Ироны аивады фарныл аудæг
Уæздан, хæдæфсарм, æцæг ирон лæппуйæ, курдиатджын нывгæнæгæй зонынц хиуæттæ, æмбæлттæ, æмкусджытæ Теблойты Радикы. Ныр иуæндæс азы сыгъдæгзæрдæ æмæ бонзонгæйæ зæрдиагæй кусы Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры бутафорон цехы хицауæй. Иттæг хорз арæхсы ныв кæнынмæ. Куыд фæзæгъынц, йæ къухтæй суанг хæдтæхæг дæр сараздзæн. Кæддæр иу зондджын лæг афтæ загъта: «Адæймаг йæ цард æмæ дæсныйады фæндагæн йæ аразæг æмæ хæрзгæнæг йæхæдæг вæййы». Афтæ Радик дæр йе скъоладзауы карæй бауарзта нывтæ кæнын. Уымæй уæлдай у куыстуарзаг, æнæзивæг, сæрæн, ирон æвзаг, фыдæлты ’гъдау æмæ фарныл æнувыд кæстæр. Йæ курдиæтты дидинбаст ма аив у зарын æмæ гитарæйæ цæгъдыны, стæй æмдзæвгæмæ музыкæ æрхъуыды кæныны курдиатæй. Цы зоны, уый бæлвырд æмæ аивæй хæссы адæмы размæ. Цы кæны, уый æнæфау æмæ зæрдиагæй.
Райгуырд, хъомыл кодта æмæ ныр дæр цæры Горæтгæрон районы Сунжæйы хъæуы. Ам ахуыр кодта 1-æм астæуккаг скъолайы. Цы зонындзинæдтæ йын дзы лæвæрдтой йæ зондамонджытæ-ахуыргæнджытæ, уыдон зæрдиагæй иста Радик, фæлæ йын уæддæр æмæ уæддæр уарзондæр урок уыд нывкæнынад.
- Математикæ, физикæ æмæ химийы урокты-иу бадтæн æмæиу сусæгæй тетрады сыфтыл ме ’мкъласонты æмæ ахуыргæнджыты портреттæ кодтон. Уæд мыл цыд иуæндæс азы. Иухатт мын мæ нывкæнынады ахуыргæнæг Зассеты Еленæ бахæс кодта фæткъуы сныв кæнын. Æз ныв сарæзтон, фæлæ ма фæткъуы стъолы сæр сныв кæнгæйæ, йæ фарсмæ ахуыргæнæджы дæр сныв кодтон. Мæ ныв Еленæйы зæрдæмæ тынг фæцыд. Дыууæ фондзы мын сæвæрдта журналы. Мæ куыст та мын рамкæйы бакодта æмæ йæ куыд дæнцæг, афтæ ’вдыста ме ’мкъласонтæн æмæ ахуыргæнджытæн, - дзырдта нын Радик.
Скъолайы ахуыры фæстæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Хæххон паддзахадон аграрон университетмæ аграномон факультетмæ. Йæ ахуыр æмæ хи дарыны уаг фæзминаг уыдысты. Фæлæ йæ зæрдæ тынгдæр æхсайдта ныв кæнынмæ æмæ университеты йæ ахуыр цыппæрæм курсы ныууагъта. Йæ амонд бавзарыны фæнд скодта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивæдты факультеты ныв кæныны хайадмæ бацæуынæй. Йæ профессионалон дæсныйады фæлварæнтæ хорз бæргæ радта, фæлæ йын уырыссаг æвзагæй балтæ не сфаг æмæ уый аххосæй ам ахуыр кæнынæй йæ амонд нæ фæрæстмæ.
Сæрды уæгъд рæстæг хъæуæй горæтмæ ссыд цыдæр хъуыддаджы фæдыл, æмæ дын маршрутон таксийы бадгæйæ, радио «Алани»-йы уылæнтыл хъусынгæнинаг: «Дзæуджыхъæуы музыкалон-педагогон колледж ахуыр кæнынмæ хоны фæсивæды». Уый фехъусгæйæ, уайтагъд Радик колледжы балæууыд. Кадрты хайад кæм уыд, уым йе ’рбацыды сæр цæй мидæг ис, уый бамбарын кодта, æмæ йын колледжы директоры кусæн уатмæ бацамыдтой. Уымæ бацу, зæгъгæ. Сæрæн æмæ уæздан лæппу бахоста дуар æмæ йын колледжы директор Анатолий Харин мидæмæ бацæуыны бар куы радта, уæд бахызт йæ кусæн уаты къæсæрæй. Уæзданæй йын «дæ бон хорз» загъта æмæ райдыдта йемæ ныхас кæнын. Колледжы нывкæнынад æмæ графикæйы хайадмæ йæ бацæуын кæй фæнды, уый Анатолийæн бамбарын кодта. Тынг æхсызгон ын уыд Радикы уыцы фæнд. Радта йын бæлвырд темæйыл ныв саразыны хæслæвæрд. Кæд, зæгъы, мæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дæ æнæ фæлварæнтæй исын ахуырмæ. Лæппу дæр цингæнгæ гæххæтт райста æмæ йын директор цы ныв аразын кодта, уый уайтагъд гæххæттыл февзæрд. Анатоли йæм куы ’ркаст, уæд йæ цæсгом раирдхуыз æмæ лæппуйæн афтæ: «Фæззæджы-иу ахуырмæ ’рбацу».
