Хæстæ æххæсткæныны æнкъарынад

Газет «Слово»-йы радон уазæг - Тыджыты Сослан. Скъолайæ райдыдта дысвæлдæхтæй архайын æхсæнадон царды. Абон у сфæлдыстадон центр «Заря»-йы сæргълæууæг. Æрыгон уæвгæйæ йæм ныридæгæн ис 20 азы фæлтæрддзинад сывæллæттимæ куысты. Нæ республикæйы йæ зонынц куыд курдиатджын, дзырддзæугæ адæймагæй. Ис æм йæхи цæстæнгас лыггæнинаг фарстаты æмæ йæхи уынынад. Уыдон æм фæзындысты йе стыр фæлтæрддзинады фæрцы: æртæ уæлдæр ахуырады райста æмæ алы ран дæр æнгом куыст кодта студенттимæ; бакуыста Фæсивæды хъуыддæгты æмæ спорты министрады; Горæтгæроны ахуырады управленийы хицауы хæдивæгæй; Фæсивæды социализацийы центры; Æфсæддонпатриотон хъомыладон центры; æфсæддон-спортивон лагеры «Балц»-ы; Фæсивæдон-спортивон лагер «Хохаджы»; Сывæллæтты центр «Тæмискъ»-ы директоры хæдивæгæй хъомыладон-ахуырадон куысты. Фæсивæдимæ архайд йæ зæрдæмæ арф райста. Уымæй алы къæпхæнты дæр бакуыста: скъоладзаутимæ, студенттимæ, зын сывæллæттимæ. Хорз базыдта сæ психологи æмæ йын абон у æнцон ссарын иумæйаг æвзаг алкæимæ дæр.
Фæсивæдимæ фембæлдтыты арæх радзуры, æфсадмæ куыд бахаудта, уыцы цау. Иу скъолайы сывæллæттæн дзырдта, æфсадмæ цæуын кæй хъæуы æмæ нæлгоймаг йæ хæс кæй хъуамæ ратта фыдыбæстæйы раз, ууыл. Уым иу лæппу сыстад æмæ йæ бафарста, барæхойыны номыл нæ, фæлæ йæм цымыдисаг каст, дæхæдæг дам кæм службæ кодтай. Уæд нырма студент уыд Сослан, æмæ йæ сайгæ дæр нæ акодта, загъта йын, кæй нæма баслужбæ кодта, фæлæ йæ фæндты ис. Тынг хардзау æм æркастис, куыд фæзæгъынц, йæ цард адих уыцы фарсты фæстæ «уый размæ» æмæ «уый фæстæ»-йыл. Дыккаг райсом ахуырмæ дæр нал ацыд, фæлæ бацыд военкоммæ, йемæ хорз зонгæ уыд куысты фæдыл. Уый йæ нæ бамбæрста, æмæ йын афтæ, цавæр мадзалы фæдыл, цавæр темæйыл дзурдзыстут? Службæ кæнынмæ цæуын ын, зæгъгæ, бакодта. Къуырийы фæстæ балæууыд æфсады æмæ йын хорз мысинæгты ’хсæн баззад.
Нæ ныхасы куысты коймæ Сосланы цæстытæ ахæм цæхæр калдтой, æмæ загътон, ацы адæймаг йæ бынаты ис. Æрдзырдтам «Заря»-йы архайдыл, ныййарджыты æххуысыл центрæн, мадæлон æвзаг æмæ аивады фæндаг фæлтæрдджын дæсныйы цæстытæй, не ’гъдæутты ивддзинæдтыл æмæ хистæрты бæрнондзинадыл се ’ххæст кæныныл, патриотон хъомыладыл.
- Абон «Заря» цæмæй цæры?
