Мæхи тыххæй фæзæгъын: "хуымæтæг дæн"
Хестанты Аланæ у нырыккон хохаг чызг. Цыбыр рæстæгмæ балхæдта адæмы зæрдæтæ йæ царды æмæ йæ зæрдæйы уагæй. Уый æвдисы йæ социалон хызты. Фæлæ цæмæй хицæн кæны бирæнымæц æндæр чызг-блогертæй? Хæххон Мызуры цæрæг Аланæ сси йе ‘мхъæуккæгтæн æмæ æппæт Ирыстонæн спорт æмæ æнæниз царды нысан. Алы бон æвдисы, æнæзивæг æмæ зæрдæрухсæй куыд архайы йе ‘нæниздзинадыл хъæуы мидæг. Уый уынгæйæ йыл æрымбырд вæййынц сабитæ æмæ удуæлдайæ фæфæзмынынц сæ хистæры. Йæ социалон хызты Аланæ æргомæй дзуры йæ бафысджытимæ, дзуапп сын дæтты сæ зæрдиагдæр æмæ уæззаудæр фарстатæн – уыдон ыл тынг æууæндынц. Уыимæ ацы чызг йæхи хоны хуымæтæг, æмæ бæрæг у, мæнг кæй ницы зæгъы, уый. Зæгъæм, стæмтæ нæ абон æнæзивæгæй ауайынц цæхæрадонмæ, ныссадзынц кæнæ рамбырд кæнынц халсартæ æмæ дыргътæ. Аланæйæн та уый у йе ‘рвылбон царды хай. Хæххон уæрыккау сызгъоры Мызуры хæхты фарсыл, уым ис сæ цæхæрадон, æмæ æнæзивæгæй æруайы фæстæмæ дæр. Афтæмæй нырыккон хохаг чызг йе 'рыгон царды балымæн кодта спорт, менталон æнæниздзинад, æрвылбон хæдзарон куыст æмæ стыр æнтыстдзинæдтæ йæ куысты мидæг. Куыд балхæдта социалон хызты фæсивæды зæрдæтæ æрыгон чызг? Цавæр бар дары менталон æнæниздзинад спортмæ? Æмæ цавæр мидис хæссынц йæ равдыстытæ? Уый тыххæй лæмбынæг - нæ цымыдисаг ныхасы.
Мæхи тыххæй
Мæ ном у Аланæ, 22 азы мыл цæуы. Социлон хызтæ мæ царды фæзындысты 2016 азы, кæддæриддæр æвдыстон æмæ дзырдтон ме 'рвылбон царды тыххæй. Фæстæдæр базонгæ дæн SММ-имæ, фæдæсны дæн, бирæтæ мæ райдытой хонын сæ социалон хызтыл бакусынмæ. Фæлæ куыст фылдæрæй-фылдæр куы кодта, уæд, æвæццæгæн, сфæлмæцыдтæн, бафæлладтæн æмæ мæ куыстыл иуцасдæр мæ зæрдæ сивтон. Уымæ гæсгæ мæхицæн радтон рæстæг баулæфынæн. Ме ‘ргом раздæхтон мæхи социалон хызтæм æмæ адæмы зæрдæмæ дæр тынг цыдысты мæ куыстытæ. Уый мын лæвæрдта ныфс æмæ ноджы фылдæр архайдтон мæ аккаунты.
Райгуырæн хъæу
Мызуры хъæуы схъомыл дæн æмæ мæ райгуырæн хъæуæй мæ зæрдæ кæддæриддæр райы. Цыфæнды боны хъæды æнæзивæгæй цæуын тренировкæмæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, райдайæнты фæнд кодтон горæтмæ ацæуын, спортивон залмæ, фæлæ стæй мæхицæн загътон: «Аланæ, акæс-ма, дæ алыварс куыд рæсугъд у, уымæ!». Уыимæ нын фæстæдæр фæзуат дæр скодтой Битарты Вячеславы рæстæджы æмæ дзы абон дæр стыр бузныг стæм. Афтæмæй алы бон райдыдтон хæхты хæдфарсмæ мæхиуыл кусын. Æмæ райсомæй рудзынгæй куы акæсын, уæд Хуыцауæн фæзæгъын бузныг, ахæм ран кæй цæрын, уый тыххæй.
