Номæвæрæн. Ном
Цард хуымæтæг нæу æмæ никуыдæр уыди. Афтæ кæй у, уый та йын дæтты йæхи ад. Адæймаджы царды цы цаутæ ’рцæуы йæ райгуырдæй йæ амæлæты бонмæ, уыдон баст сты бирæ æгъдæуттимæ. Иу дзы у номæвæрæны ’гъдау. Растдæр зæгъгæйæ та, уыди, уымæн æмæ абоны царды афтæ ахсджиаг нал у. Нæ этнографтæй иутæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ йæ ахадындзинад раздæры царды уыд хъæугæ, кæмдæр та æнæмæнг, абоны æвзагæй дзургæйæ, хаста социалон гарантийы хуыз. Царды уаг уыд уæззау, æмæ дзы æнæмæнг бынат уыд ахæм фæзындтæн, æгъдæуттæн, куыд номæвæрæн, кæнгæ æфсымæртæ, ард бахæрын, тæрхон, хъоды бакæнын æмæ бирæ æндæртæн. Ныхас дарддæр цæудзæн номæвæрæны тыххæй.
Цард йæхæдæг йæхи амоны...
Дзырдтой нæ фыдæлтæ æмæ уыдысты раст. Бирæ ивддзинæдтæ æрцæуы рæстæджы домæнтæм гæсгæ. Зæгъæм, кæд абон хъоды нал кæнæм, ард нал хæрæм, тæрхоны нæ бацæуæм, уæд ма номæвæрæныл æмбæлæм. Уый дæр стæм хатт. Цæмæн? Цард афтæ домы, нырыккон цардыуаг. Раздæр, адæм æнгомдæр цард куы кодтой, уымæй цалдæргай фæлтæртæй иу хæдзары, зынвадат æхсæнадон уавæрты, уæд ахадгæ уыдысты иууыл ранымад фæзындтæ. Цы ’хсæнады цардысты нæ фыдæлтæ, уый тых уыд сæ иудзинады. Тугхæстæг уæлдай ма, вазыгджын уыд кæнгæхæстæгдзинад - номæвæрæн, кæнгæ ’фсымæртæ, хотæ. Ныртæккæ ахæм хæстæгдзинадæн уыцы аргъ нæй, раздæры æхсæнады йын кæцы уыдис, æмæ сабыргай-сабыргай иууыл фæткон æгъдæуттæ сæфынц.
Номæвæрæн
Бирæтæ æрæййæфтой номæвæрæны æгъдау æппæт æмбæлгæ ритуалон архайдимæ. Раздæры заманты-иу алкæмæ нæ хауд номæвæрыны бар. Фыццаг фыртылиу уыцы бар æрхауд кадджындæр хистæртæм. Дыууæ-æртæ къуырийы фæстæ-иу ноггуырды бинонтæ сарæзтой куывд. Уыцы рæстæг-иу конд æрцыд номæвæрæн. Фынгыл-иу хистæртæ хъул сæппæрстой. Ном æвæрыны бар-иу æрхауд, йæ хъул сах кæмæн абадт, уымæ (гъер æй æмбарут, кæцæй равзæрд ацы дзырдбаст - «йæ хъул сах абадт»?). Ноггуырды мады бинонтæ лæппуйæн лæвар кодтой, цыдæриддæр дзаумæттæ хъуыд, уыдон. Уымæй æвдыстой се ’нгом бастдзинад. Бинонтæмиу уазæг куы уыд, уæд-иу ын бар радтой ноггуырдыл ном сæвæрын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ чызджы райгуырдыл афтæ тынг нæ цин кодтой. Номыл-иу сæвæрдта хæдзары хистæр сылгоймæгтæй исчи. Номиу чи радта, уый-иу цæргæ-цæрæнбонты уыд хæстæг адæймаг сывæллонæн дæр æмæ бинонтæн дæр.
Ном - фæкæсынæн у...
