Йæ фарны хъуыддæгтæ иры кадæн
Газет «Слово»-йыл сæххæст 105 азы. Йæ историон фæндаг дæргъвæтин у. Бындурæвæрд ын куы ‘рцыдис, уæдæй абонмæ дзы фæрнæй куыстой æмæ кусынц, нæ республикæйыл иузæрдион чи у, ныхасæй дæр Ирыстоны фарныл кад чи 'фтауы, ахæм дæсны журналисттæ. Канд Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр кæй зонынц, нæ уыцы зындгонд ахуыргондты та ацы къæсæр ахуыдта дарддæр царды уæрæхдæр фæндæгтыл - наукæйы бæрзæндтæм. Уыдонæй иу уыд Хъуысаты Измаилы фырт Генри дæр.
Хъуысаты Генрийы канд нæ республикæйы нæ, фæлæ зыдтой нæ бæстæйы алы професситыл хæст адæмтæ, нæ бæстæйаг артисттæй райдай æмæ хуымæтæг скъоладзаутæй фæу. Куыд бæстæзонæг, журналист, фыссæг, историон наукæты доктор, афтæ йæ мидисджын документалон кинонывтæ æмæ чингуытæ зæрдæскъæфт фæкодтой, чи сæ кастис, уыдоны. Се 'хсæн дæн æз дæр. Канд чингуытæ нæ, фæлæ ма Генрийæн йæхи дæр хорз зыдтон. Уыдис мæ цардæмбал Дадтеты Астаны хорз хæлар. Бирæ хæттыты нæ уазæгуаты йæхимæ фæхуыдта хохы Дæргъæвсмæ. Уæздан адæймаг, хæларзæрдæ, йæхи уæлдæр никуы никæмæй æвæрдта. Уый йе стыр интеллигентон æмæ ахуырады рæсугъддæр миниуæг уыд. Куы-иу фембæлдыстæм æмæ–иу æм «Генрий Измайлович» куы сдзырдтон, уæд-иу мын уыцы цæстуарзонæй афтæ бакодта: «Тамила, зови меня просто Генри».
Цал чиныджы рауагъта мыхуыры, уыдонæй мын алкæмæй дæр зæрдылдарынæн йæ къухфыстимæ балæвар кодта. «Встречи со старым Владикавказом», «Неизвестная Осетия», «Владикавказ, история в лицах», «Вокруг Коста», «Я хочу доверить вам тайну». Ирыстоны рагон уынгтæ, бынæттæ, хæдзæрттæ æмæ адæймæгты цард æмæ архайды тыххæй бæлвырдæй фæфыста ацы чингуыты. Йæ цард иууылдæр снывонд кодта географи, истори æмæ иртасынадон куыстæн. Ирыстоны зæххы гæппæл нæ баззад æмæ Генри иртасæн куыст кæм нæ бакодта. Æз хъысмæтæй бузныг дæн, ахæм адæймæгты мæ царды лæгæй-лæгмæ кæй зыдтон, уымæй. Ацы номхыгъдмæ ма хæссын историк, профессор Тменаты Виталийы дæр. Уыдоны фæрцы мæ зæрдæйы мæнæн дæр ссыгъд цымыдисдзинад нæ фыдæлты кæддæры царды уавæртæм, ивгъуыд дугты сусæгдзинæдтæм.
Хъуысаты Генри райгуырд 1935 азы æфсæнвæндаджы кусæджы хæдзары. Йæхæдæг мын афтæ дзырдта: «Ном мын куы æвзæрстой, уæд мæ ныййарджытæ бирæ рахъуыды-бахъуыды фæкодтой. Уыцы рæстæг хъуыстгонд уыдис францаг тæхæг (летчик) Анри Гийоме, æмæ мыл уый ном сæвæрынвæнд скодтой. Метрикæ кæм рафыссынц, уырдæм мæ фыд æвдисæндар райсынмæ куы бацыд, уæд гæххæттытæ чи фыста, уыцы сылгоймаг æххæст нæ бамбæрста ном Анри æмæ мæ Генрийæ ныффыста. Афтæмæй Генрийæ баззадтæн». Йæ фыд æфсæддон лæг уыд æмæ йæ службæйы фæдыл æрвыстой нæ бæстæйы алы горæттæм. Фæлæ Генри йæ сабибонтæ арвыста Беслæны. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ Хъуысаты Измаил фронтмæ ацыд, фæлæ нал æрыздæхт.
