Йæ фарн а уæтты æрцард
Нæ Иры фарны хъæбул, номдзыд поэт, драматург, фыссæг, публицист, этнограф, публицист, журналист, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст бынæттæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, стæй нæ бæстæйы æмæ суанг раздæры Советон Цæдисы горæтты иу æмæ дыууæ нæй. Дзæуджыхъæуы цы хæдзары цард, уый ныр у Мемориалон музей. Байгом æй кодтой 1979 азы. Цæмæй дзы номдзыд поэты стыр фарн æмæ намысыл дзурæг артдзæст куыд мемориалон музей, афтæ сырæза æмæ байгом уа, ууыл фыццагдæр иттæг зæрдиагæй бацархайдта номдзыд драматург, фыссæг, Ирыстон æмæ нæ бæстæйы музейты змæлды зæрдиаг æмæ бæстон архайæг, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, УСФСР-йы культурæйы сгуыхт кусæг Хуыбецты Рая. Цавæр уыд йæ ивгъуыд, цы хуызы хæссы абон музей Ирыстоны адæммæ, уазæгуаты нæм чи ’рбацæуы нæ бæстæ æмæ дунейы алы рæттæй, уыцы адæмтæм Хетæгкаты Къостайы цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдыл дзурæг æрмæджытæ, уый базоныны тыххæй аныхас кодтам йæ сæргълæууæг Отарты Зæлинæимæ.
- Зæлинæ, Хетæгкаты Къостайы мемориалон музейы историйы тыххæй уал ма нын радзур.
- Иры номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къоста ацы хæдзары кæй цард, уый рагæй дæр зыдтой Ирыстоны æхсæнадон, зонадон æмæ сфæлдыстадон архайджытæ. Мемориалон хæдзар-музейæн стыр хæрзты бацыдысты æмæ дзы куыстой зындгонд драматург Хуыбецты Рая, зындгонд тæлмацгæнæг æмæ дины кусæг Бырнацты Марат, музейы рæзтыл зæрдиаг аудæг æмæ хъуыдыгæнджытæ Реуазты Анатоли, Хъесаты Эльзæ (уыди йæ директор), зонадон кусæг Гуытъиаты Иринæ. Æз дзы алы рæстæджыты куыстон зонадон кусæгæй, ныр та дæн музейы сæргълæууæг. Раздæр уыдтæн Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы хистæр зонадон кусæг. Уым дæр фылдæр-фылдæр ме ’ргом здæхтон нæ номдзыд поэты цард, бирæвæрсыг сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдмæ. Йæ Мемориалон хæдзар-музейы сæргъы мæ куы сæвæрдтой, уæд та ноджы зæрдиагдæрæй кусын йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ баст бынтæ æмæ бæрæггонд цаутæ алы кары адæммæ хæссыныл, Къостаимæ баст мæ размæ ацы музейы цы æрмæджытæ уыд, уыдон хъахъхъæныныл æмæ нæ фондтæ ног æрмæгæй хъæздыг кæныныл. Ууыл мемæ зæрдиагæй архайы ме ’мкусæг, зонадон кусæг Гуыдиаты Ия.
- Музейы бæстыхайы тыххæй та цы зæгъдзынæ?
