Чи базыр, чи сыкъа - мыггæгты равзæрд
Кæй зæгъын æй хъæуы, хохаг адæмы цард æнгом баст у, сæ алыварс цы сырдтæ цæры, уыдоны цардимæ. Уый зонгæйæ, диссаг нæу, кæцыдæр ирон мыггæгтæ сæ равзæрд кæй бæттынц цавæрдæр сырдимæ. Тменаты Дз. йæ наукон куысты «Тотемические воззрения в генеалогических преданиях осетин» ранымадта æхсай дыууæ мыггаджы, кæцытæ сæ рагфыдæлы хонынц цавæрдæр сырд. Зæгъæм, Арсæгатæ, Æрситæ, Æрсойтæ, Хуыбиатæ, Беджызтæ – бæттынц сæ равзæрд арсимæ. Бирæгътæ – бирæгъимæ. Робæстæ æмæ Цæголтæ – рувасимæ, Саккатæ – сагимæ æмæ афтæ дарддæр.
Куыд равзæрдысты ацы æмæ бирæ æндæр мыггæгтæ, ирон адæм амонынц таурæгътæ æмæ радзырдты. Сæрмагонд дæнцæгæн ис æрхæссæн Нарты кадджытæ. Тменаты Дз. куыд фыста, афтæмæй ахæм адæмон сфæлдыстады æвдыст цæуы, «тотемизм» кæй уыд фыццæгты дины кæцыдæр хуыз, адæмы уый кæй уырныдта æмæ сæ равзæрд æргом баст кæй у кæцыдæр сырдимæ. Уый у тотемизмы сæйраг миниуæг æмæ амоны сæрмагондæй ацы мыггаджы тотемон сырд чи у, уый. Уыимæ тотем Хуыцауыл нымад нæ цыд, уый хъуамæ æмбарæм. Фæлæ тугæй баст у, цы мыггаг равзæрын кодта, уыимæ.
Нарты хистæр уыд Уæрхæг – йæ ном нысан кæны «бирæгъ». Уый тыххæй фыста Абайты Васо дæр: «Кæцыдæр рагæнусы ирæтты фыдæлтæ бирæгъ нымадтой сæ тотемыл. Уыцы уырнынады бындурыл фæзынд нарты хистæр Уæрхæг æмæ йæ дыууæ фаззон фырты - Æхсар æмæ Æхсæртæджы тыххæй таурæгъ». Амынд куыд цæуы, афтæмæй ном «Уæрхæг» дзурæн нæ уыд æмæ йæ фæстæдæр баивтой æндæр ныхасæй – «бирæгъ». Адæмы тотемон уырнынады сæйраг бынат ахсы арс. Зындгонд ахуыргонд Б.А. Рыбаковы хъуыдымæ гæсгæ, арсы культ иннæтæй раздæр фæзынд рагон динты историйы. Æмæ æцæгдæр арсимæ алы адæмыхаттытæм баст цæуынц тынг бирæ таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæ. Бирæты хъуыдымæ гæсгæ, ацы сырд сæм каст уæлдай цымыдисагдæр, уымæн æмæ йе ’ддаг бакаст у адæймаджы бакастмæ хæстæг. Ирон адæмы мыггæгты ’хсæн ис ахæмтæ, кæцытæн сæ уидаг у «арс». Хуссар Иры - Æрсойтæ, Цæгаты – Æрситæ æмæ Арсæгтæ. Хъыгагæн, ацы мыггæгтæ бæлвырд нал хъуыды кæнынц сæ равзæрд, фæлæ арсимæ баст кæй сты, уый сæ хистæртæй фехъуыстой. Хуыбиты мыггаг дæр йæ тотем хоны арсы æмæ йæ æнæ гуырысхойæ зонынц, цæмæ. Ис сæм дыууæ алыхуызон таурæгъы. Фыццагмæ гæсгæ, Хуыбиты чындз хистæры раз фæаххосджын. Фелгъыстой йæ æмæ арс фестад.
