Ног æнтыст
Ирон музыкалон культурæ хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у. Йæ рæзæнтæ цæуынц адæмон инструменталон æмæ хореографион, вокалон аивадæй. Кæстæртæ-иу сæхи æмбарынхъом куы фесты, уæдæй сæ зæрдæ, æрдзы æмæ адæймаджы миддунейы миниуджытæм кæсгæйæ, фæллой, кафын æмæ зарынмæ раздæхт. Искуы иуæй фæстæмæ хохаг æмæ быдираг хъæуты цæрæг фæсивæдæй кафын æмæ зарын, фæндырæй цæгъдын чи нæ зыдта, ахæм нæ уыд æрыгон чызг, лæппуйæ, астæуккаг æмæ хистæр кары нæлгоймагæй, йе та сылгоймагæй.
Кæддæр иу кадджын ацæргæ лæджы фарстой, ирон фæсивæд цавæр хъуамæ уа, зæгъгæ, уæд сын лæг афтæ: «Ирон лæппу хъуамæ уа кусаг, зараг æмæ кафаг, уыцы хорзæхтæн та сæрæвæрæн у æгъдау æмæ æфсарм».
Зындгонд музыкант, Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы ирон уадынгæрзты оркестр «Ирыстон»-ы аивадон разамонæг æмæ дирижер, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Ходы Оледжы цард æмæ сфæлдыстадон архайдмæ куы ’ркæсæм, уæд æм фау æрхæссæн нæй. Йе ’гъдау, æфсарм, уæздандзинад, хиуыл сфæлдыстадон уагæй зæрдиагæй кусыны уаг, бирæвæрсыг музыкалон курдиатæй йæхи хорзæй зонын æмæ уарзын кæны Ирыстоны дыууæ хайы, Цæгат Кавказы æмæ суанг ма нæ бæстæйы мингай аивадуарзджытæн.
Ирон аивады дунемæ Олег хæрзæвзонгæй бакъахдзæф кодта. Авд азы дæр ыл нæма цыд, афтæмæй фыццаг хатт фехъуыста, йæ мад далафæндырæй куыд цæгъды, уый. Йе ’нгуылдзтæ уадынгарзы хъистыл æмæ амонæнтыл куыд аив згъорынц, уый йæм диссаг фæкаст. Бынтон зæрдæскъæфт та йæ йæ цагъды зæлтæ фæкодтой. Уыцы уысм йæ зæрдæйы райгуырд музыкант суæвыны бæллиц. Уæдæ далафæндыр кæм ис, уым ирон зарæгæн дæр Оледжы зæрдæйы бынат куыднæ хъуамæ разындаид. Йæ алæмæты тых та йе ’взонг зæрдæмæ бахъардта зындгонд адæмон зарæггæнæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Кæсæбиты Митяйы хъуытазхъæлæс æмæ зæрдæбын вокалон курдиаты руаджы.
Астæуккаг скъола каст куы фæци курдиатджын лæппу, уæд дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Кавказы металлургон техникуммæ. Йæ амондæн дзы уыцы рæстæг сæ репетицитæ кодтой адæмон кафты ансамбльтæ «Арт» æмæ «Цин». Сæ разамонджытæ уыдысты нæ республикæйы зындгонд аивады дæснытæ Къубалты Эльбрус æмæ Гасынты Жорж.
Ацы дыууæ хистæры Оледжы раст хи хъæбулау бауарзтой. Амыдтой йын фыдæлтыккон кафт, зард æмæ инструменталон аивады арф æмæ мидисджын сусæгдзинæдтæ. Уыциу рæстæг ма лæппу далафæндырæй ахуыртæм цыд Фæсивæдон центр «Сæуæхсид»-мæ. Ам цы ансамбль уыд, уымæн та йæ разамонæг - Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Агънаты Земæ. Уайтагъддæр ын йæ къухайстæй банкъардта, Олегмæ национ культурæйы æмæ хи сфæлдыстадон рæзты уагыл стыр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Йæ курдиаты рæзтæн ын куыд музыкант, афтæ Земæ дæр арæзта алывæрсыг фадæттæ.
