Йæ зæрдæ æнцойад нæ зыдта
Æцæг ирон лæджы миниуджытæ арф кæй зæрдæйы уыдсты æвæрд, æнæхин, рæстæй адæмы цæрайæ чи цард, уыцы куырыхон хистæрты номхыгъды уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Фæллойы ветеран Магкæты Муссæйы фырт Ильяйы (Исрафилы) ном дæр. Илья уыд хъæууон-хæдзарады хъазуатон кусæг, зындгонд агроном. Йæ цард, йæ бон снывонд кодта зæхгуыстæн. Æнæкæрон уарзтæй уарзта зæхх, йæ куысты сæйрагдæр уыд быдырты бæрзонд тыллæгæрзадыл тох, бирæ кæм фæкуыста, уыцы Республикон зайæгойтæ хъахъхъæнæн станцæйы.
1972 азы бахъахъхъæдта хъæууон-хæдзарадон наукæты кандидаты ном Ленинграды. 1982 азы йын лæвæрд æрцыд орден «Кады нысан», фæстæдæр хорзæхджынгонд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Советы Президиумы Кады грамотæйæ, майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй.
Илья райгуырд 1924 азы 15 февралы Елхоты. 1941 азы каст фæцис хъæуы астæуккаг скъола. 1942 азы февралы йæм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ. Уыдис уæды Орджоникидзейы 2-æм фистæгæфсæддон училищейы курсант. Уыцы аз майы райдайæны æфсæддонты акодтой Уæллаг Санибайы сæрдыгон лагертæм. Уыцы рæстæг немыцаг фашисттæ бырстой Цæгат Кавказмæ, цæмæй, Дзæуджыхъæу бацахсгæйæ, дарддæр ахизой Бакуйы нефтгуырæнтæм.
Афтæмæй райдыдтой Магкæты Ильяйы хæстон фæндæгтæ.
– 21 майы 1942 азы мах, Дзæуджыхъæуы фистæгæфсæддон училищейы курсантты, арвыстой хæсты быдырмæ æфсæнвæндагыл Ростовы облæсты горæт Сальскмæ. Уыцы рæстæг не ’фсæддонтæ ныууагътой Киев, Харьков æмæ Полтавæ. Сальскы доны был цалдæр боны куы фестæм, уæд нæ ’рцæрын кодтой станицæ Морозовскаяйы. Уыцы рæстæг фашисттæ байстой Миллерово. Æфсæддонтæ ацы станицæйы вагæттæй куы хызтысты, уæд æй бамбæрстой, фронт кæй æрбаввахс кæны. Хæстон хотыхтæн сæ иу хай бавдæлон кодтой станицæ Морозовскаяйы. Дыккаг бон нын радтой хæцæнгæрзтæ, фæлæ алкæмæн не сфаг. Гилдзытæ та алкæмæн дæр лæвæрдтой. Æфсæдддон хайы командир Смирнов нын дзырдта: «Хæсты быдыры ссардзыстут хæцæнгарз, цæф салдæттæй райсдзыстут».
Фæндзæм бон ацыдыстæм атакæйы, фашисттæ цы хъæутæ бацахстой, уыцы ’рдæм: Попов хутор, Митяевский æмæ Калмыково. Немыц æнхъæл нæ уыдысты, мах кæй ныббырсдзыстæм. Фыццаг хæст, фыццаг уæлахиз – суæгъд кодтам уæлдæр ранымад хъæутæ иууылдæр.
Цалдæр немыцаг фрицы уацары дæр райстам. Смирнов куыд бафиппайдта, афтæмæй не ’фсæддонтæм фæзынд хæцæнгарз, æмæ бирæтæ сæ топпытæ аивтой автоматтæй.
Цалдæр боны фæстæ та немыцæгтæ æрбаппæрстой сæ тыхтæ Сталинграды облæсты горæт Суровикиномæ. Немыц æнхъæлдтой, æмæ бацахсдзысты ацы вазыгджын стратегион пункт – Сталинград. Алы бон дæр дзы цыд тугкалæн хæстытæ. Иу рæстæг нæ немыцæгтæ балхъывтой Доны был горæт Калачмæ. Мах нæхи æрфидар кодтам, цæмæй немыцæгты исты хуызы фæуромæм, æмæ цы мингай цæфтæ уыд, уыдоны Доны сæрты хидыл госпиталмæ арвитæм. Баххуыс кæнын нын хъуыд техникæйæ. Фæлæ уæлдæфы зылдысты немыцаг мессершмидтæ. Срæмыгътой хид, æмæ мингай салдæтты аныхъуырдта цæугæдон. Бæрзонд рахизфарсы Дон уыд сырхсырхид мингай салдæтты тугæй. Махмæ афтæ каст, цыма сæ судзгæ сау тæригъдæй йæ цыдæй ныллæууыд цæугæдон.
