Нæхи Къоста
Чи у махæн Къоста? Мæнæн? Нæ алкæмæндæр? Дыууæ сæдæ азы дæр нæма рацыд йæ райгуырды бонæй, фæлæ адæмы зондахаст куыд аивта йæ курдиатæй, йæ архайдæй, йе 'нкъараг зæрдæйæ? Куыд баиу сты иу адæймаджы уал хорзæхы, уал курдиаты, æнæнцой зæрдæ? Куыд æмæ кæцæй рахаста уыцы хъомыс, цæмæй ахæм лæггæдты бацæуа йæ адæмы раз? Мæхицæн ацы фарстытæ фæдæттын рæстæгæй-рæстæгмæ, æмæ сыл цас фылдæр фæхъуыды кæнын, уас мæ тынгдæр дисы фефтауынц. Йе сфæлдыстад ахæм бирæвæрсыг у, æмæ йæм цал хатты здæхай, уал хатты та дзы адæймаджы цæст ногæй цæуылдæр æрхæцы…
Сывæллон ма куы уыдтæн, уæд иунæг ахæм ирон бинонтæ дæр нæ зыдтон, æмæ йæ хæдзары Къостайы «Ирон фæндыр» кæмæн нæ уыдаид. Ирон адæм, Ирыстоны цæрджытæ æнæмæнг хъуыддагыл нымадтой Къостайы чингуытæ хæдзары дарын. Алы фæлтæры цардмæ-иу бахызт сабидугæй. Чи нæ хъуыста гыццылæй «А-лоллай»-ы рæнхъытæм? Цымæ кæмæн нæ уыдысты æввахс? Мæнмæ гæсгæ, ацы зарæджы ныхæстæй райдыдта не 'ппæтæн дæр Къоста. Авдæны рæстæджы фæстæ ралæууыд иннæ рæстæг – сывæллæтты æмдзæвгæты афон: «Гино, гино, гис…», «Кæй фырт дæ?», «Кæмæн цы…» æмæ афтæ дарддæр. Сабиты-иу куы бафарстой, чи ныффыста ацы æмдзæвгæтæ, уæд-иу уайтагъд дзуапп радтой: «Къоста!» Æмæ йын кæд йе стыр поэтикон хъомыс нæма æмбæрстой, уæддæр æй сæ зæрдæтæм арф истой.
Скъоладзаутæ уæвгæйæ, æндæр цæстæнгас дардтам Къостайы сфæлдыстадмæ. Æмбаргæдæр, æнкъарондæр, хъуыдыджындæр... Нæ зондахастæн лæвæрдта стыр хъомыс, ахадыдта йæ рæзтыл. Æнæнцой уды хицау æнцой нæ дæтты хъуыдыгæнæг чиныгкæсæгæн, уымæн æмæ алчидæр йæ уацмысты ссардзæн йæ уд æмæ зондмæ 'ввахс хъуыдытæ, царды алы фæзынды тыххæй рæнхъытæ. Йе сфæлдыстад у æвидийгæ суадон алыхуызон царды къабæзты архайæг адæмæн. Æмæ куыннæ? Зæрдæйы сагъæстæ, уарзондзинад æмæ йæ азарæй сыгъд зæрдæ, Фыдыбæстæ æмæ йæ хъысмæт, бирæ цы адæмы уарзта, уыдоны хъизæмайраг цард, сæ тухитæ, сæ социалон æбардзинад, не 'хсæнады цардарæзт, сидзæры хъиамæт æввахс сты æппæт дунейы адæмæн æмæ сты йæ сæйрагдæр темæтæ. Уæдæ йæ публицистикæйы риссаг социалон фарстытæм кæй здæхы, уый æппындæр дызæрдыггаг нæу. Уыимæ дзы лирикон фыстытæн дæр ис бынат.
Нывкæнынады дæр йæхи фæд ныууагъта. Ис ын йæхи æрмдзæф, никæимæ йæ ис фæхæццæ кæнæн. Къостайы нывтæм кæсгæйæ, æмбарыс, цардæй ист кæй сты, бындуриуæг кæнынц бæлвырд сюжеттыл æмæ уымæ гæсгæ сæры зилдух кæнынц, кæрæдзийы чи ивы, ахæм нывтæ. Фæнды портрет фысса («Автопортрет», «Гуытъиаты Мысырбийы портрет», «Байаты Хуысинæйы портрет» æмæ иннæтæ), пейзаж («Æрдзон хид», «Адайхох», «Зикъарайы æфцæг» æмæ афтæ дарддæр) кæнæ цардæй ист нывтæ («Дурсæттæджы цот», «Арахъуадзджытæ», «Дондзау хохаг сылгоймаг») - иухуызон арæхстджынæй дзы равдисы адæймаджы миддуне, йе 'нгæс; æрдзы рæсугъддзинад; сюжетон нæмыг. Хицæн бынат ахсынц чырыстон динимæ баст нывтæ: «Хъыггæнæг зæд», «Кувæн кæхцы куывд» æмæ иннæтæ. Ацы æппæт куыстыты йæ удæй цы хай бавæрдта, уый абон дæр æнкъарæм...