Арæх-иу фехъуыстон ацы ныхæстæ. Фылдæр хатт-иу сæ хъуыстон, ноггуырдæн-иу хиуæттæ, бинонтæ ном равзарын куы нæ фæрæзтой, уæд. Æгæриу куы бацайдагъ быцæу-ныхас, уæд-иу хистæртæй исчи афтæ бакодта: «Ном фæкæсынæн йедтæмæ ницы у, æмæ йын раттут исты ном!» Ома æгæр ыл ма дзурут, уый аргъ нæу ацы хъуыддаг. Куыннæ стæй! Ахæм ныхæстæ-иу ноггуырды мад æмæ фыдæн масты хос фесты, уый та куыд, зæгъгæ, мæ хъæбулæн хъуамæ уа се ’ппæтæй хуыздæр ном, рæсугъддæр, аивдæр, зæлондæр... Ам та кæмæн цы, кæй зонд куыд æййафы, афтæ. Уымæй фæсте нæ баззайынц нырыккон ахуыртæ (уый та нырма сбæрæггæнинаг у, цас ахуыртæ сты) номы тыххæй: тынг вазыгджын свæййы, цал дамгъæйы ис номы, уый, фылдæр дзы хъæлæсонтæ ис æви æмхъæлæсонтæ (скъолаты ахуыргæнгæйæ сæ хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ уыйбæрц не ’ндæвтой, фæлæ ам..!), цыбыр у æви даргъ, фæлмæнæй зæлы æви хъæбæрæй... Алы лыстæг хъуыддагæн дæр, дам, ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ, дам, уыдæттæй аразгæ у йæ хъысмæт. Ехх, æвæдза, æмæ ’цæгдæр афтæ куы уаид, уæд цы хъæуы! Æрмæст хъæугæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ ном равзар, æмæ дæ хъысмæт конд.
Раст зæгъгæйæ та, æмбарæм, алы ныййарæджы дæр кæй фæнды йæ сывæллонæн хорз ном равзарын. Уыцы «хорз»- æн та алкæмæн йæхи рахæцæнтæ æмæ æмбарынад ис.
Суинаг цæджындз
Арæх ма вæййы афтæ, æмæ номæвæрджытæ свæййынц ныййарджытæ сæхæдæг. Афтæмæй та сывæллоны райгуырдмæ фенхъæлмæ кæсынц æнæхъæн бинонтæй, æнæхъæн мыггагæй (о, афтæ дæр ма вæййы). Суинаг мадæлтæ рагацау балæууынц ном агурыныл, уымæй уайтагъд акъуырынц хиуæтты фæндон сывæллонæн ном раттын. Уый та дам куыд, мæхи йедтæмæ йын чи хъуамæ ратта ном? Уый мæ сывæллон у! Æз æй ныййардзынæн, фыдæбойнаг æмæ тухиаг æз фæуыдзынæн, ном та йын хъуамæ æндæр исчи ратта? О, уыдæттæ раст сты, фæлæ, æвæццæгæн, рох кæнын нæ хъæуы, дæ сывæллон канд дæу кæй нæу. Кæй йын ис хистæртæ, бинонтæ, мыггаг. Абон бирæ хиуæттæн сæ царды цин æмæ зæрдæйы рухс кæй у. Кæй нæ бацауæрддзысты сæ тыхтæ уыцы хиуæттæ, цæмæй сывæллон схъомыл уа аккаг адæймагæй. Цæмæй суа хорз кæстæр, стæй та - хорз хистæр. Цæмæй уа амондджын æмæ æнтыстджын. Уа бинонты æмæ мыггаджы цæджындз. Кæй зæгъын æй хъæуы, абон бирæ йæхицæн дæр нæу... Фæлæ, æвæццæгæн, архайын хъæуы хуыздæрыл.
Дзырд «ном»-ы уæз æмæ фарн
Ис æвзаджы ахæм дзырдтæ, æмæ сæ уæз фылдæр æмæ ахадгæдæр кæмæн у, сæ нысаниуæгмæ æмæ пайдакæнынадмæ гæсгæ. Зæгъæм, дзырдтæ «фарн», «бæркад» æмæ бирæ æндæртæ. Уыдонмæ хауы «ном» дæр. Ууыл дзуры, цалдæр нысаниуæджы йын кæй ис, уый, стæй ма дзы цавæр дзырдбæстыты пайда кæнæм, уый дæр.
Йæ фыццаг нысаниуæджы комкоммæ амоны «ном», «номæвæрд», «схуынд». Иннæ нысаниуæджы амоны «цыт», «кад», «намыс», «цæсгом». Ахъуыды ма йыл кæнут, цавæр æмбарынадтыл æххæссы - егъау, «номгæнæг», «цæсгомаразæг» æмбарынадтæ! Адæймаджы хъæды цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон баст сты ацы дзырдимæ. Дарддæр ма кæсут - дзырдбæстытæ. Адоны тынгдæр райгом дзырды пайдакæнынад. «Ном скæнын» - кад скæнын, афтæ бакусын, бацархайын, хи равдисын, æмæ дыл хорзы ном сбада. «Йæхицæн ном кæны» - фæзæгъынц иуæй-иутæй сæ архайды фæстиуджытæм гæсгæ. «Ном скодта йæхицæн» - кад, цыт бакуыста. «Ном ссарын» - адæймаджы æрхъуыды кæнын, æрымысын, зæрдыл дарын йæ ном. Дарддæр дзырд «ном»-имæ ис саразæн вазыгджын дзырдтæ: «номæвæрæг», «номæвæрæн», «номгæнæг», «номæгадгæнæг» æмæ иннæтæ. Уый дзурæг у, уæрæх лексикон амалхъом дзырд кæй у, ууыл.
