцæгæйдæр уыдоны аххосæй нал фæзонынц æвзаг æви афтæ нæу - æппæт ацы фарстатыл æрныхас кодтам Дианæимæ.
- Цæмæй мадæлон æвзаг мадæлон суа, уый тыххæй цы кæнын хъæуы?
- Алыхатт дæр æй фæзæгъын æмæ йæ ныр дæр зæгъын: цæмæй сывæллонæн мадæлон æвзаг мадæлон уа, уый тыххæй йæм мад хъуамæ дзура уыцы ’взагæй. Райсæм æй нæ редакцийæ: сывæллæттæ нæм куы ’рбацæуынц уазæгуаты, æмæ куы нæ фембарынц, цы сæм дзурыс, уый, уæд фылдæр хатт сæ мадæлтæ дæр нæ фæзонынц æвзаг. Мад, фыд, зæгъæм, куы адæттой сæ кæстæртæн æвзаг, куы йæ бауарзын кæной, уæд æй хъуамæ куыннæ зоной? Уыцы уарзондзинад æвзагмæ куы ’нкъара сывæллон, уæд ыл дзургæ дæр кæндзæн, зонгæ дæр æй кæндзæн, стæй йын йæ зæрдæйы уыдзæн арф бынат æмæ йæ хондзæн мадæлон. Ис ахæм сывæллæттæ, æмæ йæ не ’мбарынц, цæмæн хъуамæ дзурой иронау, нæ йын æй æмбарын кæнынц. Цæмæ йæ хъуамæ хона мадæлон, кæд æмæ йыл йæ мад нæ дзуры, сæ бинонты ’хсæн аргъ нæ кæнынц æвзагæн?
- Тыхæй, æвæццæгæн, ницавæр хъуыддагыл ис бафтауæн. Тыхамалæй амал нæй, цавæр мадзæлттæ нын баххуыс уыдзысты не ’взаг уæлæмæ сисыныл?
- Мæ кæстæртæ рæвдауæндонмæ куы бацыдысты, уæд мын афтæ дзырдтой - нал дын дзурдзысты иронау. Æз куыд ныййарæг цы бакодтон? Хæдзары семæ дзырдтон æрмæстдæр иронау. Ницы сæ фæкъуылымпы кодта, Дзæуджыхъæуы рæвдауæндонмæ кæй цыдысты, уый. Афтæмæй сæ хъомылгæнинаг та уыд сомихаг. Мадзæлттæ алыхуызæттæ дæр ис кæнæн. Æз мæ царм куы бастигъон, уæддæр дзы ницы рауайдзæн, дæхи куы нæ фæнда, уæд. Махæй фылдæр, æвæццæгæн, ничи кæны мадзæлттæ, уый у хорз гæнæн бацархайынмæ, фæлæ дæ хъуамæ фæндгæ кæна. Афтæ дæр фæзæгъынц, ахæм мадзал хъæуы, зæгъгæ, гæххæттытæ иронау фыссын. Алырдыгæй хъæуы фыссын иронау, фæлæ уый дæуæн цы пайда уыдзæн, дæ зæрдæйы æгæрон уарзондзинад куы нæ уа дæ мадæлон æвзагмæ, уæд? Цы дын баххуыс уыдзæн?
Ис «формалон подход», уырыссагау кæй хонынц, ахæм, адæймаг цыфæндыйы цæстæй куы фæкæсы цы кусы, уымæ, уæд. Ахæм цæстæй чи фæкæсы, уымæн йæ хатдзæгтæ дæр ахæмтæ вæййынц. Зæрдиагæй кæуыл бацархайай, уыцы хъуыддагæн йæ хатдзæгтæ дæр ахæмтæ уыдзысты. Мах стæм мыхуыры фæрæз - сывæллæтты журнал, нæ бон у мыхуыр кæнын журнал. Уый у нæ фыццагдæр хæс, нæ куыст. Дарддæр нæхиуыл цы хæстæ æрæвæрдтам, уыдон нæ бон у, кæнæ сæ кæнæм, кæнæ сæ ма кæнæм. Уæ абоны редактор уыд «Ногдзау»-ы редактор, æмæ мах хорз æмбæрстам, æрмæст журнал мыхуыр кæнын фаг кæй нæу. Хъæуы ма йæ алыварс цæмæдæр бавналын. Зæгъæм, фыццаджыдæр, адæмæн бамбарын кæнын, «Ногдзау» нырма кæй цæры, уый. Уый дæр стыр куыст у, уымæн æмæ бирæтæ афтæ ’нхъæл сты, кæй нал цæуы.
