Модæйы ног уылæн
Зæронды бонтæй чи тæрсы, уыдоны наукæйы хонынц герантофобтæ. Ахæм адæм тæрсынц зæрæдтæй æмæ сæхæдæг кæй базæронд уыдзысты, уымæй. Фæлæ куыд фæзыны ацы низ адæймагмæ? Медицинæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй геронтофобийы фæзынд арæхæр баст у, адæймаджы кæй нæ фæнды сафын йæ аивдзинад, искæмæн даринаг æмæ зилинаг кæй суыдзæн, иунæгæй кæй баззайдзæн æмæ кæй никæйы хъæудзæн, уыдæттимæ. Клиникон уавæры ацы низ ис стæмтæм, фæлæ æнæзæгъгæ нæй, æрыгондзинад æмæ зæронд кæныны тыххæй ныхас кæй сси тынг ахсджиаг æппæт дунейы адæмæн. Æхсæнадон хъуыды раиртасыны æппæтуæрæсеон центры куыд загътой, афтæмæй зæронддзинадмæ æвзæр цæстæй кæсынц Уæрæсейы цæрджыты цыппæрæм хай, Америкæйы та уыцы нымæц у бирæ фылдæр – 87%. Афтæмæй зæронды бонтæ аддарддæр кæнынæн адæм бафæлвæрстой тынг бирæ хиндзинæдтæ. Æппын фæстагмæ та йæ бынтондæр федтæ кодтой. Зæронддзинад нæм куыдфæндыйæ дæр бахæццæ вæййы, фæлæ адæм сæхицæн сывæрдтой хæс - бауромын æй.
Фæлæуут! Æмæ кæд райдыдта ацы цымыдисаг хабар? Кæцы бон æрцыд адæмы хъуыдымæ баивын сæйрагдæр эволюцион хæслæвæрд хæрзхуыз буар æмæ æнæмпылд цæсгомыл? Кæд æмæ куыд сси хъомылкæнынад заууаты синоним? Æнахъомты заман та сси бæллиццаг? Чи зоны уæм диссаг фæкæса, фæлæ æрыгондзинады культы уидæгтæ бынтон арф не сты. Радаргъ сты ивгъуыд æнусы советон заманæй. Йæ бындурæвæрджытæ та систы, абон дæр чи цæры, уыцы адæмы фæлтæр, хонынц сæ бэбибумертæ (baby boomer). Уильям Штраусы æмæ Нил Хоувы теоримæ гæсгæ, уыцы адæмы къордмæ хауынц, 1946 азæй 1964 азты астæу чи райгуырд, уыдон. Уыцы теоримæ гæсгæ, алы фæлтæрæн ис ном æмæ йæхи хицæндзинæдтæ. Бэбибумертæ фæзындысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ, демографи хæрдмæ куы ныццавта, уæд. Уыцы фæсивæд, уæлахиздзауты сывæллæтты, нал фæндыд тухæнтæ кæнын. Уымæй уæлдай ма, бирæты бафæндыд сæ зын сабийы бонты хæстæ бафидын. Сæ амондæн уæдмæ наукон-техникон прогресс дæр ног бæрзæндтæм йæ ных сарæзта: космосмæ тæхынад, медицинæйы ногдæр фæрæзтæ, цыди ныхас адæймаджы æнусон цардыл.
Диссагæн зæронддзинадæн ма басæттыны хъуыды сси иумæйаг уыцы фæлтæры минæвæрттæн æппæт дунейы. Уыимæ абоны æмхасæнтæ æмæ глобализмы тыххæй кой дæр нæма уыд. Адæм кæрæдзиимæ афтæ æнгом нæ уыдысты. Зæгъæм, Америкæ æмæ СССР-ы æхсæнадон уаг уыд бынтон алыхуызон. Фæлæ бэбибумертæ цы заманы рæзыдысты, уым сæрмагондæй алы стыр бæстæ йæхицæн æвæрдта стыр хæслæвæрдтæ. Уымæ гæсгæ æппæт дунейы уыцы фæлтæры миниуджытыл нымад цæуынц ног бæрзæндтæм тырнынад, иузæрдиондзинад; дунемæ рухс цæстæй кæсынц æмæ сæ уырны рухс фидæн, сты бæрнджын. Уыцы фæсивæд æрыгонæй дæр уыдысты тынг змæлаг, æмæ куыд хистæр кодтой, афтæ фылдæрæй-фылдæр уарзтой цард. Абон дæр бэбибумертæ ахсынц хицæутты бынæтты фылдæр хай æппæт дунейы. Ис сæм бартæ æмæ сæ зонынц пайда кæнын. Лæууынц стыр корпорациты сæр. Пенсийы кармæ куы бахæццæ вæййынц, уæд сæ фылдæр дарддæр фæкæнынц активон куыст. Цыбыр дзырдæй, ахæм адæм нæ бæллынц зæрондæй æнцад бадын арты уæлхъус æмæ йæм кæсын. Нæ рæстæджы дæр бэбибумертæ цæрынц æххæст ирд цардæй, æмæ сæ хъуыдыйы дæр нæй искæмæн раттын сæ бынат. Гъе, ахæм диссаг!
