Адæмы тых - сæ иудзинады
Ацы рауагъд цымыдисаг у уымæй, æмæ дыууæ ‘фсымæрон республикæйы – Ирыстон æмæ Абхазийы национ литературон журналтæ «Мах дуг» æмæ «Алашара» сæхи æвзæгтæм ратæлмац кодтой кæрæдзийы авторты уацмыстæ æмæ рацыдысты сæрмагонд номыртæй. Ахæм традици – иннæ республикæтимæ хæлардзинады баст-дзинæдтæ фидардæр кæнын национ литературæйы хъомыс æмæ дзырдаивады фæрцы, абон не ‘рфидар.
Уымæй размæ ахæм номыртæ цæттæгонд æрцыд КæсæгБалхъары, Цæцæны æмæ Дагестаны республикæтимæ. Арæзт цæуынц журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйы хъæппæрисæй. Куыд загъта, афтæмæй уымæй фидардæр кæнынц, нæ алыварс цы республикæтæ ис, уыдонимæ ахастдзинæдтæ, культурон бастдзинæдтæ. Хæстæгдæр рæстæг журналæн арæзт æрцæудзæн презентаци.
Анатолий Лагулаа, журнал «Алашара»-йы сæйраг редактор дæр йæ разныхасы сбæрæг кодта, абхазæгтæ æмæ ирæттæн кæддæриддæр историон, этнокультурон бастдзинæдтæ кæй уыд æмæ зын сахат ацы дыууæ адæмыхатты кæрæдзийы фарсмæ кæй уыдысты, уый.
Абхазаг авторты развæлгъау бакæсæн ис Джусойты Нафийы æмдзæвгæ «Чи дæн». Символон нысаниуæг ын ис, уымæн æмæ дард ранæй æрбацæуæг æмдзæвгæйы хъайтары куы бафарста, чи дæ, уæд уый дзуапп радта:
Зæххы къорийы фырттæй иу.
Фæрсыс ма мæ, уæд та –
Æз дæн абхазаг!
Абхазы адæмæн сæ фырт.
Поэтикон дзырдæн аргъ чи кæны, уыдонæн сæ бон у бакæсын абхазаг поэтты æмдзæвгæтæ: Дмитри Гулиайы «Саг» (Касаты Батрадзы тæлмацæй), Чичико Джонуайы «Цæфы зарæг», «Æхсæв Члоуы», Киазим Агумаайы «Абхазы хæхтæ», «Зæрватыкк» (Гегкиты Сосланы тæлмац), Баграт Шинкубайы «Уæлахизы бон», Иван Тарбайы «Рæстæг цæуы», «Мæ хъæу» (Бетъеты Фатимæйы тæлмац), Константин Герхелиайы «Реквием», «Æрхæндæг», «Уæрæйдæ» (Къадзаты Станиславы тæлмац), Геннади Аламиайы æмдзæвгæтæ Дзуццаты Хадзы-Мураты æмæ Нафийы тæлмацæй, Гундæ Квицинияйы æмæ Гундæ Саканиайы æмдзæвгæтæ Къадзаты Станиславы тæлмацæй.
Прозаикон уацмысты – радзырдты, новеллæты æмæ эссейы автортæ сты Дмитри Гулиа, Киазим Агуаа, Дзадз Дарсалия, Михаил Лакербай, Алексей Гогуа, Джума Ахуба, Анатоли Лагулаа, Даур Начкебиа, Даур Зантария. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодтой: Безаты Фаризæ, Гусалты Барис, Хетæгкаты Оксанæ, Гæбæраты Юрий, Касаты Аслæнбег. Валентин Когониайы публицистикон уац ратæлмац кодта Тъехты Тамерлан. Хъазиты Эдуарды тæлмацæй та бакæсæн ис Фазиль Искандеры радзырд «Цардысты зæронд лæг æмæ зæронд ус».
Журналы хицæн сыфтыл бакæсæн ис абхазаг æмбисæндтæ æмæ афоризмтæ, ирон æмбисæндтæ æмæ æмбисæндты хал. Уæдæ дзы ис бакæсæн Джусойты Нафийы хъуыдытæ Абхазы тыххæй. Цæстытæн æмæ удæн æхсызгон къамтæ – «Мах дуг»-ы равдысты. Æнæркæсгæ сæм нæй! Уым – Абхазийы адæм, зæрдылдарæн бынæттæ, историон æмæ архитектурон арæзтæдтæ, зындгонд скульптурæтæ, æрдзы æгæрон рæсугъддзинад. Бæрæг у, журналы кусджытæ та дысвæлдæхтæй кæй бавнæлдтой хъуыддагмæ. Ацы журнал рауад уазджындæр, фылдæр сты йæ сыфтæ дæр. Уæдæ тæлмацты хæрзхъæддзинад дæр у бæрзонд æмвæзадыл.
Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ æрæджы «Мах дуг» Уататы Зелимимæ Ирон театры Нафи æмæ Хаджеты Таймуразы номыл цы мысæн изæр бацæттæ кодтой, уым журналы курдиатмæ гæсгæ нæ республикæйы Сæргълæууæджы Уынаффæйæ абхазаг фыссæг Геннади Аламиа хорзæхджын кæй æрцыд РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæджы номæй. Аламиа абхазаг æвзагмæ ратæлмац кодта Къостайы «Ирон фæндыр». Хицæнæй йын рацыд чиныг Ирыстон æмæ йæ разагъды лæгтыл «Ирон зарæг». Нафиимæ фæцардысты æфсымæрты цардæй.
Не ‘фсымæрон республикæйы авторты уацмыстæн аргъ скæн, нæ газеткæсæг! Цæуыл фыссынц æмæ куыд, уый та базондзынæ, дæ къухтæм æй куы райсай, уæд. Уымæн æмæ уыцы нæмтты хыгъд авторæй-тæлмацгæнæгæй æвæлмастæй никæй ныууаддзæн.
Хъайтмазты Заремæ
Авторы ист къа