Бардзырд райстам командыгæнæгæй, Доны былгæрон ныууадзын æмæ Калачы цæгатварс станица Мариновкæмæ æрæмбырд уæвыны тыххæй. Кæмæн йæ бон куыд уыд, афтæ Доны сæрты иннæ фарсмæ хызт: чи фæйнæджы гæбазыл, чи бæлæгъы, чи камерæйæ, чи та йæхи хъарутæй ленк кодта Доны иннæ фарсмæ… Бирæты, хорз чи ленк кодта, уыдоны дæр немыцаг мессершмидтæ уæлдæфæй цавтой. Мæ курсанттимæ баныхас кодтон, зæгъын, куы ’ризæр уа, уæлдæфы куы нал зилой знаджы хæдтæхджытæ, уæд исты хуызы доны иннæ фарсмæ баленк кæндзыстæм. Мæн ныфс уыдис, гыццылæй нæхимæ Елхоты Терчы ленк кæнын хорз сахуыр дæн, æмæ мæ хъарутæ бамбырд кодтон. Нæ лæппутæ дзырдтой, цæйнæфæлтау, дам, Доны ныххауæм, фæлтау немыцæгтимæ фæстаг нæмыджы онг хæцдзыстæм. Нæ мæ уагътой, фæлæ æхсæвы мæ размæ ’вæрд хæс сæххæст кодтон, ме ’мзæххон курсанттæ дæр мемæ, афтæмæй Доны фаллаг фарсмæ баленк кодтам. Июлы райдайæны Доны галиуварс уыдысты немыцаг фашисттæ. Ногæй та тугкалæн тохтæ. Уæлдæф иууылдæр бацахстой немыц. Æнæрынцойæ бомбæтæ калдтой æмæ калдтой. Курсанттæ цы фæндагыл цыдысты фæстæмæ, уыцы фæндаг фæстæдæр схуыдтой Мæлæты быдыр. Фæлæ уыцы ран фашисттæй фылдæр фæмард, афтæ хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ нæ фидæны афицертæ. Ме ’мзæххон Рубайты Смайлы йæ къухæйхæсгæ пулеметæй амардта 100 немыцаг салдаты æмæ афицерæй фылдæр, йæхæдæг хъæбатырæй фæмард тохы быдыры.
Августы фыццаг бонты нын æфсады сæйраг командыгæнæг радта æфсæддон цинтæ. Горæт Россошы бынмæ хæстыты фæцæф дæн æмæ мæ госпиталмæ арвыстой Тбилисмæ, хæстæг горæт Навтлухмæ. Госпиталы фæстæ бахаудтæн Фæскавказы æфсæддон зылды Тбилисы 31-æм афицерты полкъмæ.
1944 азы сентябры Ныгуылæйнаг Украинæйы горæт Ровнойы уыдтæн 69-æм Звенигороды Сырхтырысаджын дивизийы 208 полчъы 1-æм ротæйы гвардион взводы командир. Взводы цы хæстонтæ уыд, уыдон уыдысты, бирæ хæттыты чи хæцыд, ахæм фæлтæрдджын салдæттæ.
Не ’фсæддонтæ хъуамæ баххуыс кодтаиккой, кæуыл æрхъула кодтой, уыцы горæт Будапешт байсынæн, нæ дивизи размæ куы бырста цæгатæрдæм Балатоны цады ’рдæм Секешвехервармæ, уæд, Дунайы рахизфарс хъæутæ æмæ горæттæ сæрибар кæнгæйæ, стыр дис æмæ цымыдис кодтон ирон нæмттимæ дзы цы хъæутæ æмæ горæттæ уыд, уыдоныл. Зæгъæм, фыццаг хъæу хуындис Бонигъæд, Дунайфарс, Осси, Еунаг. Куыд уынут, афтæмæй – дыгурон диалектыл се ’ппæт дæр. 1944 азы кæрон 1945 азы райдайæны ногæй фæцæф дæн. Фæстаг ныббырсты тугуарæн карз хæстытæ бацайдагъ, хъæды парк-музей кæй хуыдтой, уыцы горæт Енингмæ ’ввахс. Изæрæй райдыдтам бырсын, немыцæгтæ ныссабыр сты. Мæ бардзырд мын куы айхъуыста сержант Иван Зубрицкий, уæд йе ’мбæлттимæ бабырстой фыццаг траншеймæ, ууылты – блиндажмæ. 40-50 немыцаг салдаты æмæ афицеры сæ къухтæ хæрдмæ сдардтой. Траншейы иннæ кæрон дæр уыйбæрц уыд немыцæгтæ, сæ къухтыл хæрдмæ схæцыдысты æмæ нæ салдæттæ хъæр кодтой: «Гитлер капут!»