- Центр «Заря» у нæ республикæйы сывæллæтты аивæдты галуаны дæлбазыры хайад, хауы Республикæйы сывæллæтты галуаны куыстмæ. Ис дзы 30 иугонды, цæуы сæм мин æмæ æрдæгмæ ’ввахс сывæллоны. Нæ куыст у æвæрд уæлæмхасæн ахуырады лыггæныны фарстатыл. Ардæм сывæллæттæ цæуынц сыгъдæг зæрдæйæ, æнувыдæй. Раттæм сын сертификат, уал азы фæахуыр кодта, зæгъгæ, бæрæг хайады. Ис нæм зарæггæнджыты къорд, кафджыты, националон инструментты ансамбль, архайынц дзы хъисын фæндыр æмæ дала-фæндырæй, шахмæттæ, дыууæ нывгæнæн студийы, æрмдæсныйы къордтæ, доулийыл цæгъдджытæ, æндахæй нывтæ æвæрыны кружок, дыууæ театралон студийы, рагжурналистикæйы скъола, рæсугъд дзурджыты къорд æмæ æндæртæ. Алыхуызон къордтæм, кружоктæм цы сывæллæттæ æрбацæуы, уыдон фыццаг вæййынц æхгæд, фæлæ дзы куы бацархайынц, уæд сæ фылдæр хай хорз раргом кæны йæхи. Уæлæмхасæн ахуырады цыдæриддæр къæпхæнтæ ис, уыдонæй иу дæр нæ ауагътам, алкæуылдæр дзы кусæм. Кæд абон мах нæ уавæртæм гæсгæ ноджы фылдæр сывæллæттæ райсын нæу, уæддæр цæмæй нæ куыст фылдæр æмæ хуыздæр уа, фылдæр сывæллæттыл апарахат уа, уый тыххæй кусæм горæты æмæ республикæйы скъолатимæ иумæ. Нæ куыстæн хатдзæгтæ дæр скæнæм. Аз дыууæ хатты нæм вæййы хатдзæгон мадзæлттæ, центрмæ æрбацæуынц æмæ уым сæ дæсныйад равдисынц.
- Ныййарджыты æххуыс куыд нæ ’нкъардзыстут.
- Махæн нæ центрæн рауадис ссарын иумæйаг æвзаг ныййырджытимæ. Баиумæ стæм семæ æмæ кусæм сывæллæтты райсомы рæсугъд боныл. Исты мадзæлттæ цæттæгæнгæйæ, алы къорды цы ныййарджыты комитеттæ ис, уырдæм фæсидæм, æмæ никуыма уыдис афтæ, цæмæй нæ фарсмæ ма ’рбалæууой. Уыдонимæ нын иу хъуыды куы нæ уа, нæ ныхас иу куы нæ уа, уæд афтид мах куыстæй ницы рауайдзæн.
Уымæй уæлдай, нæ республикæйы Ахуырады æмæ наукæйы министрад кæддæриддæр стыр хъус лæвæрдта куыд ахуырады, афтæ уæлæмхасæн ахуыры фарстатæм. Абон бирæ фарстатæ цæуынц лыг, бирæ æрмæг лæвæрд цæуы куыстуæттæм. Цы нæ проектты бацархайынц, ахæм нæй. Нæ алы къахдзæфæй дæр нын Элла Алибекова афтæ фæзæгъы, цæмæй йæ ’мбарæм, цы мидис дзы ис, цы рахæсдзыстут сывæллæттæн, зæгъгæ. Хъæцмæзты Гермæн та у нæ сæргълæууæг, æмæ йæм кæдфæнды дæр цæмæфæнды дæр баулæф, бирæ рæстæг дæр нæ рацæуы æмæ фарст лыггонд æрцæуы. Ахæм куысты уаг куы уа, уæд æнцон кусæн у.
- Сымах хуызæн куыстуæттæй рацæуынц суинаг дæснытæ, алы къабæзты архайджытæ. Куыд фæлтæрдджын кусæг, афтæ дæм уыдзæн дæхи цæстæнгас, куыд хуыздæр бакусын хъæуы, цæмæй аивад дæр, мадæлон æвзаг дæр рæзты фæндагыл цæуой?