Дыккаг таурæгъ куыд дзуры, афтæмæй Хуыбиты мыггагæй лæгæн йæ бинойнаг амард æмæ ’рхаста дыккаг ус. Уый йын йæ фыццаг усы цоты нæ бауарзта æмæ сæ иу тæркъæвда изæр арвыста хъæдмæ фосагур. Сывæллæттæ фесæфтысты. Фыд хæдзармæ ’рбацыд æмæ хабар куы базыдта, уæд йæ цотагур ацыд. Куы бафæллад, уæд зæххыл æрбадт æмæ арвмæ скаст. Таурæгъмæ гæсгæ, уыцы тæккæ афон байгом сты арвы дуæрттæ. Ирон адæмы уырны: кæд дæ разы арвы дуар байгом, уæд цыдæриддæр зæгъай, уый æрцæудзæн. Сывæллæтты фыды уды ныфс бацыд æмæ скуывта, цæмæй йæ цот ссара, кæд æй уый тыххæй арс фестын бахъæуа, уæддæр. Уыцы ныхæстимæ Хуыбиты Тасолтан арс фестад. Уæдæй нырмæ уыцы мыггаг арсыл цуаны нæ цæуынц, йæ царм ын хæдзары нæ дарынц, йæ фыд ын нæ хæрынц æмæ дзы ’взæр нæ дзурынц – уæд та ма сæхи Тасолтан разынд. Уыимæ сæ тотемы номыл кæнынц бæрæгбон.
Стыр аргъ сæ æрмдарæн сырдæн кæнынц Робастæ дæр. Ацы мыггаг бæзджын нæу. Цæрынц Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы, станицæ Новоосетиновскæйы. Рувасы номыл мыггаг куывд нæ кæны, фæлæ йыл уыдонмæ дæр не ’мбæлы цуан кæнын æмæ æвзæртæ дзурын уыцы сырдæй. Рувасимæ баст у Цæголты мыггаг дæр. Сæрмагондæй ис дыууæ таурæгъы. Фыццаг куыд амоны, афтæмæй иу дыгурон лæг адавта гуырдзиаг лæппуйы. Чъыссæйы йæ нывæрдта æмæ афардæг хæхты сæрты. Куы бахæццæ сты, уæд æй схуыдта «дзæкъоли хаст» (дзæкъулы кæй æрбахастой, уый). Афтæмæй рæстæг рацыд, æмæ ныхас «дзæкъол» йæ хуыз аивгæйæ сси «цæгол». Дыккаг таурæгъ дзуры профессор Цæгъаты А. Кудзойты лæг хъæды ссардта сывæллон. Лæппу уыд хъæддаг æмæ йæхи адæмыл цавта. Йæ дзыккутæ та уыдысты сырхгонд. Уæд æй уыцы лæг рахуыдта Цогол – вайнахты æвзаджы ацы ныхас нысан кæны рувас. Уыцы Цоголæй фæстæдæр равзæрдысты Цæголтæ. Фæлæ йын вайнахты ’взагæй цæмæ равзæрд уыцы ном, уый бæрæг нæу.
Раджы иу æхсæв Стыр Дыгуры тынг бирæ мит рауарыд. Бæстæ ныуурс. Куы сбон, уæд хистæртæ Ныхасмæ рацыдысты. Зæронд лæгтæй иу цыдæр змæлд ауыдта миты рæгътæй иуы фарсмæ. «Кæд, мыййаг, цæргæс у», - загътой лæгтæ. Æмæ кæстæрты барвыстой, цæмæй йæ бæлвырд базоной, цы у, уый. Лæппутæ хæстæг куы бацыдысты, уæд федтой цыдæр хъæддзулты тыхт æрыгон лæппуйы. Бамбæрстой йæ, дысонæй нырмæ кæй бады ам: ныссалд, йæ дыз-дыз цыд æмæ дзурынмæ дæр нал уыд. Схъарм æй кодтой, бахæрын ын кодтой. Уый фæстæ сын лæппу радзырдта, йе ’рдхæрдтимæ кæй балц кодта æмæ фæстейы кæй баззад. Фæлæ йæ ныфс нæ бахаста искæйы батыхсын кæнын, цæмæй йæ хæдзармæ бауадзой. Афтæмæй лæппу баззад уыцы комы цæргæйæ. Æмæ йæ фыццаг хистæртæ цæргæс кæй фæхуыдтой, уый тыххæй йыл баззад ном Цæргæс.