- Ацы бæстыхай 1860 азты балхæдтой æмæ дзы цардысты Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вокзалы кусджытæ Федор Михайлов æмæ йæ бинойнаг Софья Михайлова. Стыр дыууæуæладзыгон хæдзар у. Ис дзы цæхæрадон дæр. Дардтой суанг лæггадгæнджыты дæр. Хетæгкаты Къоста дзы æрцард, æрвыстæй Херсонæй куы ссыд ноябры 1901 азы Дзæуджыхъæумæ, уæд. Фæцарди дзы фыццаг уæладзыджы. Дыууæ уаты райста фатеры. Йæ бахизæн дуар уыд хицæн (ныр Ботойы-фырты уынджы ’рдыгæй). Уыди дзы йæ уат æмæ æрмадз. Нывтæ дзы кодта. Советон дуджы дзы уыд коммуналон хæдзар. Нæ номдзыд поэты царды рæстæгæй дзы абонмæ баззад йæ рудзгуытæ (ставни), йæ пъол æмæ царыл нывæвтыдтæ (лепнина). Фæндыди мæ нæ музеймæ ныртæккæйы æрбахизæнæй уæлдай, Къоста-иу йæ дыууæ уатмæ цы тыргъыл æрбахызти, уый дуар ногæй раздæрау байгом кæнын, фæлæ мæ къухы нæмæ бафтыди. Дыууæ уаты цæргæйæ, Къоста йæ фатеры хицæуттимæ бадзырд кодта афтæ, цæмæй йыниу райсомы аходæн дæр сæхæдæг цæттæ кæной. Уазæг дæриу æм цыди ацы дыууæ уатмæ, стæй-иу нывтæ скæныны тыххæй заказгæнджытæ дæр ардæм цыдысты. Афтæ зæгъæн ис, æмæ фылдæр цард, йæ аивадон куыстытæй цы ’хца иста, уыдонæй. Йæ литературон архайд ын ницы уыйбæрц æххуыс уыд цæрынæн. Къостайæн йæ хорз хæлар, номдзыд нывгæнæг Василий Верещагин цы ахорæнтæ балæвар кодта, уыдон дæр ын ацы бæстыхайы йе ’рмадзы рудзынгæй адавтой, уыцы цау алы фæлтæры литературæуарзджытæн, нæ литературæиртасджытæн æмæ историктæн зонгæ æмæ зындгонд у. Уый уыд 1902 азы. Къоста йæхæдæг йæ ахорæнты адавды тыххæй газет «Терские ведомости»- мæ хъусынгæнинаг дæр радта, фæлæ сæ нал ссардта.
- Музеймæ ног æрмæг цас арæх æмæ цы хуызы ’рбафты?
- Ацы Мемориалон хæдзармузейы æрмæг ист у фылдæр Цæгат Ирыстон-Аланийы Национ музейы фондтæй (мах музей у йæ филиал), ис нæм æрмæг Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейæ дæр. Фæлæ нæм нæ республикæйы цæрджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, нæ бæстæйы алы горæтты цæрæг ирон адæмæй, стæй æндæр адæмыхæттытæй дæр æрбафты Къостайы цардимæ баст æрмæджытæ. Алы кары адæм сæ хæссынц, лæвар кæнынц музейæн зæрдиагæй. Зæгъæм, Къоста цы лæдзæджы æнцæйтты цыди, уый музеймæ æрбахаста мидхъуыддæгты ветеран, æхсæнадон архайæг, уацау «Дорога, мощенная слезами»-йы (æвдисы дзы Хъæрæсе-Черкесийы ирон хъæу Лабæйы истори æмæ алы дугты адæмы цард) автор Баскаты Вадим. Йæ фыдæлтæ дæр Лабæйы цардысты Вадимæн æмæ йын ацы хъæумæ йæ иу балцы рæстæг номдзыд поэты лæдзæг балæвар кодта Къостайыл саргъауæг сауджын Гагкайты Иосифы хæстæг. Куыд базыдтам, афтæмæй лæдзæг Иосифæн йæ рæстæджы радта поэты хо Ольгæ. Къостайы хи дзаумæттæй нын тынг зынаргъ у йæ рон æмæ хъама. Уыдон та Къостайы хо балæвар кодта (Къостайы дыууиссæдзæм боны кæнды фæстæ) сæ хæстæг Дзанайты Никъалайæн. Уый йæ сабийы кары баззад сидзæрæй. Схъомыл æй кодта Къостайы фыд Леуан. Никъала куы ралæг, уæд уæлдæр ахуырад райста. Царди Мæскуыйы. Йæ чызг Лидия Куликова бахъахъхъæдта стыр хæзнайау Къостайы хъама æмæ рон. Музейы раздæры сæргълæууæг Хъесаты Эльзæ 1980 азты кæрон ацыд Лидиямæ. Лæвæрттæ дæр ын аласта музей æмæ йæхи номæй. Уый та йын хъама æмæ ронæй уæлдай æхсызгонæй æмæ зæрдиагæй музейæн