Хъæбатыртыл дзурæм
«Уæрæсе уыдис, Уæрæсе ис, Уæрæсе уыдзæн» - ахæм девизимæ цæры нæ бæстæйы æхсæнад, сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ. Фыдыбæстæ æмæ ныййарæг мадæй зынаргъдæр зæххыл ницавæр хæзнатæ ис. Дунейы хæрзтыл дæр сын баивæн нæй. Æмæ ацы ныхæстæ зæрдæйæ чи ’мбары, æнкъары, уыцы адæймаг йæ размæ æвæрд нысантæм бæрнон цæстæй кæсы.
Украинæйы фыдызнаг йæ кæнонтæ куы райдыдта, уæд канд Донецк æмæ Луганскы облæстты цæрджыты цард тæссаг уавæры нæ сæвзæрд, фæлæ нæхи Уæрæсейы хъысмæт дæр сагъæссаг сси - кæнæ уыдзæн, кæнæ нал. Фæлæ нæ бæстæйы Президент куы загъта, цæмæ хъæуы уыцы дуне - Уæрæсе кæм нæ уа, уæд нæ алчидæр асагъæс кодта, æмæ нæ Фыдыбæстæйæн кæд цæрыны æмæ уæвыны бар нал ис, уæд мах та цы фæуыдзыстæм, знæгты къæхты бынмæ æрæппарæм нæхи, цагъайрæгтæй сын цырагъдарæгæй цæуæм? - нæ, уый нæ йæ сæрмæ ничи æрхæсдзæн. Нæ фыдæлтæм рагæй дæр ахæм æгъдау уыдис: хæстмæ цæугæйæ-иу мад йæ фыртæн фæдзæхста, йæ фыды ном æмæ мыггаджы кад куыд никуы фæчъизи кæна, æгадæй куыд нæ æрыздæха, афтæ. Уыцы миниуæг ирон лæджы уæнгты йæ тугимæ ахъардта æмæ йын байсысæн нæй.
Сæрмагонд æфсæддон операцимæ фыццаг бонты атындзыдтой Ирыстоны ныфсхаст лæппутæ дæр. Сæхæдæг цыдысты æфсæддон комиссариатмæ æмæ барвæндæй контракттæ фыстой. Цалдæр азы рацыд, æмæ дзы, стыр хъыгагæн, минæй уæлæмæ карз тохы цæхæры фесæфтысты. Аст адæймагæн та «Уæрæсейы хъæбатыры» ном лæвæрд æрцыд. Уыдон сты: Есенаты Таймураз, Тыбылты Марат, Абайты Юрий, Датиты Алан, Аслан Гоов, Александр Данилов, Максим Стефанов æмæ Хуыгаты Радислав. Ацы хъæбатыртæй Есенаты Таймуразæн хæстон кадджын хæрзиуæг лæвæрд æрцыд йæ амæлæты фæстæ. Хуымæтæг ныхæстæй нæй радзурæн лæппуты хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй. Знагимæ тохы, мæлæты цæсгоммæ комкоммæ кæсгæйæ, сæ цардыл иунæг уысм дæр нæ ахъуыды кодтой, худинаджы бæсты мæлæт равзæрстой. Есенаты Таймуразы тыххæй канд ирон адæймаг нæ, фæлæ нæ бæстæйы алы цæрæг дæр хъуамæ сæрыстырæй дзура. Уый уацары бахаугæйæ, украинаг неофашисттæн цы ныхæстæ загъта, уыдон æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ знæгты æппæт æфсæддон хæйтты къордтыл дæр айхъуыстысты. Йæ æхсардзинад æмæ ныфсхастмæ йын фæлитой «бандеровæгтæ» бахæлæг кодтой. Таймуразы бирæ рæстæг агуырдтой, нымад цыдис æбæрæгæй сæфтыл, фæлæ басусæг кæнæн зæххыл ницы ис.