Теблойты Радик уыд ахуыры раззаг. Йæ размæ йын колледжы ахуыргæнджытæ цы хæстæ æвæрдтой, уыдон рæвдз æмæ æнæаиппæй æххæст кодта. Æртыккаг курсы куы ахуыр кодта, уæд æм фæсидтысты æфсадмæ. Йæ хæс кад æмæ радимæ æххæст кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æфсæдты. Се ’фсæддон хай уыд СанктПетербургмæ хæстæг иу чысыл горæты. Ам дæр йæхи базонын кодта сæрæн æмæ æвзыгъд кæстæрæй. Йæ уæгъд рæстæг дæр-иу архайдта йæ физикон цæттæдзинадыл æмæ ’фсады уаг ахуыр кæныныл. Йæ райсом-иу райдыдта турниктыл алыхуызон фæлтæрæнтæ кæнынæй. Æхæм хорз æгъдау бафæзмыдтой, йемæ чи службæ кодта, уыцы лæппутæ дæр. Уыди сын хорз зондамонæг физикон æгъдауæй буары фидардзинадыл архайды, æфсады ’гъдауы æмæ царды дæр. Бахъуаджы рæстæг та се ’ххуысгæнæг æмæ ныфсæвæрæг, хорз æмбал.
Æфсадæй куы ссыд, уæд Теблойты сæрæн лæппу йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта Дзæуджыхъæуы музыкалон-педагогон колледжы. Уыцы рæстæгмæ йæ рацарæзтой æмæ дзы байгом кодтой Цæгат Ирыстоны Педагогон институты аивæдты хайад. Афтæмæй Радик ахуыр кæнынмæ бацыд цыппæрæм курсмæ колледжмæ нæ, фæлæ институтмæ, æмæ дзы райста арфдæр æмæ бæстондæр зонындзинæдтæ. Каст æй фæци нывкæнынады ахуыргæнæджы дипломимæ.
— Ахуыргæнæджы дæсныйад мын æцæгæлон у, уый рахатыдтон мæ практикæйы рæстæг. Институт каст куы фæдæн, уæд мæ скъолайы кусын нæ бафæндыд. Фæлæ ма бацыдтæн ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæуы 3-æм профессиналон училищемæ. Иу азмæ дзы сахуыр кодтон автомеханикы дæсныйадыл. Ам дæр та мын раттой сырх диплом. Ацы дæсныйадмæ бахъуыд æмæ ныр дæр хъæуы, мæхимæ машинæ кæй ис, уымæ гæсгæ дæр. Фæлæ дзы профессионалон уагæй куыстуат кæнæ æрмадзы никуы бакуыстон, - зæгъы Радик.
Радик кæд ахуыргæнæг æмæ автомеханикы куыст нæ кодта, уæддæр Дзæуджыхъæуы раздæры Сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы кусынмæ бацыд хъахъхъæнæгæй. Хъомыладон артдзæсты разамынд, ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ, фæсивæд æй нымадтой æмæ йын аргъ кодтой. Сæ алкæмæ дæр каст æмбаргæ, хионы цæстæй, узæлгæ æмæ уæзданæй.
Уыцы уаг æмæ ахаст ын банкъардта Сывæллæтты хæдзары разамынд, æмæ йæм ахуыргæнæджы профессионалон дæсныйад кæй ис, уымæ гæсгæ йæ снысан кодтой ахуыргæнæг-хъомылгæнæгæй. Куыд хъахъхъæнæг, афтæ иу йæ рад куы уыд, уæд таиу уыцы хæстæ ’ххæст кодта.