Аивадмæ уарзты тых ын æвзарын кодта фылдæр æмæ фылдæр «зындзинæдтæ» хиуыл профессионалон уагæй кусыны нысанимæ. Уыцы хъæугæ æмæ ахадгæ цæлхдуртæн Олег тасын нæ бакуымдта, уый нæ, фæлæ ма бацыд ахуыр кæнынмæ Культурæйы республикон колледжмæ. Ам бахæлар æмæ сфæлдыстадон æгъдауæй бирæ цæстуарзон амынддзинæдтæ иста ирон аивады номдзыд дæснытæ Котолиты Мария, Æлборты Феликс æмæ Гæздæнты Булатæй.
Уыдон ын зæрдиагæй æмæ стыр æууæнкимæ амыдтой адæмон æмæ классикон вокалон æмæ инструменталон аивады сусæгдзинæдтæ. Иуæй æнтыстджын ахуыр æмæ колледжы æмæ республикæйы аивады зæрдиаг архайд Олегæн фадат радтой фæстæдæр Дзæуджыхъæуы культурæйы колледжы ахуыргæнæгæй кусыны бар. Зынгæ æвæрæн бахаста лæппу ацы ахуыргæнæндоны методикон-рухсадон уагмæ, стæй йæ аивадон къордты сфæлдыстадон рæзтмæ. Уыциу рæстæг йе ’рмдзæф куыд арæхстджын музыкант, афтæ бæрæг дардта Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны ансамбль «Далафæндыр»-ы æвзонг музыкантты рæзтыл дæр. Иттæг разы дзы уыд йæ аивадон разамонæг, УФ-йы сгуыхт артисткæ, зындгонд фæндырдзæгъдæг Мыстулаты Иринæ.
Æцæг ирд æмæ бирæвæрсыг курдиатæй хайджын адæймаг, аивады йыл цы хæс ис, уый бæлвырдæй фæзоны. Йæхиуыл бонзонгæйæ æмæ арфдæрæй фæкусы. Уыцы уаг Оледжы зонды дæр фидар кæй у, уымæн хорз æвдисæн, уæлдæр ахуырад кæй райста Цæгат Кавказы аивады институты. Царды æмæ йын аивады фæндаг æмæ раст зонд чи амыдта, уыцы хорз хистæрты фыдæнхъæл никуы ницæмæй фæкодта. Кæддæриддæр йæ зонд æмæ сфæлдыстадон æрхъуыдыйæ ахады национ музыкалон инструменталон культурæйы рæзтыл æмæ рухс фидæныл.
Ныр дæс азæй фылдæр Олег зæрдиагæй æмбырд кæны æмæ аивадон æгъдауæй куыд адæмон инструментты национ оркестр «Ирыстон»-ы аивадон разамонæг æмæ дирижер, афтæ бакусы рагон инструменталон композицитыл, уæдæ йæм бирæ ис, йæхæдæг кæй æрхъуыды кодта, ахæм аив цæгъдтытæ æмæ зарджытæ.
Тынг æй фæнды, цæмæй йæ оркестры æмæ Ирыстоны дыууæ хайы цы аивадон ахуыргæнæндæттæ ис, уыдоны суинаг курдиатджын фæсивæд профессионалон уагыл ахуыр кæной канд хъандзал фæндыры цагъды сусæгдзинæдтыл нæ, фæлæ ма арæхсой далафæндырæй дæр дæсны цæгъдыныл. Уымæн та фыццаджы-фыццагдæр ахуырадон æмæ методикон æрмæг кæй хъæуы, уый зонгæйæ, Олег нотæтыл сæрмагондæй далафæндырæн цы национ музыкалон уацмыстæ сæвæрдта, уыдонæй рауад ахуыргæнæн чиныг «Далафæндырæй цæгъдыны скъола». Мыхуыры рухс та йын федта æрæджы РЦИ-Аланийы Культурæйы министрад, Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзар æмæ Абайты Васойы номыл Социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты барлæвæрдæй.
