Хуыцауы минæвар
Адæймагæн æнæ Хуыцауæй нæй цæрæн. Нæ æрвылбоны царды дæр иудадзыг Хуыцаумæ кувæм, курæм дзы бинонты фарн æмæ амонд. Алчидæр нæ - изæрæй уа, райсомæй - скувы Хуыцаумæ æмæ дзы боны хæрзтæ ракуры. Нæ удты æрхæндæг куы æрцæры, нæ зæрдæтæ æнкъард тыхты уацары куы бахауынц, уæд фыццаджыдæр æххуыс Хуыцауæй фæкурæм, уымæй нæ вæййы ныфс, æмæ араст кæнæм Хуыцауы хæдзар - Аргъуанмæ. Уым мын баххуыс кæндзæн дины лæг - вæййы нæ хъуыдыйы алкæмæндæр. Чи у дины кусæг та? Хуыцауæй адæмы ’хсæн минæвар. Хуыцауы ныхас дзыллæтæм чи хæссы, адæймагæн йæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæныныл чи архайы, уыцы æрвыст лæг.
Дзæуджыхъæуы Мады-Майрæмы аргъуаны Иерей фыд Игорь, мæнг дунейы (в миру) Хъуысаты Игорьмæ тынг бирæ уырнæг адæм цæуы æрвылбондæр. Йæ хъалæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ничи бацæудзæн, фæлæ аргъуаны къæсæр уырнæг адæмæн сæ удыбæстæ у. Хъизæмар, утæхсæнæй кæм фервæзынц, ахæм рухс бынат. Æз мæхæдæг кæд аргъуанмæ арæх нæ цæуын, уæддæр мæ зæрдæйы æууæндын Хуыцауыл æмæ йын йæ фæдзæгъстытæ дæр æххæст кæнын. Йæ фæдзæгъстытæ та сты: давгæ ма кæн, макæй кой кæн, æвзæрдзинад æхсæнадмæ ма хæсс, ма амар æмæ бирæ æндæр æппæрццæг миниуджытæ.
Хъуысаты Игорæн, æрыгон уæвгæйæ, дины куысты бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд йæ къухы. Аргъуанмæ фæндагыл æй ничи сразæнгард кодта, йæхи зæрдæйы фæнд уыд. Цы фарстытæ мæм сæвзæрд, уыдон дæр æм æнæуæндонæй лæвæрдтон, фæлæ уайтагъд банкъардтон, мæ разы кæй лæууы сыгъдæг æмæ хæларзæрдæ адæймаг, рухсдзинад кæмæй цæуы, хорз ракæнын йæ царды сæйрагдæр хъуыддаг кæмæн у, ахæм лæг. Кæд тынг æнæвдæлон уыд, цыппурсы мæй (Сорокадневный пост) аргъуаны уæлдай фылдæр куыст ис, уæддæр. Сæхи цæттæ фæкæнынц Чырыстийы райгуырды бон 7 январмæ.
- Къарджиаты Бекызæ Цыппурсы тыххæй «Ирон æгъдæуттæ»-йы бæлвырд бацамыдта, ирон адæм хæхбæсты Цыппурсы размæ зымæджы дыууæ къуырийы ком кæй дардтой, уый тыххæй, - зæгъы фыд Игорь.
Ацы хъуыдыйæ райдыдта не ’хсæн ныхас дæр.
- Игорь, зæгъ-ма, аргъуаны дæ сæйрагдæр архайд цавæр у? Зонæм, дины куысты дæр бирæ хицæндзинæдтæ ис, кæд уæ иумæйаг нысан
- Хуыцауы ныхас адæммæ хæццæ кæнын у, уæддæр уæ бирæ къæпхæнты сæрты ахизын фæхъæуы. Дæуæн куыд райдыдта дæ фæндаг Хуыцаумæ? - Райгуырдтæн Беслæны 1988 азы. 2010 азы каст фæдæн Пединституты психологон факультет. Ахуыр ма кодтон, афтæмæй кусынмæ бацыдтæн Елхоты рынчындонмæ æмæ архайдтон национ проект «Æнæниздзинад»-ы бындурыл программæтæ рынчындоны куыстмæ бахæссыныл. Куыстон ма Елхоты Аграрон техникумы ахуыргæнæг-психологæй дæр, Елхоты бынæттон Администрацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл специалистæй. Каст фæдæн ЦИПУ-йы историон факультет æмæ магистрты курс.