радта Къостайы ирон æмдзæвгæты чиныг «Ирон фæндыр»-ы 1899 азы рауагъды экземпляр æмæ номдзыд поэты цардыл дзурæг къамтæ. Йæ ахæм арфæйаг балц æмæ хæзнаты тыххæй Эльзæ уыцы рæстæг ныффыста сæрмагонд уац газет «Рæстдзинад»-мæ «Къостайы хъама», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Рон æмæ хъама Никъала йæ чызг Лидияйæн фæдзæхста æрмæстдæр Ирыстонмæ бафтын кæнын. Ацы зынаргъ дзаумæтты хабар мах фехъуыстам Никъалайы зонгæйæ. Дзæуджыхъæуы уыди æмæ нæ музейы рæзты æрбацыди æмæ хъама æмæ роны хабар радзырдта. Уæд Эльзæ ацыди Мæскуымæ. Ис ма нæм стъолæмбæрзæн хъæдабæ хъуымацæй. Уый та Петербурджы Къоста балхæдта йæ фидæны бинойнаг Хуырымты Еленæйæн (Лулуйы) хæстæг Барахъты Андрейы чызг Марияйæн лæварæн. Уый та йæ фæстæдæр балæвар кодта йæ кæстæры-кæстæр Хуырымты Верæйæн. Уый дæр разынд нæ культурæ æмæ аивадæн æнувыд кад æмæ лæггадгæнæг. Бирæ азты фæкуыста Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы. Къостайы ном æмæ сфæлдыстадæн стыр кад æмæ аргъ кæнынц Стъараполы горæты дæр. Йæ номыл ис сæрмагонд мемориалон уат се ’мбæстаг номдзыд нывгæнæг, Къостайы ахуыргæнæг æмæ хорз хæлар Василий Смирновы мемориалон музейы. Æз дзы æрæджы дæр уыдтæн. Тынг хорз мыл сæмбæлдысты йæ разамынд æмæ кусджытæ. Бирæ рæстæг дзы фæдæн сахæттæм гæсгæ. Уыцы музейæ та нæм æрбафтыд Хетæгкаты Къоста йæ рæстæджы Василий Смирновæн цы тамакоæвæрæн «Арабчонок» балæвæр кодта, уый. Стъараполы музейы æвæрæнты та фæзынд Смирновы чызг Нинæйы руаджы. Уый йæ радта Ирон литературæйы музейæн, йæ рæстæджы ма экспозици Ирон аргъуаны бæстыхайы куы уыд, уыцы азты. Номдзыд поэт ыл йæхи къухæй афтæ ныффыста: «Другу и учителю, дорогому В. И. Смирнову. Коста». Йемæ ма уыд альбом Къостайы зæрдиаг ныхæстимæ йæ ахуыргæнæджы номыл «В. И. Смирнову от благодарного ученика. Коста». Альбомимæ ма уыд Къостайы къухæй нывгонд гæххæттыл уарди. Йæ рæстæджы нæ музейы экспозицийыл бындуронæй бакуыстой æртæ хатты. Йæ бæстыхай та йын 27 азы размæ бындуронæй сцалцæг кæныныл бацархайдта нæ республикæйы Парламенты раздæры депутат Дзагуырты Атарбег. Канд музейы цалцæгыл нæ бацархайдта, фæлæ ма нын бакодта нæ рухстауæн, иртасæн архайды нæ тынг чи хъæуы, ахæм лæвæрттæ дæр. Хъыгагæн, не ’хсæн нал ис. Рухсаг уæд. Йæ ном æмæ хорздзинад нæ рох нæу æмæ нæ уыдзæн.
- Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст æрмæг æмбырд кæнынæй æмæ иртасынæй уæлдай ма уæ архайды хæстæ æмæ нысантæ цавæр сты?
- Аразæм аивадон куыстыты иудадзыгон равдыстытæ. Бастдзинæдтæ нын ис Нывгæнджыты, Фысджыты, Композиторты цæдистимæ. Вæййы нæм тематикон изæртæ, равдыстытæ, конкурстæ, фембæлтæ. Æнгомæй æмгуыст кæнæм нæ иумæйагахуырадон скъолатимæ, астæуккаг æмæ уæлдæр профессионалон ахуырады артдзæсттимæ, нæ республикæйы, Цæгат Кавказ æмæ нæ бæстæйы музейтимæ, РЦИ-Аланийы паддзахадон архив æмæ Национ зонадон библиотекæимæ, Абайты Васойы номыл Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институтимæ. Архайæм республикæйы телеуынынад æмæ радио «Алани»-йы бакастыты æмæ равдыстыты. Ис нын æнгом бастдзинæдтæ нæ республикæйы газеттæ «Рæстдзинад», «Северная Осетия», «Слово»-йы, журналтæ «Мах дуг», «Дарьял», «Ногдзау»-ы редакцитимæ.
