Уæлдæр ахуырд æви царды æцæгдзинад
25 январь (зæронд нымадмæ гæсгæ та 12 январы) Уæрæсейы нымад у Татьянæйы кæнæ студентты боныл. Ацы бон æмбæлы æрмæст циндзинадыл дзурын нæ, фæлæ, æвæццæгæн, студенттæ цы риссаг фарстатыл æмбæлынц, уыдоныл дæр. Уыдонæй иу - уæлдæр ахуыры ахадындзинад абоны царды, цы цæстæй йæм кæсæм, уый, æмæ æцæгдæр афтæ ахадгæ у æви нæ не ‘хсæнады.
Дыууæ ныхасæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм бæрæгбоны равзæрды тыххæй: бон баст у хъизæмаргæнæг сыгъдæг Татьянæйы номимæ. 1755 азы Татьянæйы бон паддзах Елизаветæ бафыста Указ Мæскуыйы университет æрфидар кæныны тыххæй. Æппæтуæрæсеон бон та сси 1850 азы, паддзах Никъала Фыццæгæм уынаффæ куы рахаста, ацы бон бæрæг кæнын куыд иууыл уæлдæр ахуырдæтты бон, уæд. 2005-æм азæй фæстæмæ бæрæггонд цæуы куыд «Уæрæсейаг студентты бон» Владимир Путины бафыст Указмæ гæсгæ. Ис ын йæхи бæрæггæныны æгъдæуттæ æмæ уаг, фæлæ абон уыдоныл нæ дзурæм...
«Цъар» æви зонындзинæдтæ
Уæлдæр ахуырад. Æнæмæнг хъæуы æви нæ? Ирыстоны йын цыма уæлдай табу кæнынц. Хæрдты йæ систой. Уыцы ахастдзинад советон дуджы рæстæг æрфидар кодта æмæ уырдыгæй ардæм æрбакъахдзæф кодта. Цы ис æвзæрæй уæлдæр ахуырады, зæгъдзæн газеткæсæг, æмæ уыдзæн раст, фæлæ дзы ис дызæрдыггаг фарстытæ, равзарын æмæ бамбарын кæй хъæуы. Бафæлварæм.
Уæлдæр ахуырады æппындæр æвзæрæй ницы ис, раст нæ бамбарут. У хъæугæ æмæ æнæмæнг, фæлæ цыма раст уаид, куы йæ исиккой уыцы адæм, æцæгæй дæр кæй хъæуы, уыдон, ома зонындзинæдты фæндагыл чи цæуы, курдиат кæмæ ис æмæ йæхиуыл чи бакусдзæн, ахæмтæ. Уæдæ йæхимæ уыцы тых чи ‘нкъары, æмæ наукæйы райрæзтыл бакусдзæн, зæгъгæ, уымæн, æнæмæнгæй, йæ бынат уæлдæр ахуырады. Мах та цы уынæм цалдæргай дæсгай азты дæргъы? Къуымых æнæрхъуыды культ. Цыфæнды хуызы хъуамæ дæ къухты бафта диплом уæлдæр ахуырады тыххæй. О, о, диплом, уый вазыгджындæр у зонындзинæдтæй, ахуырæй. «Цъар» дæм уæд, æндæр æхца æмæ зонгæдзинæдты фæрцы, хиондзинады фæрцы дарддæр исты уыдзæн. Исты «хъарм» бынат бацахсæн уыдзæн. Уæдæ ранымад гæнæнтæ кæмæн нæй, уыдоны хъысмæт ты куыд уыдзæн? Уыдон та дарддæр сæхи ссардзысты сæ дæсныйады нæ, фæлæ... базаргæнæн куыстыты, дуканиты уæйгæнджытæй, консультанттæй, официанттæй, æфснайджытæй æмæ афтæ дарддæр. Цард куыд амоны, афтæмæй лæггадгæнæн къабазы хъæуы ахæм кусджытæ, уæлдæр ахуырад кæмæ ис. Æвæццæгæн, лæггад кæмæн кæнынц, уыдоны домæнтæ сты? Астæуккаг ахуыр кæмæ ис, уыдон сын нæ бæззынц лæггадгæнджытæн? Æви нырыккон цард афтæ домы, æмæ æппæтæй зындæр æмæ уæззаудæр куыст чи кæны, уымæ дæр уæлдæр ахуыргонддзинад хъуамæ уа? Афтæ бæргæ нæу, фæлæ сæхи марынц иууылдæр уыцы уæлдæр ахуырад райсынмæ, цыма сын æцæгæйдæр се ‘ппæтæн дæр царды дуæрттæ бакæндзæн.
Цы у йæ мидис уыцы ахуырæн, дæсныйадæй дарддæр куы нæ кусай, наукæйы бæрзæндтæм дзы куы нæ хизай, кæнæ дæ зонындзинæдтæ куы нæ амонай дарддæры фæлтæртæн? Æвæццæгæн, ницы. Уыцы ахуыр æрмæстдæр ном куы хæсса, уæд ницы у.
Ныййарджыты «фæндонтæ»
Уый хыгъд уæлдæр ахуырад райсыныл чи архайы, уыдоны нымæц къаддæр нæ кæны. Уæлдай тынг та фæхъæуы сæ ныййарджыты. Афтæ сæм фæкæсы, æмæ йæ æнæмæнгæй хъуамæ райсой. Хъæуы нæ хъæуы йæ сывæллоны, фæнды йæ æви нæ, уымæй ма йæ чи фæфæрсы, ныййарджыты цæхгæр уынаффæмæ гæсгæ йæ хъысмæт конд æрцæуы. Æмæ цас раст у тыхвæндонæй ахуыры фæндагыл цæуын? Нæу раст. Бирæ ныййарджыты ма фæфæнды, сæхи къухты цы нæ бафтыд, уый сæ цоты къухты куыд бафта. Никæцы ныййарæджы цæст зæгъы йæ сывæллонæн æвзæр, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы, уымæн йæхи фæндаг кæй ис царды, æмæ бахъуыды рæстæг йæ ныфс кæй дæ, йе ‘ххуысгæнæг, йæ цардаразæг нæ фæлæ.