Ахæм хабаримæ адæмы мыггаг фыццаг хатт сæмбæлд – зæронд кæнын æмæ сæ бæрзонд бынæттæ кæстæртæн дæттын чи нæ комы, ахæм фæлтæр. Бэбибумертæ сты фыццæгтæ, афтæ лæмбынæг чи ’ркастис йе ’ддаг бакастмæ. Сæрмагондæй ацы адæмы рæстæг райдыдта спорты модæ. Хуымæтæг фæлтæрæн нæ, фæлæ æххæст тренировкæ спортивон залы æмæ тренеримæ. Кæд дын спортзалæн рæстæг нæй, уæд дæ хæдзармæ иу тренажер уæддæр балхæн – хъуыды кодтой уæд. Фæндзайаздзыд хæрзхуыз адæм сыхæлдтой кары арæнтæ, модæ йе ’ргом раздæхта хистæр фæлтæртæм. Æнусты æрыгон чызг Твиги – æхсæрдæсæм азты модель сси æппæтдунеон хуызæг. Фæуæрæх дæр сты пластикон операцитæ: хæсты фæстæ стæмтæ хастой сæ ныфс ахæм ивддзинæдтæм. Фæстæдæр адæм райдыдтой уыцы медицинон процедурæмæ хуымæтæгдæр цæстæй кæсын. Психологтæ куыд дзурынц, афтæмæй ныртæккæ хирургимæ чи фæсиды, уыцы сылгоймæгтæй 40% сты бинонджын æмæ цæрынц активон цардæй. Кæд æмæ нырма 21 æнусы райдайæны пластикон хирургийæ 57% пайда кодтой, бинонтæ кæмæн нæй, ахæм сылгоймæгтæ, кæцытæ тох кодтой депрессиимæ. Æвæццæгæн, ацы ран ис сæйраг фæзилæн - мидис ивд æрцыд æрмæст æддаг бакастæй. Æмæ æрыгондзинад йæхи ахицæн кодта, сси модæйы ног уылæн. Иуырдыгæй бакæсгæйæ – цæуылнæ? Царды æвдисæнтæ хуыздæрæй-хуыздæр кæнынц, медицинæ нын стыр гæнæнтæ лæвар кæны. Адæмы цард кæй фæхуыздæр, уымæ гæсгæ цæрын дæр фылдæр райдыдтой, фæзынд рæстæг, цæмæй нæхимæ зилæм æмæ цас фылдæр баззайæм æрыгæттæй. Фæлæ иннæрдыгæй куы бакæсæм, уæд æрыгондзинад нал у царды ахæм хай, фæцæрын æмæ ныууадзын кæй хъæуы ивгъуыд афоны. Æнæнхъæлæджы сси нæ сæйраг хæслæвæрд.
Кæддæр модельер Карлд Лагерфельд загъта: «Æрыгондзинады дæлбар уæвын у расизмы ног хуыз». Цыппор азы фæстæ бирæ зындæр у ссарын куыст. Фендджыны бæсты агурынц тагъд кусæджы, зонды хъæздыгдзинад – цæй æмæ ма абон чи кæсы уымæ... Зæронддзинад æрмæст æддаг бакастмæ гæсгæ нал хъæуы адæмы, фæлæ йын кад кæнын дæр никæмæ уал цæуы. Ахæм хабарæн та ис кæуинаг фæстиуæг: сусæг нæу, алы аз дунейы фылдæр кæй кæнынц хи марыны хабæрттæ. Æмæ уæм, чи зоны, диссаг фæкæса, фæлæ йæ цардæй йæхи чи ахицæн кæны, уыдоны ’хсæн нымæцмæ гæсгæ фыццаг бынат ахсынц зæронд адæм, æвдай æмæ фылдæр азы кæуыл цæуы, ахæмтæ. Æфсон та сын вæййы пенсимæ рацыд, низтæ, социалон ахадындзинæдты сæфт, кæй никæйы уал фæхъæуынц, уыцы ’нкъарæнтæ. Æрыгондзинады культ сыхæлдта нæ сæрты хистæры ныхасы кад. Сæ царды уæз æмæ зонындзинæдтæ никæйы уал фæхъæуынц. Нырыккон эмоционалон фæлтæртæ авторитеттæ хъуаг не сты. Фæлæ не ’ргом историмæ куы раздахæм, уæд фендзыстæм, хистæртæ кæй сты æхсæнады бындур.