- Журнал «Ногдзау»-æн ис æмном Телеграм-канал дæр.
- Фондз азы размæ ахæм уавæры уыдыстæм, æмæ иунæг блог дæр нæ уыд ирон æвзагыл. Мах æй кæнын куы райдыдтам, уæд ма нын Сергей («Слово»-йы сæйраг редактор) афтæ бакодта, уырыссагау дæр æй кæнут, уый тæссæй æмæ йæ адæм куы нæ кæсой, сæ зæрдæмæ йæ куы нæ айсой. Мах ыл дзурæм иронау, æмæ кæй фæнда, уый кæсдзæн æмæ хъусдзæн, йæхи бафысдзæн. Афоныл чи бамбæрста, социалон хызтæн цы тых ис, уый дзы пайда кæны. Уыцы хъуыдытæ, æмæ куы никæйы бахъæуа нæ канал, куы ничи йæм кæса, раст нæ разындысты, цал æмæ цал адæймаджы ныл йæхи бафыста! Цæмæй мæ блогыл архайон, уый тыххæй мæ цы хъæуы? Æрмæстдæр мæ телефон. Мæхимæ йæ саразын, æмæ минуты бæрц мæ хъуыды фæзæгъын. Æппын къаддæр æм бакæсынц 10000 адæймаджы бæрц. Уый иу социалон хызы, афтæ иннæйы дæр куы архайай, уæд бабирæ уыдзысты æмæ ма дын уый æххуыс уыдзæн бамбарынæн, раст архайыс æви нæ. Ис ахæм контент, «æнцон» кæй хонынц - адæмы нæ фæнды хъуыды кæнын, кæсын, арф хъуыды кæнын. Арф хъуыды куы бавæрай, уæд дæм къаддæр адæм бакæсдзæн, хъыгагæн. Цæмæй дын дæ хъуыдымæ байхъусой, уый тыххæй йæ хъуамæ æнцонтæй зæгъай. Уыдæттæ æмбаргæйæ, хъуамæ раст архайай социалон хызты, цæмæй дыл адæм сæхи бафыссой. Ам хъомыладон куыст кæнын дæр хъæуы.
- Ныртæккæйы фæсивæд афтæ сты, æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ мадæлонæй хуыздæр зонынц. Æвзæгтæ зонын æппындæр æвзæр нæу, фæлæ сæм уыцы хъуыды куыд фæхæццæ кæнæм, мадæлонæй æввахсдæр адæймагæн кæй нæй?
- Цæмæй адæймагмæ уыцы хъуыды уа, уый тыххæй йын тыхми кæнын нæ хъæуы. Алчи йæ мады цæмæн уарзы? Йæ фыдыбæстæ? Уымæн æмæ йæ мад у, йæ фыдыбæстæ у, афтæ нæу? Уæдæ мадæлон æвзаг дæр афтæ. Ууыл хъуыдыкæнгæйæ, хъуамæ къуылымпы дæр ма кæнай, дæ сæры хъуамæ æвзæргæ дæр ма кæна ахæм фарст, цæмæ йæ уарзын, зæгъгæ. Уæдæ кæцы ’взаг хъуамæ уарзай? Куы фæзæгъынц, цы пайда у адæймагæн, уæд æз та фæзæгъын, æмæ йæм пайдайы цæстæй та цæмæ кæсæм? Уый махæн не ’взаг у, Хуыцауæй лæвæрд нын у, хъуамæ йæ зонæм æмæ уарзæм æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ нæ мадæлон кæй у.