Есенаты Таймураз Æхсарбеджыфырт райгуырд 1987 азы Беслæны бирæ бинонджын хæдзары. Мад æмæ фыдæн уыдысты 11 сывæллоны. Таймуразмæ, 2006 азы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, фæсидтысты æфсæддон службæмæ Волгоградмæ. Афæдзы фæстæ йæ раивтой Цæцæны Республикæйы танкты æфсадмæ. 2008 азы контракт бафыста Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрадимæ æмæ дыууæ азы Цæцæны службæ кодта танкты дæлхайады 42-æм гвардейаг дивизийы. Есенаты Таймураз у хæстон архайдтыты ветеран. Ацы хайы уый фæстæ службæ кодта Хуссар Ирыстоны дæр. Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд Луганск æмæ Донецкы территоритыл арæзт цыдис батальонты тактикон къорд. Уый хыгъдмæ Таймуразы йæхи фæндонæй бахастой. Иннæ батальоны та уыдис йæ кæстæр æфсымæр Азæмæт. Таймуразы батальон знаджы ныхмæ хæцыд Донецкы облæсты Угледары бынмæ. Карз хæстытæ цыдысты Донецк-Докучаевск æмæ Степное хъæутæ ссæрибар кæныныл. Райсомæй раджы уæрæсейаг æфсæддонтæ бацахстой Мариинаг районы пункт «Сладкое», фæлæ украинаг æфсæдты тыхтæ тыхджындæр разындысты. Поселокмæ сæ уæлæмхасæн къордтæ æрбаппæрстой æмæ фæскъæбутæй ныццавтой уæрæсейаг æфсæддонты. Бирæтæ нæхиуæттæй фæмард сты, чидæртæ та æбæрæгæй фесæфтысты. Таймураз цы батальоны уыд, уыцы танкисттæ дыууæ къордыл адих сты æмæ та хæст ногæй бацайдагъ се ’хсæн. Таймураз кæм бадтис, уыцы танчы хæстонтæ басыгътой знаджы цалдæр иуæджы техникæ æмæ ныццагътой фашисттæй 30 адæймаджы. Фæсвæд ран æрлæууыдысты æмæ сæ цæф хæстонты хъæдгæмттæ бæттыныл фесты. Уыцы рæстæг та ногæй ВСУ-йæгтæ уæрæсейæгтыл ныккалдтой минометæй сæ тых. Дарддæр хи фæсвæд кæнæн нал ис, зæгъгæ, Есены-фырт фидарæй «скарста». Йе ’мбæлтты æдас ранмæ ракæныны тыххæй йæ къордимæ танк Т-72 сарæзта, æхст кæцæй цыдис, уыцырдæм - фыдгулы ныхмæ. Афтæмæй знаджы цæхæр йæхирдæм æрбаздæхта æмæ йæм комкоммæ алæгæрста. Знæгтæ куы бамбæрстой, иунæг машинæ хæцы сæ ныхмæ, уый, уæд æххуысмæ фæдзырдтой се ’мбæлттæм. Цалынмæ украинæгтæм æххуыс хæццæ кодта, уæдмæ пункт «Сладкое»-йы кæрон Таймуразы танк фехстой. Машинæ ссыгъд, фæлæ хæстонтæ тохы бынат нæ ныууагътой. Таймураз зыдта, йæ машинæ кæй судзы, уæддæр басыгъта украинаг дыууæ танчы. Йæхи танк пилон уадзгæйæ, фашистты цæгъдгæ йе ’мбæлттимæ Таймураз скъæрдта размæ, хъæу Новомихайловкæмæ. Рагæппытæ кодтой, фæлæ сæ къухы хæцæнгарз нал уыд. Æхсæвыгон афон Есенаты Таймураз йе ’мбæлттæй цалдæримæ цæфтæй араст кодтой сæхиуæтты ’рдæм, фæлæ украинæгты æрхъулайы бахаудысты. Къуххæст бацайдагъ се ’хсæн æмæ цæф хæстонты уацары райстой. Æвæццæгæн, амонын никæмæн хъæуы, цы фыдмитæ сын кодтой, уый. Есены-фырты фарстой, кæм лæууынц уæрæсейаг дæлхайæдтæ, цал адæймаджы дзы ис, уымæй. Таймураз иунæг дзуапп дæр нæ радта. Иннæ агъуысты уæрæсейаг уацайрæгтæ та фехъуыстой Есенаты хъæбатыры ныхæстæ: «Я все равно выйду отсюда, а затем вернусь, найду вас фашистов и буду мстить». Бандероваг нацисттæ йæ фыднад кодтой, «Слава Украине», зæгъгæ, йын дзурын кодтой, фæлæ ирон лæппу йæ туджы мæцгæйæ «Слава России» ныхъхъæр кодта. Уый уыдис 24 мартъийы 2022 азы. 25 мартъийы та Таймуразы ничиуал федта.