Райрæзты фарстайы тынг вазыгджын у, дæ алыварс цавæр адæм ис, уый. Мæ бинонтæ æмæ ме ‘мбæлттæ мын кæддæриддæр ныфсы хос сты. Чи зоны, ахæм цæстæй куы нæ кастаиккой мæ хæстæджытæ, цы куыст кæнын, уымæ, уæд мын уыйбæрц нæ бантыстаид.
Хейт кæй фæхоныц, уый мæ фарсыл æппныдæр нæй. Иухатт мæм иу лæппу ныффыста, чызджытæ подтягиванитæ фыдынд кæнынц, зæгъгæ. Фæлæ йын йæ аккаунтмæ куы бахызтæн, уæд дзы ахæм къæсхуыртæ лæппуйы къамтæ федтон æмæ йæ уайтагд бамбæрстон, цæмæ йæм фæкаст хъыг мæ спортивон æнтыстдзинад. Дуне мын тынг бирæ сыгъдæгзæрдæ адæмы балæвар кодта ацы блогы фæрцы æмæ уымæй бузныг дæн.
Спорт царды
Мæ мад дзырдта афтæ:
«Цыфæнды ахуырæй дæр
дын уæд бæрæггæнæн цыппар кæнæ æртæ,
фæлæ дын физрайæ хъуамæ фондз уа».
Мæ фыд кæддæр дугъ кодта æмæ Алагиры районы дугъгæнджыты ‘хсæн ахста фыццаг бынæттæ. Сæрмагондæй кæддæриддæр уыд спортмæ æмхиц, хæдзары нæм уыд бирæ спортинвентарь. Мæ мад та кæддæр хъазыд баскетболæй. Æмæ-иу мын афтæ дзырдта: «Цыфæнды ахуырæй дын уæд ныллæгдæр бæрæггæнæн, фæлæ дын физрайæ хъуамæ фондз уа». Æмæ уымæ гæсгæ спорт бирæ уарзтон, арæх цыдтæн ерыстæм. Фæлæ хистæр къластæм куы бахызтæн, уæд уавæр аивта. Мæхи æвзæр хатыдтон. Райдыдтон кусын кофейняйы, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ме ‘нæниздзинад фæцудыдта.
Ныртæккæ бирæ ног менталон низтæ фæзынд. Æз дæр бахаудтæн сæ ахæсты. Æдзух тыхст кæй уыдтæн, мæ физикон уавæрыл мæ къух кæй ауыгътон, уый фæдыл мæм райдыдтой паникæйы атакæтæ кæй фæхонынц, уыдон.
Æхсæв-иу цыппар-фондз сахаты афынæй кодтон, кæнæ та-иу бынтон нæ бафынæй дæн. Мæхи æвзæр хатын куы райдыдтон, уæд дохтыртæм сбæрæг кодтон мæ зæрдæ, радтон анализтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй мæ æнæмæнг хъуыди райдайын афойнадыл фынæй кæнын. Æмæ мæхицæн загътон – спорт.
Спортивон тренертæ хуымæтæджы нæ фæдзурынц фынæйы пайдайы тыххæй. Спорты архайгæйæ, се 'ппæтæй сæйрагдæр у, фынæй æмæ хæрыны режимыл бакусын.
Мæ царды спорт куы фæзынд, уæд дзы алы хъуыддаг æмæ алы дзаумайæн дæр фæзынд йæхи рад, йæхи бынат. Бамбæрстон, царды æнæмæнг кæй хъæуы змæлын æмæ архайын, цы уавæртæ дын ис, уыдоны астæу.