Æрæджы Стъараполы уыд Æппæтуæрæсеон зонадон конференци «Помните! Через века, через года...» Архайдтой дзы нæ бæстæйы музейты разамонджытæ æмæ зонадон кусджытæ. Йæ нысан æмæ хæстæ, цы докладтæ дзы кастысты, уыдон баст уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизыл 80 азы юбилеимæ. Æз мæ доклады «Диалог с поэтом: строки, опаленные войной» радзырдтон Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты чиныг «Ирон фæндыр» (1939 азы рауагъд) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Быгъуылты Чермен тохы быдырмæ куыд ахаста, уым æй цы уавæрты касти, Къостайы дзырд æмæ йын хъуыды ныфс æмæ хъару куыд лæвæрдта, стæй ацы зынаргъ чиныг йæ риуы дзыппы кæй дардта æмæ уый руаджы мæлæтæй кæй фервæзт, уыцы хабæрттæ. 1960 азты Чермен немыцы нæмыгдзæф «Ирон фæндыр» радта Ирон литературæйы музеймæ. Ныр дæр ис уым. Йæ алы сыфыл дæр нæмыгдзæфы фæд зыны. Ис сыл фыст Чермены хъуыдытæ Къостайы æмдзæвгæты тыххæй дæр. Уыцы чиныг федтой конференцийы æппæт архайджытæ æмæ йыл æхсызгонæй дис кодтой. Мæ доклад мыхуыры рацыд зонадон конференцийы æрмæджыты сæрмагонд æмбырдгонды дæр.
Хетæгкаты Къостайы номыл канд йæ райгуырæн бон - 15 октябры нæ, фæлæ йæ мæлæн бон 1 апрелы нæ музейы æмæ нæ Национ музейы æмæ йæ филиалты разамонджытæ æмæ зонадон кусджытæ, цæстдарджытæ ацæуæм йе ’нусон бынат Ирон аргъуаны пантеонмæ. Нæ фæндаг уырдæм вæййы фистæгæй. Йæ номимæ баст цы арæзтæттыл æмæ бынæттыл æмбæлæм фæндагыл, уыдоны тыххæй мæхæдæг радзурын ме ’мкусджытæн бæстон æмæ бæлвырдæй. Куы ’рбаздæхæм, уæд Къостайæн йæ рухсаджы номыл фынджыдзаг дæр скæнæм, йæ ном ын ирон зианы фынгæвæрды æгъдаумæ гæсгæ æрымысæм.
- Къоста цы хорздзинадмæ бæллыд йæ ирон адæмæн, уый фæдзæхстытæм гæсгæ цæмæй цæрæм, уый тыххæй цы хъæуы саразын мах, дæумæ гæсгæ?
- Нæ адæм зондæй, уынд æмæ хъаруйæ, алцæмæй, алывæрсыгæй дæр Хуыцауæй арфæгонд сты. Фæлæ не ’хсæн иудзинад æмæ кæрæдзийы æмбарынад хуыздæр хъуама уа. Хистæр йæ кæстæрæн зондамонæг, кæстæр та хистæрæн кад æмæ æгъдаудæттæг куы уа, чиныг, ахуыр æмæ зонд, уды рæсугъддзинады фæндагыл куы цæуæм, мулк æмæ æндæр материалон хорзæхты цæстæй куы нæ кæсæм кæрæдзимæ, уæд нæ абон æмæ фидæн уыдзысты Къостайы уды рухс æмæ фарны аккаг!
- Бузныг, Зæлинæ, дæ бæстон æмæ мидисджын дзуæппыты тыххæй.
Æрмæг бацæттæ кодта Гасанты Валери.
Авторы ’рвыст къам