2012-2014 азты райдыдтон кусын Дзæуджыхъæуы Епархийы прессслужбæйы. Сахуыр кодтон чырыстон дины училищейы æмæ дарддæр ахуырмæ бацыдтæн Стъараполы дины семинармæ. Уыцы аз дзæуджыхъæуккаг æмæ алайнаг архиепископ Зосима мæ дины уæлдæр къæпхæн диакъоны цинмæ айста. Дины куысты уыцы къахдзæф «рукоположение» хуыйны. Епархийы пресс-службæйы кусгæйæ, кастæн сауджынты, моладзанты æмæ нæхи ирон дины кусджыты биографитæ, епархийы истори. Тынг цымыдисаг уыдысты, чи дзы дохтыр уыд, чи филолог, чи педагог. Йæ фыццаг ахуырады медицинон наукæты дохтыр уыд фыд Иосиф (Берозтæй), стæй педагогон наукæты кандидат фыд Илларион (Хайманты). Берозты Иосиф, хирург, хайады сæргълæууæг уæвгæйæ, динмæ раздæхта йæхи. Диссаг мæм кастис, цы сын нæ фаг кодта, уый, цæмæн аздæхтой се ’ргом динмæ? Ацы фарста сын сæхимæ дæр радтон, фæлæ мын сæ дзуапп ничи радта. Адæймаг æй йæхæдæг дæр нæ фæзоны, кæд ацæуы уыцы фæндагыл. Хуыцау, дам, сæ йæхæдæг равзары. Мæ хæлæрттæй иуæн йæ фырт уæззау рынчын фæцис æмæ Хуыцауæн дзырд радта, куы сдзæбæх уа, уæд ацы фæндагыл æрлæудзæнис, уымæн æмæ йæ фыдæлтæй бирæтæ уыдысты сауджынтæ, æмæ нæ хæлар йæхи куыддæр уыдонæй аиуварс кодта, ома, мæнæн мæхи фæндаг ис, зæгъгæ. Лæппу сдзæбæх æмæ йæ фыд йæ ныхас сæххæст кодта. Иуæй-иутæн та æппындæр ницы æфсон вæййы, куыд фæзæгъынц, «внутренний голос», зæгъгæ, уый сæ æркæны ацы хъуыдымæ, дины куыстмæ.
- Иронау службæтæ кæнын зын нæу?
- Цалдæр азы аргъуаны куы бакувай, уæд тексттæй иуæй-иутæ зæрдæйы æрцæрынц. Иуæй-иутæ та царды мидæг тынг бирæ азты куы кæсай, уæддæр сæ нæ бахъуыды кæндзынæ. Раздæры дины кусджытæ-иу тексттæ æнæ чингуытæй хъуыды кодтой. Уыдис ахæм сауджын Лука (мæнг дунейы Валентин Войнесецкий), дохтыр, профессор, цардис сæдæ азы размæ. Дины фæндагыл куы ацыд, уæд æй советон хицауад ахæстоны сбадын кодтой, Сыбыры къæймæ йæ арвыстой. Уæддæр йæ дины ардбахæрдæй нæ рахицæн кодта йæхи. Фæстагмæ бакуырм æмæ аргъуаны службæ кодта куырмæй. Сауджынтæ-иу ын куы загътой, кæцы текст кæсын хъæудзæн, уый, уæд-иу сæ йæхи зæрдæйы куыд æвæрд уыдысты, уыцы хуызонæй кастис. Чингуытæ хъæуынц, фыссынад, кæсæм сæ, фæлæ сæ уæддæр Хуыцау зæрдæйы æндæрхуызонæй бавæры.
- Дины тексттæ уын чи мыхуыр кæны?
– Аргъуанæн йæхи рауагъдад ис. Ирыстоны революцийы размæ аргъуан бирæ чингуытæ уагъта дины бындурыл. Фыццаг уыдис ирон чиныг «Катехизис», Колыты Аксойы рæстæг мыхуыры рацыд «Евангелие». Ирон адæммæ тынг кадджын æмæ ахсджиаг уыдис аргъуаны чингуытæ уырыссагæй иронмæ тæлмац кæнын. Баййаты Гаппо, Берлины цæргæйæ, пехуымпары чиныг ратæлмац кодта. Æз арæх фæхъуыды кæнын, цæмæн æй хъуыдис уыцы фæллой, чи йын æй фæдзæхста, ууыл.