Æндæр таурæгъы та цæргæс разынд ирвæзынгæнæг. Фервæзын кодта Цæразонты мыггаг. Хъуыстгонд æмæ бæзджын ирон мыггаг уыдысты Цæразонтæ, цардысты Нузалы хъæуы, æмæ сыл иу заман бафтыд стыр фыдбылыз. Фыдбылыз сæм æрбацыд сау гæдыйы хуызы æмæ-иу кæмдæриддæр фæзынд, уым адæм мардысты зæрондæй, ногæй. Чи ма дзы аирвæзт, уыдон хæхтæм фæлыгъдысты æмæ сæхи дзуæрттыл бафтыдтой. Фæлæ та сæ сау гæды уым дæр ссардта. Уæд адæм скуывтой дзуæрттæм. Уыцы тæккæ афон кæцæйдæр æрбатахт цæргæс, гæдыйы фелвæста æмæ йæ кæдæмдæр афардæг кодта. Цæразонтæ сулæфыдысты, æмæ загътой: «Мыкалгабыр нæ фервæзын кодта! Табу йæхицæн!». Абон уыцы мыггаг сæ тотем хонынц цæргæсы, уымæн æмæ сæм йæ хуызы æрцыди дзуар.
Фæлæ, зæгъæм, Гæдиаты мыггаг та гæды хонынц сæ мыггаг ирвæзынгæнæг æмæ йын кæнынц стыр аргъ. Гæды хонынц хæдзарон сырд. Иуты хъуыдымæ гæсгæ амонд хæссы, иннæты хъуыдымæ гæсгæ та у хин æмæ кæлæнæй йедзаг. Фæлæ дзы Козырты чындзмæ гæдыты хуыздæр æрхауд. Гаглойтæ æмæ Козыртæ фæтудджын сты. Гаглойтæ уыдысты бæзджын хъаруджын мыггаг æмæ Ерманы Козыртыл фæтых сты æмæ сæ ныццахтой. Козырты чындзытæй иуæн бантыст йæ ноггуырды фысы фисты батухын æмæ йæ чъыссæйы нывæрын. Сывæллон куыдта, фæлæ фистæйдзаг чъыссæйæ уыйбæрц нæ хъуыст. Чындз куы рацæйцыд, уæд æй Гаглойтæй чидæр афарста, йæ чъыссæйы цы фæхæссы, зæгъгæ. Сылгоймаг радта дзуапп: «Гæды» æмæ йæ фæндагыл араст. Афтæмæй гыццыл лæппу аирвæзт. Куы рахъомыл ирвæзтгонд сывæллон, уæд ын радтой мыггаг Гæдиатæ (дзырд «гæды»-йæ). Тарстысты, Козыртæ йæ куы базоной, кæй лæппу у, уый, уæд æй куы амарой, зæгъгæ. Афтæмæй равзæрд Гæдиаты мыггаг.
Уæлдай хатт дзуринаг нæу, ирон адæм стыр аргъ кæй кæнынц сæ историйæн æмæ сæрмагондæй сæ мыггæгты равзæрдæн. Ацы таурæгътæ, æцæг сты æви мæнг, ууыл бирæ ис дзурæн. Фæлæ алы мыггаг стыр аргъ кæй кæны уыцы фыдæлты хæзнайæн, уый бæлвырд у. Кæд нырмæ нæ зыдтай, дæ мыггаджы уидæгтæ кæцæй цæуынц, уый, зынаргъ газеткæсæг, уæд сæ ныр райдай агурын.
Мамиаты Дианæ