Абоны царды афтæ арæх нал здæхæм номæвæрæны æгъдаумæ. Æмæ кæд ахæм парахат фæзынд нал у æмæ йæм арæх нал здæхæм, уæд дзырд «ном» нырма хæссы йæ нысаниуæг, архайæм дзы нæ æрвылбон царды, аразæм нæхицæн «ном». Хорз ном та сæфт макуы уæд!
Фæсныхас:
Алкæмæндæр, æвæццæгæн, уыдзæн йæ зонгæты, хиуæтты ’хсæн номæвæрæджы дæнцæгтæ. Зыдтон ахæмты, æмæ-иу æрмæст ном радтой сывæллонæн æмæ уыйадыл хъуыддаг ахицæн. Уый фæстæ цыма сывæллонмæ ницыуал бар дардтой. Куыд у, куыд рæзы, исты хъуаг у æви нæ, йæ фарсмæ балæууын хъæуы æви нæ, кæм дзыхы ныхасæй фæкæсын, кæм та æнæуи... Æппæт адæттæ рохуаты аззайынц. Уæдæ зыдтон ахæмты, æмæ номæвæрæны æгъдау гъæйттæй чи æххæст кодта. Уаргъыл æй нæ нымадтой, фæлæ бæрнондзинад æнкъардтой. Ахæмты та-иу хиуæттæ иууылдæр зыдтой, стæй сых дæр æмæ хъæубæстæ дæр.
Дæнцæгæн æрхæсдзынæн мæ хистæр чызджы номæвæрæджы Светæйы (Хъесан). 2000-æм азты базонгæ стæм Зæрæмæджы ГЭС-ы арæзтады. Иумæ бакуыстам цалдæр азы, хорз ахастдзинæдтæ нын сæвзæрд. Абоны онг дæр сæфт не сты, хæлардзинады уидæгтæ рæстæджы цыдимæ цыма хъæддыхдæр кæнынц.
Мæ хистæр чызг куы райгуырд, уæд дызæрдыггаг нæ уыд, нæ номæвæрæг чи уыдзæн, уый. Светæ ацы хъуыддаг банымадта кадджыныл, цингæнгæйæ райста йæхимæ ахæм хæс. Уæвгæ, æцæг ирон бинонты ’хсæн чи схъомыл, йæ мад æмæ йæ фыд ирон æгъдæуттæ æххæст кæнынæн æцæг дæнцæгæн хæссинаг кæмæн уыдысты, уымæн уый уыдис хъæугæ, æмбæлгæ, æхсызгон хъуыддаг. Хонгæ дæр æй ракодта йæхи чызджы номæй - Каринæ. Даргæ дæр æм кæны йæхи чызджы зæрдæ, раст мæ кæстæр чызгмæ дæр. Æстдæс азы бæрц бакуыста фæсарæнты: Европæйы, Америчы. Уыцы рæстæджы дæргъы стыр Атлантикæйы денджызы сæрты фервыста дуне хуынтæ æмæ лæвæрттæ. Уымæй канд махæн нæ, фæлæ кæй нæ барæвдыдта хионæй, сыхагæй Алагиры, ахæм нæй. Голладжы дзаг-иу мæ чызджытæн уæлæдарæс куы сæрвыста æмæ бирæ лыстæг лæвæрттæ, сывæллæттæ цин кæуыл фæкæнынц, ахæмтæ, уæд-иу мæ мæ цот бафарстой, цæмæ йæ хъæуынц ацы зындзинæдтæ, цæмæн йæхи тыхсын кæны. Загътониу сын, уыдæттæ иууылдæр хорз ахастдзинæдты фæстиуджытæ кæй сты, стæй йæ номæвæрæджы бæрнондзинад кæй æмбары æмæ йæ æхсызгонæн кæй æххæст кæны, зæгъгæ. Уымæй æхсызгондæр та мын вæййы, зæрдæйæзæрдæмæ семæ кæй фæныхас кæны, уый. Бирæ тугхæстæг хиуæттимæ мæ цот афтæ нæ аныхас кæндзысты.
Хъайтмазты Заремæ
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