- Игорь, уырнæг адæмы ’хсæн æрыгæттæ дæр ис?
- Тынг бирæ. Исчи нæм æндæр рæттæй куы æрбафты, уæд дис фæкæнынц, æрыгон фæсивæды ам куы фенынц, уæд. Махмæ, дам, зæронд адæм вæййынц фылдæр.
- Цы сæ разæнгард кæны аргъуанмæ цæуын?
- Мах дæр, кæддæр æрыгон фæсивæд уæвгæйæ, аргъуаны рæзты арæх цыдыстæм. Чырыстон дин æмæ аргъуыд цы сты, уый зонгæ дæр нæ кодтам, фæлæиу не ’хсæн ахæм разынд, йæхиуыл-иу дзуар чи ’фтыдта. Йæ цард чырыстон æгъдаумæ гæсгæ чи аразы. Искуы æз куы федтаин ахæм дины лæджы, ома, мæнг дунейы æндæрхуызон дары йæхи, аргъуаны та бынтон æндæр свæййы, уæд æз динмæ никуы бацыдаин. Фæлæ никуы сæмбæлдтæн ахæмыл. Ацы адæммæ ис цавæрдæр æндæр фарн æмæ æгъдау, кæцытæ зæрдæмæ æнæуынгæ тыхæй хъарынц. Мæнг дунейы бирæ æвзæр митæ æмæ хъуыддæгтæ ис, æмæ фæсивæдæй бирæтæ, уыцы хабæрттæ уынгæйæ, сæхицæн равзарынц талынгæй рухсмæ рахизыны фæндаг. Нæ чысылæй фæстæмæ уыдтам, хъуыстам нæ хистæртæй Куадзæн, Джеоргуыба, Цыппурс, Чырыстон бæрæгбæттæ, æмæ сæ кæд не ’мбæрстам, цæмæн сæ кæнынц нæ хистæртæ, уæддæр бæлвырд зыдтам, нæ фыдæлтæй нын кæй баззадысты, уый. Уыцы бæрæгбæттæ нын нæмгуыты хуызæн нæ зæрдæты бавæрдтой æмæ сæ Хуыцау кæцыдæр рæстæг сырæзын кодта. Мады-Майрæмы аргъуанæй-иу цавæрдæр рухс цыдис. Къоста æнустæм ацы кæрты æрæнцад, иннæ зындгонд лæгтæ, æхсæнадон архайджытæ дæр ам, æмæ нын цыма уæлдай фылдæр тых æмæ хъарутæ дæттынц, афтæ нæм фæкæсы. «Алтарь» кæй хонынц, кувыны бынат, уым куы ’рлæууын, уæд мæ зæрдыл уайтагъд æрбалæууынц Колыты Аксо, Цомайты Харлампи, Гæтуты Алекси, Сухиты Михал, Цæллыккаты Алыксандр. Кæддæр ацы ран куывтой æмæ мын æхсызгон дæр вæййы, стæй мæм худинаг дæр фæкæсы, уыдон стыр лæгтæ уыдысты æмæ сæ номæн аккаг цыма не стæм. Уымæн æмæ ирон адæмы рухс фидæнæн сæ цард радтой. Сæ фылдæр зæронды бонмæ дæр нæ фæцардысты. Хуыцауæн дæр æмæ адæмæн дæр лæггад кодтой, фæлæ сæ царды фæндаг æнцон нæ уыд.
- Æрæджы Беслæны 1-æм сыгъд скъолайы кæрты цы ног аргъуан сарæзтой хъизæмаргæнæг удты номыл, уым уыдис чиныджы презентаци. Радзур-ма, чиныджы мидис цы у?
- Сылгоймæгты моладзандон реабилитацион куыст кодта теракты бахауæг адæмимæ. Цалдæр боны хъизæмайраг сахæттæ чи арвыста, уыцы сывæллæттæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæй чи аирвæзт, уыдон бирæ хабæрттæ фæдзырдтой уыцы цауты фæдыл æмæ сæ мыхуыры рауагътой чиныг «Бесланское свидетельство»-йы.
- Бузныг, Игорь, дæ дзуаппытæй
Дадтеты Тамилæ
Къам ист у Хъуысаты Игоры архивæй