- Ахуыр кодтон 29-æм скъолайы. Директор дзы уыд Галазты Юрий Хаджимырзæйы фырт. Тынг сахадыдта мæ дарддæры цардыл. Кæддæр дзы ахæм ныхас фехъуыстон ныййарджыты æмбырды рæстæг: «Мах хъуамæ райсомы бонмæ рауадзæм æрмæст ахуыргонд адæм нæ, фæлæ ма цæмæй уыдон сæ культурæ уарзой, сæ истори зоной, сæ фыдæлтæй сæрбæрзонд уой, сæ ном сын хъуыды кæной, ууыл архайой, цæмæй сæ суинаг фæлтæртæн рæсугъдæй хæццæ кæной».
Нæ центры куысты стыр бынат ахсы мадæлон æвзаг. Арæх вæййы, æмæ сывæллоны бафæрсын иронау æмæ мæ нæ фембары. Бафæрсын æй, йæ мыггаг кæмæй у. Ирон мыггаг куы фæзæгъы, уæд мын тынг хъыг вæййы, смæсты вæййын. Сывæллоны аххос нæу. Алыхатт бинонты аххос дæр нæу. Аххоссаг сты, сывæллонæн йæ алфамблай чидæриддæр ис, уыдон: хæдзар, сыхæгтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, скъолатæ. Абон мах иннæ предметтæ раразмæ кодтам, репетитортæ дæр ма æххуырсæм, фидæм сын. Иннæ предметты аууон цæмæ хъуамæ уа не ’взаг?
Аивадыл дзургæйæ та, нæ хореогрæфтæн фæзæгъын, алкæйы адæмыхаттыты кæфтытæ хорз сты, фæлæ уал фыццаджыдæр хъуамæ бацамонæм нæхи кæфтытæ, нæхи аивад. Цæмæн? Махæн нæ алы акъахдзæфы дæр ис стыр мидис.
Бæрæгбæттæ куы ’рбахæццæ кæнынц, уæд алы къордтæн сæ кой ракæнæм, сбæрæг сæ кæнæм. Гæнæн нын кæм фæвæййы, уым хистæрты дæр æрбахонæм. Уыдон дæр сын радзурынц, бацамонынц. Цас фылдæр хъусой æмæ архайой ахæм мадзæлтты, уыйас фылдæртæ бахъуыды кæндзысты. Зæгъæм, бæстон радзурæм чындзæхсæвы æгъдæутты тыххæй, афтæ кæнæ æндæр хуызон дзы кæнын цæмæн хъæуы, алы кхъахдзæфыл дæр æрдзурæм.
- Иууылдæр æй æмбарæм, æнæ ивддзинæдтæй дæр кæй нæ рауайдзæн æгъдæуттæ бахъахъхъæнын...
- Цард цæуы æмæ ивы, йæ домæнтæ дæр ивынц. Афтæ нæ зæгъын, æмæ бынтон æнæивдæй баззайой, фæлæ дзы мæнæ адæмæн се сконды вазыгджындæр хабæрттæ цы сты, уыдон нæ бахъахъхъæнын хъæуы. Ис сын ахæм мидис, баивæн кæмæн нæй. Цы ивæм, ууыл та хъуамæ хъуыды акæнæм, цæмæн æй ивæм æмæ дзы цы рахæсдзыстæм. Сывæллæттимæ дæр лæмбынæг куыст уымæн кæнæм, цæмæй æмбарой, хи дарын куыд хъæуы алы ран дæр, кæм цы зæгъын хъæуы, хистæртимæ хи куыд дарын хъæуы.
- Ныртæккæ, хъыгагæн, бирæ хистæртæ дæр нæ фæзонынц æвзаг, æгъдæуттæ. Бирæ хъуыддæгты раз нæ балæууынц, бæрнондзинад сæхимæ нæ исынц.