Уый фæстæ не ’ргом сарæзтам горæт Секешфехервармæ. Тынг бирæ дзы фæмард, уымæн æмæ немыцæгтæ æрбаппæрстой бирæ хæцæнгарз æмæ ног тыхтæ. Горæт нæ къухы нæ бафтыд, фæлæ уæддæр æртыккаг бон ист æрцыд, ног хъарутæй нын баххуыс кæнгæйæ. Ацы ран стыр бæллæхы хæстон нывтæ федтам…
Æмæ ард бахордтам, кæй сын нæ ныббардзыстæм, фыдмитæ кæмæн фæкодтой, уыцы салдæтты тæригъæд. Немыцæгтæ, Веребы хъæумæ фæсчъылдымæй бабырсгæйæ, фехстой полчъы штаб.
16 мартъийы 3-æм Украинаг фронт абырста Австрийы ’рдæм – Венæмæ. 1945 азы 17 мартъийы Секешвехервармæ бацæуæны æз фæцæф дæн, арвыстой мæ Румыны горæт Тимошуарамæ. Уыцы ран бæрæг кодтон Уæлахизы бон – 9 Май! - мысыд Магкæты Илья.
Паддзахад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртæн саккаг кодта хæрзиуджытæ. Магкæты Исрафилæн лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1 къæпхæны орден, Сталинграды бынмæ хæстыты тыххæй - Сырх Стъалыйы орден, Венгрийы хæстыты тыххæй – Сырх Стъалыйы дыккаг орден.
Исрафил схъомыл кодта хорз кæстæртæ – Жорик æмæ Фаризæйы. Уыдон ныр сæхæдæг сты бинонджынтæ. Ис сын сывæллæттæ. Сæрыстыр сæ уыд Илья, уымæн æмæ сахуыр кодтой, ис сæм уæлдæр ахуырад, сты мыггагæн ныфс æмæ фидыц, сæ хистæрты фарнæй рæстуд æмæ æнæхин, хæрзæгъдау æмæ фæллоймæ здæхт. Фарн æмæ амонд уæнт сæ хæдзæртты, сæ цинтæй æфсæст уæнт сæ хистæртæ!
Хорзæн кæрон нæй … Хæсты хъæдгæмттæн та рохгæнæн нæй. Фæлæ уыцы æбуалгъ мысинæгтимæ дæр домбай æмæ хъаруджын зæрдæ Магкæйыфырт 96-аздзыдæй дæр куыста æнæрынцойæ.
Исрафил уарзта адæмы, уыдон дæр æй бирæ уарзтой. Æмæ кæд сæ цæрæнбынат Елхотæй раджы раивтой бинонтимæ Дзæуджыхъæумæ, уæддæр цины уа, зианы уа, æдзухæйдæр уыд йæ райгуырæн хъæу Елхоты адæмы ’хсæн. Йæ уд йæ дзæцц уыдысты йæ хъæубæстæйы цæрджытæ, йæ сабибонтæ кæм арвыста, фыццаг къахдзæфтæ æртæхджын кæрдæгыл цъæх нæуыл кæм акодта, фыццаг сæууон зынг Хуры скасты тынвæд цы ранæй суыдта, уыцы елхотаг бæркадджын быдыртæ!
Стыр хъыгагæн, цалдæр азы рацыд, не ’хсæнæй куы ахицæн Магкæты Муссæйы фырт Исрафил, уæдæй нырмæ... Йæ хъæбатыр ном, йæ кады хъуыддæгтæ рох нæ уыдзысты йæ хорз кæстæртæй, уыдоны цотæй æмæ Ирыстоны фæлтæрæтæй. Хъæбтыртæ нæ мæлынц!
* * * ООО «Алан фильм» систа киноныв «Макеев Илья Мусаевич» зындгонд хæстоны тыххæй. Оператор – Таболты Азæмæт, нывы автор та Базраты Аланæ радзырдта, Ильяйы хуызæн адæм цы стыр æвæрæн бахастой Уæлахизы номыл, уый тыххæй.
Бызыккаты Земфирæ
РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг
Къам ист у Магкæты Ильяйы архивæй