Чиныг кæд йæ асмæ гæсгæ стыр нæу, уæддæр йæ ахадындзианд нæ национ культурæйы у зынгæ æмæ йын æмбал нæй. Сæрмагондæй далафæндырыл цæгъдын сахуыр кæнынæн нæ фæсивæдæн ахæм чиныг нæма уыд.
Цæмæй дзы æрыгон кæнæ астæуккаг кары лæппутæ æмæ чызджытæ, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, далафæндыр цы у æмткæй æмæ йыл куыд цæгъдын хъæуы, уый æнцонтæй базоной, уый тыххæй дзы ис æнцонæмбарæн æвзагæй фыст рекомендацитæ, амонæнтæ. Далафæндыры арæзты æмæ йыл цæгъдгæйæ куыд раст хæцын хъæуы, йæ амонæнтыл æмæ хъистыл къухы æнгуылдзтæ цы хуызы ’рхæссын æмбæлы, цæмæй йæ зæлтæ тыхджын кæнæ сабыргæнгæ цæуой, уый тыххæй цы хуызы дзы архайгæ у, ахæм бæлвырд зонæнтæ. Суанг ма дзы бакæсдзыстут цавæр хъæдæрмæгæй конд далафæндыр хуыздæр балхæнгæ у, сæ хуызтæ цавæр вæййынц, уый. Дыккаг хайы сты ацы уадынгарзыл цæгъдынæн ирон адæмон мелодитæ. Дыккаг хаймæ автор бахаста сæрмагондæй ацы уадынгарзыл цæгъдынæн нæ зындгонд музыканттæ æмæ йæхæдæг кæуыл бакуыста, ахæм ирон æмæ кавказаг кафыны æмæ зарджыты нотæтæ.
Далафæндыртæй цæгъдджыты ансамбльты архайджытæн дæр дзы сæ репертуар фæхъæздыгдæр кæндзысты. Куыд практикон, афтæ теоретикон æгъдауæй чиныджы лæвæрд æртыккаг сæргонды нотæты æрмæджытæй.
- Чиныджы æрмæг æмбырд кодтон, фыстон æй фынддæс азæй фылдæр. Йе ’рмæг у бæлвырд æмæ методикон æгъдауæй бæрæггонд. Йæ къухфыстæн аккаг аргъ скодтой нæ республикæйы культурæйы министр, филологон наукæты кандидат Хъуыссæты Зæлинæ æмæ Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары директор, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Лалыты Хъазыбег. Йе ’рмæгæй сæ бон æхсызгонæй пайда кæнын у нæ республикæйы культурæйы хæдзæртты профессионалон æмæ хихъæппæрисадон инструменталон къордты разамонджытæн æмæ сæ архайджытæн, аивадыл ахуыргæнæндæтты артдзæстыты ахуыргæнджытæн, студенттæн æмæ ахуырдзаутæн. Ныртæккæ та ма мæ фæнды ахæм хуызы хъисынфæндырæй цæгъдыныл сахуыр кæнынæн методикон æмæ практикон ахуыргæнæн æрмæг хицæн чиныгæй рауадзын, - радзырдта нын Олег.
Зæрдиаг удвæллой - Ходы Оледжы арæзт ахуыргæнæн чиныг «Далафæндырæй цæгъдыны скъола» нæ музыкалон аивады рæзтыл кæй сахаддзæн, йе руаджы нæм ног сфæлдыстадон фæлтæр кæй рæздзæн, уый нæ уырны. Авторæн та нæ цæст уарзы фидар къахдзæфтæй ноджы хуыздæр æмæ зынгæдæр æнтыстытæм удцырынджын амонд!
Гасанты Валери
Къамтæ æрбарвыста Ходы Олег