- Фæстаг рæстæг нæ ных уыцырдæм тынгдæр уый тыххæй сарæзтам. Бирæ хистæртæ фæзæгъынц, æз нæ зонын, цы зæгъон, уый нæ зонын. Бауырнæд уæ, алчидæр алцыдæр зоны, фæлæ сæхимæ бæрнондзинад нæ исынц. Афтæ æнцондæр нæу? Нæ аиппдзинад ирон адæмæн уый мидæг ис, гыццыл кæй стæм æмæ нæм алыхуызон æгъдæуттæ кæй ис. Æз афтæ бакæнин, куы мæ фæрсиккой, уæд: æз æй нæ зонын, куыд у раст, фæлæ мæнæ мæ хъуыды зæгъдзынæн. Кæрæдзимæ хъусгæйæ æрцæудзыстæм иу хъуыдымæ. Кæстæртæ дæр нæм кæсдзысты æмæ сæхи ахуыр кæндзысты. Уайдзæф æмæ хъоды куы кодтой ирон адæм, уæд æфсæрмы дæр кодтой, тæрсгæ дæр кодтой. Иуæй-иухатт раст куы нæ фæкæнæм не ’гъдæуттæ, уæд иуварс фæлæууынц хистæртæ, уайдзæф дæр нæ бакæнынц, амонгæ дæр нæ фæкæнынц, цы мæ хъуыддаг ис, зæгъгæ, ныхас æрхауыны тæссæй. Афтæ раст нæу.
- Алцыдæр хорз куы уа, уæд уый хорз, фæлæ æнæ риссаг фарстатæй дæр нæ вæййы. Мæнмæ гæсгæ уыдонæй иу у, рæстæгæй-рæстæгмæ уæ центрыл сæ цæст кæй æрæвæрынц æмæ бирæты кæй бахъæуы, уый. Цы зæгъдзынæ уыцы уавæрмæ гæсгæ?
- 40 азæй фылдæр центр «Заря»-йы сæргълæууæгæй бакуыста Мзокты Аллæ Семены чызг. Цал æмæ цалимæ фæтох кодта, кæддæриддæр-иу кæйдæр хъуыди, йæ бынат горæты астæу кæй у, уымæ гæсгæ. Хъыгагæн, ахуырады къæпхæнæн сæ никуы хъуыдис, хъуыдис сæ кафетæн, ресторантæн æмæ афтæ дарддæр. Сывæллæтты райсомы боныл дзы ничи хъуыды кодта. Кæддæр уыди кинотеатр, ныр 40 азæй фылдæр хауы Наукæ æмæ ахуырады министрадмæ, 2019 азæй та сси Сывæллæтты галуаны структурон хайад. Мах абон сæрмагондæй кусæм скъолатимæ, фæлæ нæ цæстæнгас дарæм колледжтæм дæр, нæ бон цы у, уымæй сæм кæсæм уæлæмхасæн ахуырады лыггæныны фарстаты. Хъыг мæм уый кæсы, æмæ уыцы адæм, йæ сæры ахæм хъуыдытæ кæмæн вæййы, махæн æй раттæнт, зæгъгæ, афтæ цæуылнæ ахъуыды кæнынц, цы фæуыдзысты ардæм цæуæг 1500 сывæллоны? Сæ ныййарджытæн цы хъуамæ зæгъæм? Мæ размæ цы сылгоймаг куыста, уый тынг хорз бакуыста уæлæмхасæн ахуырады. Цы нæ хæрзиуджытæ сæм уыд, цас хорз адæм дзы рацыд! Уыцы сывæллæттæй абон бирæтæ сæхæдæг дæр нæ центры кусынц ахуыргæнджытæй, иннæтæ республикæйы кафджыты бирæ къордтæн сты разамонджытæ, зындгонд нывгæнджытæ дзы рацыд, дарддæр хæццæ кæнынц нæ ирон аивад, нæ мадæлон æвзаг канд нæ республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы горæтты. Æмæ уыдæттæ цæуылнæ хъуыды кæнынц, центр райсыныл чи фæхъавы, уыцы адæм? Уый у сывæллæтты бынат. Цас фылдæр ахæм бынæттæ уа, нæ райсомы рæсугъд боныл чи архайы, кæстæртæ æмæ фæсивæд кæм æмбырд кæной, кæм архайой, уас хуыздæр, уымæн æмæ абон æнæхъæугæ æрыгон змæлдтытæ дæр бирæ ис, æмæ уынгæй цас фылдæр сывæллæттæ акæнæм, æмæ цас фылдæр ахæм бынæтты архайой, уас хуыздæр.