Мæн мæ сывæллон куы бафæрсид, цæмæ мæ хъæуы мæ мадæлон æвзаг æмæ йæ хъуамæ цæмæн зонон, уæд ын зæгъин - уый тыххæй æмæ дæм дæ мад дзуры дæ мадæлон æвзагыл, æрмæст уый тыххæй дæр æй æмбæлы зонын.
Адæймаг куы фæныгъуылы, уæд кæд суанг бынмæ ныххæццæ уа, уæд фæстæмæ у йæ бон раныгъуылын, уыцы бын куы нæ ссара, уæд йæ бон у аныгъуылын. Мæнмæ гæсгæ, уый онгты мах ныххæццæ стæм не ’взаджы фарстайы, æмæ йæ куы бамбæрстам, уæд архайæм сленк кæныныл, æмæ йæ бон кæмæн куыд у, афтæ архайæм.
- Иуæй-иу ныййарджыты нæ фæфæнды, цæмæй сæ цот мадæлон æвзаг скъолаты ахуыр кæной, фæнымайынц æй уæлдай æнæхъæугæ рæстæгистыл. Цы зæгъдзынæ ахæм ныййарджытæн?
- Скъолайы кусгæйæ-иу нæм арæх æрбацыд ахæм ныййарджытæ, кæй фæндыд айсын лæмæгъ къордтæ, цæмæй ирон æвзаг уыйбæрц бынат сæ царды ма ахса. Уый æфсон æй кодтой, рæстæг нын нæй хæдзармæ куыстыл архайынæн. Æз-иу сын афтæ: æмæ уын англисаг æвзагæн куы ис рæстæг? Æмæ дам англисаг æвзаг уарзы, мадæлон та нæ. Ныййарæг куы рæдийа, уæд ын дæ бон цы у? Ницы.
Скъолайы цардæй мæм ис ахæм дæнцæг. Чихуаты Георги абон у зындгонд зарæггæнæг, зары ирон зарджытæ. Уыд мæ ахуырдзау, уыдтæн ын ирон æвзаджы ахуыргæнæг лæмæгъ къорды. Йæ ныййарджыты афтæ бафæндыд. 7-æм къласмæ фæбадтис лæмæгъ къорды. Æз æй уыдтон, æвзагмæ йæм стыр цымыдис кæй ис, уый. Иухатт мын афтæ, чиныджы зарæггæнæджы къам фенгæйæ, - ай дам чи у? Иннæ урокмæ мæхи бацæттæ кодтон æмæ йын æй радзырдтон. Загъта, тынг дам мæ цымыдис кæны ахæм æрмæг, стæй ирон музыкæ дæр. Æз ын загътон - дæхи тыхджын къордмæ баивын кæн, уым дæ бынат. Уайтагъд нæ рауад ацы хъуыддаг, фæлæ йæ куы бамбæрста, цы бынат ахсы йæ царды мадæлон æвзаг, уæд йæхæдæг йæхи раивын кодта 10-æм къласы тыхджын къордмæ. Ницы йæ бахъыгдæрдта абоны онг дæр, хорзæй дарддæр. Мадæлон æвзаг хъæуы зонын, мадæлон кæй у, æрмæст уый тыххæй дæр, æндæр ницæйы тыххæй. Уарзын дæр æй уый тыххæй хъæуы, пайдайы цæстæй йæм кæсæн нæй. Нæдæр мадæлон æвзагмæ, нæдæр фыдыбæстæмæ, нæдæр ныййарджытæм, мадызæнæгмæ нæй пайдайы цæстæй кæсын. Уыдоны хъæуы уарзын, æрмæстдæр уый тыххæй, дæ царды кæй сты.
- Ис нæм ахæмтæ, не ’взаг сæ хæзна кæмæн сси, йæ зæрдæмæ йæ арф чи айста.