Адæммæ арæх афтæ фæкæсы, æмæ иугыццыл куы атренировкæ кæнай, уæд уайтагъд дæ буар дæр æмæ дæ зонд дæр фæивдзысты, фæлæ уый даргъ фæндаг у. Мæ фыццаг видеотæм куы фæкæсын, уæд мæхи нал базонын хатгай.
Куыд загътон, афтæмæй тренировкæтæ райдыдтон ме ‘нæниздзинады тыххæй. Фæлæ йæ куы бамбæрстон, бирæты зæрдæмæ кæй цæуы мæ архайд социалон хызты, уæд мæм фæзынд фылдæр ныфс æмæ фæндон видеотæ кæнынмæ.
Абон мæ бон у зæгъын, мæ уды кæй бафидыдтой æнтыстдзинæдтæм тырнынад æмæ сабырдзинад. Раздæр уавæр æндæрхуызон уыд. Кæддæриддæр тагъд кодтон ног бæрзæндтæм, искæимæ нæ ерыс кодтон, фæлæ мæхæдæг мæхиимæ. Знонæй абон хуыздæр цæмæй уон. Фæлæ хаттæй-хатт мæ психикæйыл æппындæр нæ ауæрстон. Афтæ блогимæ дæр, мæхи куы стыхсын кодтаин æмæ куы бæллыдаин бафысджыты стыр нымæцмæ, уæд дзы ницы рауадаид. Мæ блог мæнæн уыд удæнцой.
Уыимæ мæ фæнды зæгъын, социалон хызты арæх кæй ис фенæн бирæ фæсивæд. Уыдонæн хæрзæрыгæттæй тынг бирæ бантыст царды. Адæймаг уыцы минутты йæхи фæхаты цæмæйдæр цух. Фæлæ уæ рох ма уæд, алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг æмæ бынат. Уæхи макæимæ барут, фæлæ уæхиуыл кусут æмæ фидаут уе ‘нæниздзинад æмæ уды уагимæ.
Ныртæккæйы бафысджытæ мæм раздæр куы фæзындаиккой, уæд сын цы кæнон, уый зонгæ дæр на кодтаин, раст зæгъгæйæ. Стъалыйау ферттывтаиккой æмæ фæтары уыдаиккой, абон мæм уыцы фарстайæн ис дзуапп. Æмæ йæ 'мбарын, куыд зæрдиаг адæм мæм кæсынц, хатын сын сæ зæрдæты азæлд.
Зæрдæ зæрдæимæ дзуры
Арæх мæм ныффыссынц мæ бафысджытæ фæлмæн ныхасагур. Алкæмæ дæр ис уæззау фарстатæ, кæцытæ сын зын вæййы сæ хиуæттæн радзурын. Цæйдæр тыххæй мыл баууæндыдысты, ссардтой мæ æмбал. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алыхатт æнæмæнг хъæуы адæмæн дæттын дзуапп. Бынтон ныхасæфсæст куы нæ уой дзуаппытæ, уæддæр хъуамæ уой, цæмæй адæймаг æмбара, йæ зын ын исчи кæй хъусы æмæ йын аргъ кæй кæны.
Дæнцæгæн мæм æрæджы фыста æрыгон чызг, бирæ фæныхас кодта - йæ зæрдæйы дурау бадтысты уыцы ныхæстæ. Нæ йын бавгъау кодтон мæ рæстæг, æмбæрстон, байхъуысн æм кæй хъæуы.
Мæ зæрдæ дарын, фидæны мын кæй уыдзæн амал кæддæриддæр дзуапп раттын мæ бафысджытæн. Хъуыстгонд адæймаджы æмбалы зæрдæ ссардтой æмæ æз сæ бынаты куы уыдаин, уæд мæн дæр фæндыдаид, цæмæй мын мæ фарстайæн дзуапп раттой.