1954 азы Генри каст фæци астæуккаг скъола æмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты географийы факультетмæ. Тынг уарзта æрдзы хъæбысмæ балцыты цæуын æмæ журналистикæ. Райдыдта йæхи цыбыр уацхъуыдтæ фыссын республикон газет «Молодой коммунист»-мæ, абоны «Слово», æмæ йын сæ æхсызгонæй мыхуыр кодтой. 1959 азы ацы газеты сси литературон хайады кусæг, архайдта курдиатджын фæсивæды размæ кæныныл, стæй та спорты æмæ фыстæджыты хайадты сæргълæууæг, бæрнон секретарь æмæ сæйраг редакторы хæстæ æххæстгæнæгæй. 1967 азæй 1976 азмæ та куыста нæ Республикæйы бæстæзонæн музейы директоры хæдивæгæй. Уыцы рæстæг сæрæнæй архайдта наукон-иртасæн куысты, федералон æмæ регионалон ахадындзинад кæмæн уыдис, уыцы историон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй телеуынынады арæзта равдыстытæ. Арæзта наукон экспедицитæ Цæгат Ирыстоны хæхбæстæ æмæ быдыртæм. Афтæмæй музейы фонд хъæздыгдæр кодта ног экспонаттæ æмæ алыхуызон документтæй, раздæр зындгонд чи нæ уыдис, ахæм адæймæгты нæмттæй. Тынг цымыдисæй-иу кастыстæм равдыстмæ «Поиски краеведа»-мæ. Йæ æвæджиауы историон сусæгдзинæдтæй-иу телевизоры экраны цурæй атонын нал куымдта адæймаг. Хъуысаты Генри дыууæ хатты архайдта нæ бæстæйы уæды рæстæджы зындгонддæр равдыстытæй иу «Клуб путешественников»-ы, фæхуыдта йæ уырдæм Юрий Сенкевич. Цæрæнбон иудадзыгдæр уыдис агурæн æмæ сгарæн хъуыддæгты лæуд. Чысыл историон бынат кæнæ дзаумайы дæр-иу егъау ахадындзинад ссардта. Уый фæстæ райдыдта фыссын чингуытæ, йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дзы баиу кодта наукæ æмæ аивады таг. 1979 азы бахъахъхъæдта диссертаци «Русско-осетинские культурные связи 30-60 гг. 19 века», зæгъгæ, ахæм темæйыл. 1980 азы та кусын райдыдта ЦИПУ-йы экономикон, социалон æмæ политикон географийы кафедрæйы ахуыргæнæгæй. 1998 азы дæр та докторы диссертаци бахъахъхъæдта Александр Пушкины уырыссаг-кавказаг бастдзинæдты фæдыл темæйыл. Уыцы аз Генрийæн лæвæрд æрцыд Къостайы преми йæ чиныг «Встречи со старым Владикавказом»-ы тыххæй.