- Иу дæнцæг та æрхæсдзынæн. 13-æм скъолайы куы куыстон, уæд нæм райдыдтой полилингвалон ахуыртæ. Сæ мидис уыд уый мидæг, æмæ райдиан скъолайы сывæллæттæ иууыл предметтæ цыдысты иронау. Уыцы аз хъуамæ æрымбырд кодтаиккам 15 сывæллоны, ахæм эксперименты бацархайын кæй фæндыд. Нæ бон сси æрымбырд кæнын æрмæстдæр 12 сывæллоны. Уыдонæй 8 ирæттæ нæ уыдысты. Уыд дзы сомихаг, уырыссаг, гуырдзиаг, æндæр адæмыхатты минæвæрттæ. Не скъолайы уæды директор Сæлбиты Иринæ (рухсаг уæд!) алырдæмты фæдзырдта, хуыдта алкæйы дæр ахæм эксперименталон ахуыртæм, æрбахонут уæ сывæллæтты, зæгъгæ, фæлæ 12 сывæллонæй фылдæр не ’рымбырд къорды.
- Эксперименталон ахуыр фæрæстмæ?
- О, тынг дзæбæх рауад. Иннæ сывæллæтты æмрæнхъ сæм цы зонындзинæдтæ уыд, уыдонæй уæлдай ма сæм уыд мадæлон æвзаджы хорз зонындзинад. Зæгъæм, уыдис сæм ахæм урок - «Алфамбылайы дуне». Куы-иу сæм бацыдтæн, уæд-иу сæм хъусынæй не фсæстæн. Куыд фæзæгъынц, хъустæм мыдуадзæгау. Лæгъзæй, аивæй, рæсугъдæй иронау амынд цыд урок. Кæнæ, зæгъæм, математикæ. Ахæм цымыдисаг уыд иронау архæйдтытыл дзурын, æмæ хъуыды кодтон, ныййарджыты цæст сæ сывæллæттæн уый куыд нæ уарзы.
- Бирæ ныййарджытæ, сæ сывæллæттæ иронау кæй нæ дзурынц, уый рæвдауæндæтты ’фсон фæкæнынц, уырдæм дам сæ куы раттæм, уæд иронау нал фæдзурынц...
- Æрæджы нæм конкурс уыд, æмæ дзы рамбылдта цæцæйнаг чызг Хавæ. Дисы мæ бафтыдта, куы нæм æрбацыд редакцимæ æмæ Иналы зарæг куы ныккодта, уæд. Æнхъæл уыдтæн, ирон æмхæццæ у, фæлæ йæ мад дæр йемæ уыд æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй нæ. Куысты фæдыл ардæм æрбафтыдысты, цæуы Дзæуджыхъæуы 88-æм рæвдауæндонмæ. Йæ хъомылгæнджытæ йæ уым сахуыр кодтой иронау дзурын, зарын. Уымæй йæм акцент дæр нæй, дзуры, зары сыгъдæг иронау.
Лæмæгъ адæймагæн йæ хабар куыд у? Искæм куы рæдийа, уæд æй искæй æфсон кæны, йæ рæдыдыл никуы басæтдзæн. Дуне æфсæнттæ ссардзæн, æрмæст йæхæдæг нæ уыдзæн аххосджын. Афтæ чи фæзæгъы, мæнæ рæвдауæндонмæ бацыд æмæ мын нал дзуры иронау, уыдон агурынц, кæуыл æрцауындзой сæ аххос. Æфсæнттæ куы агурай, уæд сæ алыхатт дæр ссардзынæ, фæлæ гæнæнтæ куы агурай, уæд та гæнæнтæ ссардзынæ. Алцыдæр нæхицæй аразгæ у. Уæ газеткæсджытæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй мадæлон æвзаг сæ зæрдæйы дæр æмæ царды дæр арф бынат куыд ссара.
Хъайтмазты Заремæ
Къам ист у Сæлбиты Дианæйы архивæй