Кæддæр та мæм директмæ ныффыста лæппу. Дзуапп радта мæ видеойæн, уым æвдыста фæззыгон фæндаг. Диссагæн мын дзырдта, алы бон уыцы фæндагыл хæдзармæ кæй фæцæуы, уый, фæлæ йын йæ аивдзинад никуы бамбæрста. Загъта мын бузныг уый тыххæй, нырттæккæ йæ цæст кæй байдзаг йæ алыварс цы æрдз ис, уымæй. Дзуапп ын куы радтон йæ фыстæгæн, уæд ын уый тынг æхсызгон уыд. Мæнæн та æхсызгон уыд йæ цин.
Уарзондзинад, цин, кæрæдзийæн кадкæнынад – ацы æнкъарæнты уаг мæ фæнды амонын мæ социалон хызты. Кæд фыццаджыты архайдтон мæ контент бабирæ кæныныл, уæд мæ абон фылдæр æндавы контентæн йæ арф мидис. Фæнды мæ видеоты руаджы æвдисын мæ зæрдæйы æнкъарæнтæ.
SMM-мæ фæндаг
Цæмæн афтæ рауайы, уый нæ зонын, фæлæ мæ зæрдæйы исты фæнд куы ‘рцæры æмæ куы фæкурын фадат уыцы фæнд сæххæст кæнынæн, уæд цыма дунейы алцыдæр мæ фæнд æххæст кæныныл бафты, афтæ мæм фæкæсы.
Иу ахæмы базонгæ дæн мæ хорз æмбалимæ Узбекистанæй. Кæддæриддæр дзы уыдтæн æмæ уыдзынæн бузныг, мæ профессионалон фæндаджы райдайæны мæ фарсмæ кæй æрлæууыд, уый тыххæй. Бирæ зонындзинæдтæ мын радта. Рæстæг куыд цыд, афтæ куыст хуыздæр æмбæрстон, фылдæр æй уарзтон æмæ йæ абоны онг дæр уарзын. Алы куыстæй дæр ис сфæлмæцæн, фæлæ уарзон куыстæй нæ. Хъуамæ бафæлварай алыхуызон архайды хуызтæ, æмæ равзарай дæ зæрдæмæ хæстæгдæр куысты хуыз.
Курдиаты монетизаци
Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыды кодтон, цæмæй спорты цы зонындзинæдтæ мæ къухы бафтыд, уыдон иннæтæн социалон хызы дæр амонон. Фæнды мæ фидæны фæсивæд æмхиц кæнын спортмæ куыд тренер. Фæлæ уыцы хъуыддагмæ хуымæтæг цæстæй нæ кæсын. Æмæ цæмæй иннæты ахуыр кæнон, уый тыххæй хъуамæ мæ зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнон. Æмæ æрæджы уыцы фарстамæ мæ хъус тынгдæр æрдардтон, æркастæн, цавæр ахуыртæ ис тренертæн. Ахæмтæ, цæмæй æрмæст буары уавæр нæ, фæлæ ма хæрд æмæ адæймаджы царды æндæр фæзтæ дæр хуыздæр æмбарон. Арæх мæм фæфыссынц чызджытæ. Æмæ мын æхсызгон у се 'ууæнк æмæ йæ ‘мбарын, фыццаджыдæр мын кад кæнынц куыд цымыдисаг уды хицауæн, стæй та куыд тренерæн.
Ирыстоны курдиатджын фæсивæдæй нæ зæрдæ райы, уыдонæй иу у Хестанты Аланæ. Сыгъдæгзæрдæ, ныфсджын, куыстуарзон, фæлмæн, тыхджын, аив – ацы ныхæстæ иууылдæр ис зæгъæн ацы æрыгон хъайтары тыххæй. Йæ видеоæрмæджытæ бирæтæн сты удæнцой, аивады ‘нæхъæн хайад. Уый тыххæй йын йæ бафысджытæ лæвар кæнынц сæ зæрдæтæ, уый та сын байгом кæны йæхион.
Æрмæг бацæттæ кодта Мамиаты Дианæ
Къам ист у Хестанты Аланæйы архивæй