Хæдæгай! Сымахæй, зынаргъ кæсджытæ, исчи æрхъуыды кæндзæн рагон Спартæ. Уым, таурæгъмæ гæсгæ, зæронды бонмæ чи фæцард, уæдоны æмæ рынчын сывæллæтты ’ппæрстой къардиуæй. Фæлæ нырыккон археологтæ уыцы комы иу зæронды кæнæ сабийы фæдтæ не ссардтой. Уыди дзы æрмæст 18 азæй 50 азмæты кæуыл цæуы, ахæм адæмы сджытæ. Къардиуæй æппæрстой банымудзджыты æмæ ахст знæгты. Цыбырæй, историйы æрфæнтæм куы ныккæсæм, уæд дзы зæронддзинадмæ æнæввæрсынад никуы ссардзыстæм. Карджын адæмæн кæддæриддæр уыд кад. Æнæмæнгæй нæ хъуыдыйы дарæм Жванецкийы ныхас: «Азтæ æмæ зонд алы хатт иумæ не ’рбацæуынц».
Бæлвырдæй зонæм, раздæр зæронд кæнын тас нæ уыд. Адæймаджы кад уымæй къаддæр нæ уыд, æрмæст фылдæр кодта. Эволюцийы стырдæр фæрæзтæй æмæ адæмон культурæйы фыццаг къахдзæфыл ахуыргæндтæ нымайынц мадæлты мадæлы фæзынд. Афтæ куы зæгъат, æмæ бабутæ аивтой дуне, уæд нæ фæрæдийдзыстут. Рагон адæмы мадæлты мадæл куы райдыдта йæ цоты цотмæ зилын, уæд хистæры зонындзинæдты руаджы къаддæр райдыдтой мæлын, фидардæр уыд се ’нæниздзинад æмæ адæмы мыггаг размæ рацыд.
Фæстаг фондз азы уынæм ног модæ. Зæронддзинады тенденци бацахста адæмы зонд. Anti age (антивозрастной) – йæ подтяжкæтæ æмæ хирургты æххуысимæ йæ бынат дæтты ахæм æхсæнадон змæлдæн, куыд PRO age (профилактика старения) – зæронддзинады рæсугъд æрбацыд. Глобалон уаг ын нæй, фæлæ дунейы бирæнымæц сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ сæ сæртæ ахорыны бæсты уадзынц сæ сæртæ урсæй. Артисттæ нал æмбæхсынц се ’мпылдтытæ æмæ сбирæ сты карджын модельтæ – сæ хистæрыл цæуы нæуæдз азы! Бэбибумертæ уæддæр нæ дæттынц сæ бынат! Æмæ тынг раст – кæмæн æнтысы, уыдон архайæнт. Зæронд уæвгæйæ, сæ къухты дарынц нырыккон дунейы хæрзты фылдæр хай. Æмæ карджынæй нæ уадзынц сæ куыст. Махæн, æндæр фæлтæрты минæвæрттæн та, уыцы цардуарзон æмæ тыхджын адæм сты дæнцæгæн хæссинаг.
Модæ ис æви нæ, ирон адæммæ хистæр кæддæриддæр уыд кадджын. Æмæ мæ зæрдæ дарын, махмæ уыцы ахастдзинад ивд кæй никуы ’рцæудзæн, ууыл. Кад кæнут уæ хистæртæн æмæ кусут уæхиуыл, цæмæй сымахæй дæр хорз хистæртæ рауайа.
Æрмæг фыст æрцыд You Tube канал «Сама Меньшова»-йы видеорауагъды бындурыл
Мамиаты Дианæ
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