Æрæджы Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ацыд фестиваль Уæлахизы марафоны бындурыл «И вновь продолжается бой». Мадзал арæзт цыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы Ирыстонæй архайæг хъæбатырты кадæн. Уырдæм æрбахуыдтой Уæрæсейы хъæбатыр Абайты Юрийы дæр. Уый мадзалы архайджытæн дзырдта йæ хæстон хабæртты тыххæй. Абон кæд РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министр у, уæддæр йæхи уыцы бынаты кæй никуы уыдта.
- Министр суæвынмæ никуы бæллыдтæн, нæдæр æм тырныдтон. Мæ чысылæй фæстæмæ мæ фæндыд æфсæддон суæвын æмæ мæ къухы бафтыд. Хæстон лæг дæн æмæ мæ сахуыр кодтой тызмæг уавæртыл, фидар æмæ къæрцхъус уæвыныл, Фыдыбæстæйы сæраппонд бахъуаджы сахат хи цардыл нæ хъуыды кæныныл. Уыдис мын, фидар фæтк мæ чи домдта, ахæм ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Уыдон мын бахастой мæ уд æмæ зондмæ тыхджын уæвын æмæ Фыдыбæстæ уарзыны миниуджытæ, - загъта Абайты хъæбатыр.
Фестивалы фенæн уыдис, Ирыстонæй Украинæйы чи архайы, уыцы батальонты тыххæй хæстон тематикæйы фæдыл цымыдисаг равдыст хъæздыг æрмæгимæ. Уыдис дзы трофейтæ, нырыккон хæцæнгарзы хуызтæ æмæ æфсæддон уæлæдарæс, Уæрæсейы хъæбатыры ном кæмæн радтой, уыцы фæсивæды æмæ батальонты къордты къамтæ.
Ирон батальонтæ «Шторм-Осетия», «Сармат», «Алания»-йы хъайтар æмæ зондджын командирты фарсмæ сты хуымæтæг æфсæддонтæ, бирæтæ дзы хорзæхджынгонд æрцыдысты алыхуызон бæрзонд паддзахадон хæрзиуджытæй. Æрмæст сгарæг къорд «Алания»-йы архайдæй минæй уæлæмæ знаджы объекттæ бæрæггонд æрцыд æмæ сæ ныддæрæн кодтой, уыдоны ’хсæн: æнцойгæнæн пункттæ, артиллерион хæцæнгæрзтæ, рог æмæ уæзласæн автотранспорт, «ВСУ»-йы хыгъды хæстонтæ, бастдзинад æмæ инженерон техникæ. Уымæй уæлдай ма бамыр кодтой 2000 дронæй фылдæр æмæ сæ уадзæн системæтæ.
Цалынмæ нæ хъæбатыртæ намысджынæй æххæст кæнынц сæ хæстон хæстæ, уæдмæ нæ республикæйы цæрджытæ та фæсчъылдымы архайынц алывæрсыг æххуыстæ сын бакæнынмæ. Суанг ма зæронд устытæ дæр фæсмын цъындатæ бийыныл балæууыдысты. Гуманитарон æххуыстæ иу иннæйы фæдыл цæуынц Украинæмæ канд нæхи батальонтæн нæ, фæлæ ма ног территориты цæрджытæн дæр хойраджы продукттæй баххуыс кæнынмæ. Рохуаты нæ баззадысты нæ хæстонты бинонтæ дæр. Уый ууыл дзурæг у, æмæ иудзинад не ’хсæн кæй æрфидар æмæ кæрæдзийы зын æмæ цин æмбарынхъом кæй стæм. Уыцы миниуæг та нæ амондджын фидæны бындур у.
Саутæты Тамилæ
Авторы ’рвыст къамтæ