1974 азы Генри бацыд Советон Цæдисы Географийы æхсæнады рæнхъытæм. Университеты ма куы куыста, уæд ын æнцой нæ лæвæрдтой бирæ фарстатæ, Пушкин, Лермонтов æмæ Булгаков Ирыстоны цы цыбыр рæстæг фесты, уыцы цауты фæдыл иртасæн куысты мадзæлттæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад. Нæ æрдхæрæны поэтæн Генри снывонд кодта бирæ наукон статьятæ æмæ телеравдыстытæ. 1979 азы бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта йæ монографи «Вокруг Коста». Генри йæ наукон-иртасæн куысты фылдæр азтæ снывонд кодта Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæн. Абоны онг дæр Ирыстоны цæрæг адæмæн зындгонд чи нæ уыдысты, поэты уыцы хабæрттæ æмæ йæ бастдзинæдтæ алы адæмтимæ Генри сбæрæг кодта. Уый тыххæй ахуыргонд агуырдта æмæ æмбæлыд, рухс дунемæ йын Къостайы тыххæй иу хуры тын чи равдыстаид, ахæм кардзыд адæймæгтимæ. Фыста наукон статьятæ, арæзта семæ теле- æмæ радиоравдыстытæ. Йæхæдæг дæр-иу афтæ дзырдта: «Когда я писал книгу «Вокруг Коста», мне очень повезло встречать людей, которые еще помнили Левановича. Мне сложно было уходить из 19 века в 20 век».
1995 азы Хъуысайы-фырт бавнæлдта Ирыстоны хæхты цард æмæ историйыл телеравдыстытæ аразын. Мургай æмбырд кодта æрмæг Ирыстоны рагисторийы тыххæй. «Мидаграбинские водопады» æмæ «Легенда горы Тбау» Æппæтуæрæсейаг журналистты 1-аг конкурс «Экология России»-йы райстой дыккаг преми. Йæ документалон кинонывтæ æнтыстджынæй æвдыст цыдысты Канадæ, Америк, Израиль, Франц æмæ Германы телеуынынадтæй. Бирæ азты дæргъы йæ агуырдтой туристты къордтæн экскурситæ аразынмæ. Генрийæ хуыздæр чи радзырдтаид Къæрæугомы кæнæ Хъолайы цъититы, Ирыстоны уазæджы хорзæй чи уыд, уыдоны тыххæй бæлвырд хабæрттæ. Адæймаг сæ йæ чингуыты куы фæкæсы, уæд сæрыстырдзинадæй йæ зæрдæ байдзаг вæййы. Генри, уыцы хабæрттæ æмбырдгæнгæйæ, канд нæ республикæйы архивты нæ, фæлæ ма æрмæг æмбырд кодта нæ бæстæйы æндæр горæтты архивты дæр: Пятигорсчы, Стъараполы, Бетъырбухы, Мæскуыйы.
Хъуыды кæнын иу цау, кæддæр Генримæ Дæргъæвсы уазæгуаты нæ куыстæй кæйдæртимæ уыдыстæм. Фæхуыдта нæ æмæ нын уыйбæрц цымыдисаг хабæрттæ фæкодта æмæ загътам - Дæргъæвс æнæхъæнæй дæр истори куы у, зæгъгæ. Алы дур, алы уыгæрдæн æмæ фахс, мæсгуытæ, къæдзæхтæ, саппытæ - се 'ппæты тыххæй дæр æм уыдис æнæхъæн таурæгътæ. Фæхынцта нæ хохаг битъынайы цайæ дæр. Йæ ад ын абон дæр нæ ферох кодтон. Хъуысаты Генрийы тыххæй бирæ ис радзурæн, йæ фæллойæн стыр аргъгонд дæр æрцыд. Хорзæхджынгонд æрцыд бирæ паддзахадон хæрзиуджытæй, фæлæ хæрзиуæг лæггæнæг нæу. Уыцы хæрзиуджытæ Хъуысаты Генрийæн йæхи уды арф æвæрд уыдысты, йæ туджы æнхъæвзтой. Йæ бирæ æнтыстдзинæдтæ та йæ къухты бафтыдысты, Ирыстон æгæрон уарзтæй кæй уарзта æмæ йæ цард æнæ Ирыстон кæй нæ уыдта, уыцы амонд рахæсгæйæ.
Саутæты Тамилæ
Къамтæ æрбарвыста автор