Студенттæ уæвгæйæ... ам нын фылдæр гæнæнтæ фæзынд профессионалон банкъарынадæн. Æвзаг ахуыргæнгæйæ, æвзагыл архайгæйæ, тынгдæр аргъ кæныс йæ фыст ныхасæн, цы алыхуызон аивадон, стилистикон фæрæзтæй пайда кæны, уыдæттæн. Къоста хорз зыдта адæмон сфæлдыстад æмæ йыл зæрдиагæй бакуыста. Уый тыххæй нымад цæуы ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæгыл. Адæмон сфæлдыстады уацмыстыл бакусгæйæ, систа сæ бæрзонд аивадон, поэтикон æмвæзадмæ, схъæздыг сæ кодта æвзаджы бирæнымæц фæрæзтæй. Уымæ гæсгæ зæлынц рæсугъдæй.
Абоны онг дæр нæ ахуыргæнджытæ, ахуыргæндтæ æвзарынц Къостайы бынтæ алы жанрты, фыссынц наукон куыстытæ, аспиранттæ - диссертацитæ хъахъхъæнынц. Уым равзаринагæй цы вæййы, уый бæстонæй равзарынц. Йæ аивадон дзырды тых ныры онг дæр æнцой нæ дæтты бирæтæн. Уæдæ йын йæ фæлгонц раргом кæныныл дæр гыццыл нæ бацархайдтой æмæ нæ архайынц. Плиты Христофоры оперæ «Къоста»-йы Бæцæзаты Юрий цы сурæт снывæзта, уымæн дзы æмбал нæй! Цæмæн, уый уæхæдæг æмбардзыстут.
Къостайы уацмыстæ бирæ æвзæгтыл кæсынц, тæлмацгонд цæуынц алы бæстæты. Фæлæ мæ уымæй тынгдæр та фæнды, цæмæй йæ кæсæм мах, йе 'мзæххонтæ, зонæм ын йе сфæлдыстад, зæлой йæ уацмыстæ нæ бæрæгбæтты, алыхуызон мадзæлтты. Хъусой сæм сабитæ сæ гыццылæй фæстæмæ, куыд сын сæ кæсой æмæ дзурой сæ хистæртæ, куыд бамбарой, чи у Къоста. Къордæй бадгæйæ, амбырд уæвгæйæ, нæ ныхасы сæр куыд уа. Уымæн æмæ цæуылдæриддæр фыста, уыдонæн сæ фылдæрæн йæхæдæг ныффæрæзта, æмæ йæ бирæ рæнхъытæ райгуырдысты тухиты фæрцы. Йе 'мдзæвгæ «Я не пророк...» мæнæн у адæймагдзинадæн гимн, рыст уды хъæрзт, граждайнаг ахастдзинад æвдисæг уацмыс. Æрмæст Къостайы хуызæн адæймаг загътаид:
ВЕСЬ МИР - МОЙ ХРАМ,
ЛЮБОВЬ - МОЯ СВЯТЫНЯ,
ВСЕЛЕННАЯ - ОТЕЧЕСТВО МОЕ...
Уырыссагау сæ барæй уадзын ацы рæнхъытæ, уымæн æмæ йын фыст дæр уырыссаг æвзагыл сты, æмæ йын куыд адæймагæн хуыздæр æргом кæнынц йæ зæрдæйы уаг, йæ хъуыдыкæнынад, цы 'мвæзадыл лæуд у, уый. Бирæ æмдзæвгæтæ равзарин, бирæтыл æрдзурин, фæлæ уый мæ хæсыл нæ нымайын абон. Ацы дыууæ рæнхъы та текстмæ уымæн рахастон, æмæ мæ алыхатт дæр дисы фефтауынц, фæнды мæ, цæмæй ды дæр, газеткæсæг, банкъарай ахæм адæймаджы хъуыдыкæнынад. Кæуылты аххæссыд, кæуылты хъуыды кодта!