Сывæллæтты хæдзары куыста, афтæмæй Радикмæ фæдзырдта йæ мадырвад æмæ йын загъта, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры кæй хъæуы нывгæнæг-бутафор. Ацы дæсныйады куы нæ сарæхсон, зæгъгæ, дызæрдыгдзинады уацары бахауд. Фæлæ йæ уыцы равг фæивта, Ирон театры хæдзарадон кæрты кусæнуаты къæсæрæй куы бахызт, уæд. Йæ куысты хæстæ ам цы хуызы уыдзысты æмæ сæ куыд æххæст кæндзæн, уый тыххæй йын бæлвырд радзырдта цехы раздæры сæргълæууæг Артур Дивоев. Бутафоры дæсныйады сусæгдзинæдты цы миниуджытæ ис, уыдон ын лæмбынæг амыдта алкæддæр. Цардуагон архайдæн хæдзары дзаумæттæ цыдæриддæр ис, уыдон хъæуынц сценæйы. Æцæг хъуамæ уой аив, æцæгхуыз, рог æмæ актертæн æнцонархайд. Бутафорон æрмаг аразæг хъуамæ зона алцыдæр. Истори, культурæ, нывкæнынад, актерты ас, уæз. Декорацитæ æмæ артисттæ сценæйы цы архайд æвдисынц, уымæн хъуамæ бутафорон æрмаг æххуыс уа. Кæд æнæуи царды майдан, хъама, бæрцытæ, рон иу асмæ гæсгæ фæаразынц, уæд бутафорон æрмæг хъуамæ уа стырдæр æмæ аив. Цæмæй хорз зына сценæйæ залы бадæг театрдзаумæ. Йæ куыст æнцон нæу, куыд нывгæнæг-бутафор, афтæ, фæлæ цымыдисаг æмæ зæрдæйæн æхсызгон. Радик цехы кусгæйæ, æрбаййæфта уæздан хистæр, дæсны специалист Танделаты Æхсары. Ныр ацыд пенсийы. Йæ бæсты та кусы тынг арæхстджын æрыгон кæстæр Хъуылымбегты Къоста.
- Хорз цæстæй мæм кæсы нæ театры разамынд дæр. Директор - Дудайты Чермен æмæ аивадон разамонæг, актер, режиссер, нæ республикæйы адæмон артист Уалыты Гиви. Мæ царды-иу ахæм тыхст уавæрты бахаудтæн, æмæ мæм-иу Гиви хорз фæкаст. Æнафæттæм-иу цехы кусын куы хъуыд, уæд цæмæй хъæумæ ма цæуон, уый тыххæй мын-иу æмдзæрæны уат дæр самал кодта. Суанг ма мын-иу хæринаг дæр йæхæдæг æрбахаста æмдзæрæнмæ æмæ цехмæ. Тынг бузныг дзы дæн. Цæмæй нæ театр алы кары адæмы фæлтæрæн уарзон уа, ууыл тынг зæрдиагæй архайы. Афæдзмæ нæ ног æвæрд спектакльты нымæц æмæ номхыгъд рæзы. Гастрольты дæр арæхдæр цæуынц нæ артисттæ. Ме ’ххуыс сæ кæм бахъæуы - царды уа, куысты, уым вæййын сæ фарсмæ, - зæгъы Радик.
Радикмæ ис гитарæйæ цæгъдыны, зарыны æмæ музыкæ æрхъуыды кæныны арæхстдзинад æмæ сфæлдыстадон тырнынад дæр. Гитарæйæ цæгъдын, зарын бауарзта йæ мадыхойы лæппу, зæрдæргъæвд æмæ курдиатджын музыкант æмæ поэт, зарæггæнæг Бæззаты Эдуардмæ гæсгæ. Ацы музыкалон инструментыл цæгъдын та сахуыр Сывæллæтты хæдзары, йемæ цы ’мбалхъахъхъæнæг куыста, уый фæрцы. Ацы курдиат адæммæ, сценæмæ рахæсса, уыцы хъуыдыимæ йæм бирæ дзурджытæ уыд. Фæлæ йæм ахæм фæндон нæй.
Дæсны нывгæнæг, музыкант, зæрдæхæлар, æгъдауджын лæппу иудадзыгдæр архайы йæ дæсныйады профессионалон зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл. Кусы йæхиуыл. Ныридæгæн та цалдæр хатты уыд Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл академион театры нвыгæнæг-бутафоры дæсныйады профессионалон дæсныйады зонындзинæдтæ фылдæргæнæгсæрмагондахуырты дæр. Ис æм Ирон театры разамындæй æмæ спектаклы режиссертæй цалдæр арфæйы гæххæтты. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ куысты тыххæй райсы премитæ дæр.
Йæ дæсныйадмæ гæсгæ Теблойты Радик нывкæнынады ахуыргæнæг кæй у, уый йын хорз ахъаз у йæ бинонты царды. Хъомыл кæны фырт, фарастаздзыд Владиславы. Тынг æй фæнды, цæмæй йæхицæй хуыздæр, царды адæмимæ ахастыты, социалон хуызы хуыздæр æмæ сæрæндæр уа. Æгъдау æмæ ’фсарм, зонд æмæ куыстуарзондзинад нымайы йæ царды хуыздæр миниуджытыл. Ныридæгæн Владиславæн скъолайы йæ ахуыр у зæрдæмæдзæугæ. Уарзы футбол. Уæгъд рæстæг ын куы фæвæййы, уæд йæ фыдæн феххуыс кæны Ирон театры бутафоры цехы куыстыты.
Теблойты Радикæн нæ цæст уарзы царды, йæ профессионалон бирæвæрсыг сфæлдыстадон архайды æнтыстытæ, æнæниздзинад æмæ йæ кæстæры æнтыстытæй æмæ уагæй райгонд куыд уа алкæддæр, æнæниз æмæ зæрдæрухс, уыцы хорзæхтæ!
Гасанты Валери
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы хистæр зонадон кусæг. Къам ист у Теблойты Радикы архивæй