Хуыцаубон нымад у улæфæн боныл, фæлæ нæм хуыцаубоны та архайынц ахæм сывæллæттæ, се ’нæниздзинад æфхæрд кæмæн у. Ис сын хицæн театралон студи «Æртхур», 30 сывæллоны сты. Æрмæст уыдонæй куы байсæм уыцы бынат, уæддæр стыр тæригъæд хъуыддаг у.
- Куыд зонын, афтæмæй патриотон хъомыладмæ стыр хъус дарут.
- Æнæмæнг. Ацы куысты æмæ иннæты дæр къухы цы бафты, уый æрмæст мæ куыст нæу, фæлæ ме ’мкусджыты, нæ ахуыргæнджыты. Нæ центры сывæллæттæ сты иу бинонты хуызæн, кæрæдзийыл æнувыд не ’мкусджыты фæрцы.
Сæрмагонд хæстон операцийы архайджытимæ саразæм æмбæлдтытæ, раттæм концерттæ. Æрæджы ныййарджытæм фæсидтыстæм гуманитарон æххуысмæ, æрымбырд дзы мс 50 хызыны, бахастам сæ хæстон госпитальмæ, концерт дæр сын радтам. Уый фæстæ сывæллæттæ байуæрстой сæхæдæг сæ лæвæрттæ, госпиталы чи уыдис, уыцы салдæттæн.
Патриотизмы тыххæй та афтæ хъуыды кæнын. Цы у куы фæфæрсынц, уæд фæзæгъын: у де хæстæ æххæсткæнæны æнкъарынад, кæм кусыс, уым. Мæ куысты мидæг ме ’мкусджыты раз цы хæстæ лæууы, уыдонæн лæмбынæг дзуæппытæ куы дæттон, куы домон, уæд уый нымайын патриотизмы æвдисæныл мæнырдыгæй уæлæмхасæн ахуырадмæ. Ахуыргæнæг алы темæмæ дæр бæстон йæхи куы бацæттæ кæна, уый дæр та патриотизмы æвдисæн. Уынгтæ чи мæрзы бæстон æмæ сыгъдæг, уый дæр афтæ. Дзулфыцæг дæ куы нæ асайа, къаддæр хыссæйæ куы нæ сфыца дзул, уый дæр та у патриотизм. Хицауады чи кусы, уыдонæй афтæ чи фæзæгъы, алæма сбадæм иумæ, ахъуыды кæнæм нæ адæмы райсомы хуыздæр боныл, куыд растдæр бакусæм, уыдон дæр æвдисынц патриотизм. Афтæ алы дæсныйады кусджытæ. Ахæм цæстæнгас куы ’вдисай, уæд уый хонын патриотизмы æвдисæн, æнкъарæн. Афтæ чи фæзæгъы, æз уарзын мæ Ирыстон, Уæрæсе, уыдоны бафæрсин: цæмæй бæрæг кæны? Хæрзхъæд куыст куы бакæнай дæ куыст, дæ дæсныйады, уæд равдыстай, патриотизмыл хæцт кæй дæ, уый.
Хъайтмазты Заремæ
Къам ист у Тыджыты Сосланы архивæй