Ме 'мкусæг мын радзырдта, цалдæр азы размæ дам нæ республикон мыхуырон рауагъды иуы бакастæн Къостайы тыххæй цымыдисаг цаутæ. Фыст дзы уыдис, йæ ныхмæ æдзæстуарзон адæм цы 'наив митæ кодтой, уыдæтты тыххæй. Кæд адæмæн уарзон уыди, уæддæр-иу разынд ахæмтæ, æмæ йыл чи нæ ауæрста, архайдта, лæгау-лæг йæ сæрмæ цытæ не 'рхæсдзæн, ахæм мадзæлттæй. Зонæм æй, ахæм адæмы «хорзæхæй» гыццыл хъизæмæрттæ кæй нæ баййæфтæ йæ сæр, уый. Æмæ та мæ дисы 'фтауы, куыд ницы ивы нæ зондахасты, нæ адæймаджыхъæды æнусæй-æнусмæ. Иуæй нæхи марæм не 'взаг, не 'гъдæуттæ, культурæ бахъахъхъæныныл, куыд адæмыхатт зæххы цъарыл баззайын цæргæйæ, иннæмæй та - гыццыл нæ хуыздæр чи фæввæййы, размæ чи рацæуы, уымæн цæлхдуртæ цæмæн февæрæм? Цы нæ нæ уадзы кæрæдзийы хорзтыл цин кæнын, цæстуарзон уæвын? Ахъуыды ма кæнут, ныртæккæ нæм Къостайы хуызæн лæгтæ цалдæр куы уаид, адæмы номыл йæхимæ æцæг бæрн чи исид, материалон хорзæхтыл «мард» чи нæ уаид, уæд не 'хсæнады уаг цыма хуыздæр ахорæнтæй нывæзт æрцæуид, уæд цыма хуыздæр фæндагыл ацæуиккам?
Нæ фæсивæды 'хсæн ис ахæмтæ, æмæ Къостайы сфæлдыстадмæ чи здæхы йæ профессионалон архайды. Дзиуаты Майк азарыд рокы жанры «Лæгау». Тынг хорз рафидыдта æмæ азæлыд ацы жанры, ног ахорæнтæй ахуырст æрцыд, ног цард дзы баулæфыд «металликон» зæлты фæрцы. Кæй нæ уырны, уый йæм йæхæдæг байхъусæд æмæ аргъ скæнæд. Майк хорз æнкъары музыкалон уацмысты æмбæлгæ æмæ æнæмбæлгæ арæнтæ. Уыцы æнкъарынад ын фадат дæтты курдиатджын фыст зарджытæ азарын. Уый ма фæбæрæг нæ адæмон зарджытæ «Куырды фырт», «Хосдзауты зарæджы» æмæ иннæты. Иу ныхасæй, ныфс мæ ис, æмæ рæзгæ фæлтæр, фæсивæд (Майкы сæйраг аудитори) «Лæгау»-мæ куы хъусой, уæд фæрсдзысты, чи ныффыстæ ацы ныхæстæ, зæгъгæ.
Иннæ ахæм Хохойты Влад - курдиатджын музыкант, зарæггæнæг. Йæ музыкæйы æмхæццæ кæны алыхуызон популярон жанртæ. Бафтауы сæм бирæ хæттыты адæмон мотивтæ. Арæх акæны нæ ирон поэтты фыст æмдзæвгæтыл зарджытæ. Къостайы æмдзæвгæ «Азар»-мæ цы музыкæ ныффыстæ, уый нæ аивадуарзджыты зæрдæтæм уайтагъд фæндаг ссардта, уæлдайдæр та... йæ Бесолты Дианæ куы азарыд, уæд! Ам баиу сты æнæмæлгæ рæнхъытæ, алæмæты музыкæ æмæ тыхджын вокал. Дианæ æмæ Влады сфæлдыстад адæм тынг бауарзтой. Æз та сæ уæлдай бузныг дæн, кæй здæхынц адæмон сфæлдыстадмæ æмæ нæ поэтты уацмыстæм, цымыдисаг зарджытæ сæ кæй рауайы, уымæй.
Уырны мæ, æмæ суинаг фæлтæртæй рох кæй нæ уыдзæн «нæхи Къоста», йе сфæлдыстад, йæ курдиаты тых. Алчидæр дзы йæхицæн ныфс æмæ тыхы суадон кæй ссардзæн, банкъардзæн йæ поэтикон дзырды рæсугъддзинад, йæ хъомыс, йæ хъуыдытæ æмæ кæй сахаддзысты сомбоны царды. Ныртæккæ ирон литерæтурæйыл цы фæсивæд архайы, уыдон та Къостайы курдиаты фарнæй йедзаг уæнт!
Хъайтмазты Заремæ
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