Нымæц кæнæ хæрзхъæддзинад?
Уæдæ диссаг куыд нæ у, утæппæт дæснытæ рауадзгæйæ университетты фæстæ хъæугæ специалист кæй не ссардзынæ, уый. Афæдзæй-афæдзмæ дæсныты нымæц вæййы сæдæгай æмæ мингай. Экономисттæ, юристтæ, менеджертæ. Хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæ. Нæй, æвæццæгæн, ахæм скъола, æмæ цавæрдæр ахуыргæнæг хъуаг кæцы ма уа. Вæййы афтæ, æмæ уыцы фарст афæдзгай ныддæргъвæтин вæййы. Кæм физикæйы ахуыргæнæг нæ вæййы, кæм фæсарæйнаг æвзаджы, кæм математикæйы, кæм та мадæлон æвзаджы. Æмæ уæд цы фæвæййынц уыцы дæснытæ, специалисттæ, университеттæ æмæ институттæ кæй рауадзынц? Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй æндæр куыстытыл фæхæст вæййынц. Се ‘хсæн хъæугæ нал разыны. Ацы хъуыддаджы, æвæццæгæн, хæрзхъæдæй нæ, фæлæ нымæцæй тыхджын стæм. Хорз экономист кæнæ юристы дам æнцонтæй не ссардзынæ, бирæтæй фехъусын. Уагæрыл фæуæм, æмæ нæм уыдонæй фылдæр та чи ис? Уæвгæ, иннæтæ дæр къаддæр не сты, фæлæ уавæр куыд у, афтæ у.
Æнцонтæй къухты не ‘фты
Куыд зонæм, афтæмæй ахуырад райсын ныртæккæ æнцон нæу, бирæ хæттыты йын фидын кæй хъæуы, уымæ гæсгæ. Ныридæгæн ис ахæм дæсниадтæ, æмæ сæ райсын дæ бон у, фидынхъом куы уай, уæд. Ам дæр та бирæ хæттыты ныййарджытæ стыр хæсты бацæуынц, кредиттæ скæнынц, банктæ æмæ адæмæй фæхæсджын вæййынц, цæмæй æрмæст сæ сывæллон сахуыр кæна, уый номыл. Йæ бон кæмæн у, уыдоны фæзмгæйæ, тыхмитæ кæнынц, фæстейы ма баззайæм, зæгъгæ. Æмæ ахуыр куы фæпайда уа, уæд ма ницы кæны, фæлæ та, зæгъæм, цыппар азы дæргъы фæфыстай хæсы æхца, æмæ та ахуырад цы студент райста, уый дарддæр йæ дæсниадыл нæ кусдзæн, уæд цæй номыл? Æрмæст престижы номыл?
Паддзахадырдыгæй ма уыцы хорздзинад баззад, æмæ хорз чи ахуыр кæны, уыдонæн гæнæн ис бюджетон бынæттæм ахуырмæ бацæуын. Фæлæ афæдзæй-афæдзмæ уыдоны нымæц дæр къаддæрæй-къаддæр кæны æмæ сæм бахауын зындæрæй-зындæр у. Хорз у, аккаг студенттæм куы ‘рхауынц ацы бынæттæ, уæд, уымæн æмæ æмбарæм, уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырад райсын ныры царды рахызтысты фидгæ бындурмæ.
Уæддæр... хъæуы æви нæ хъæуы
Уæлдæр ахуырад дын дæ дарддæры царды цæрыны фæрæзтæ куы нæ дæтта, уæд йæ ахадындзинад дызæрдыггаг у. Ахуыр кæнын - гыццыл фыдæбон нæу, æмæ иугæр адæймаг куы бафыдæбон кæны, уæд æй фæфæнды, цæмæй йын уый фадат ратта йæхи æмæ йæ бинонты дарын. Фæсивæдæй бирæтæ цингæнгæ исынц астæуккаг ахуырад, уымæн æмæ æмбарынц, ацы дæсниадтæ сын цæрынæн æвзæр фадæттæ кæй нæ дæттынц.
Алкæмæндæр нын ис ахæм хиуæттæ, сыхæгтæ, зонгæтæ, афтæ чи фæзæгъы: «Цы у, цы уæ уæлдæр ахуырад? Кæй хъæуы? Мæнмæ нæй, фæлæ сымахæй (ома уæлдæр ахуырад кæмæ ис, уыдонæй) фылдæр æхца кусын, уымæй бирæ фылдæр. Мæ царды уаг дæр хуыздæр æмæ уæлдæр у». Æмæ ахæм адæймаг йæ былысчъилдзинад æмбæхсгæ дæр нæ фæкæны.
Уæдæ цы хатдзæгтæм æрцыдыстæм?
1. Алы адæймаг хъуамæ йæхæдæг æрцæуа ахæм уынаффæмæ, хъæуы æви йæ нæ хъæуы уæлдæр ахуырад, йæ дарддæры царды йæм цы фæндтæ ис, уыдонмæ гæсгæ.
2. Равзæрст дæсниадтæй иу дæр æвзæр нæ уыдзæн, зæрдæмæдзæугæ дын куы уа, уæд.
3. Уæлдæр ахуырад исын «модæ»-йы хуызы куы уа, уæд нæ хъæуы. Ам та кæс фыццаг пунктмæ.
Хъайтмазты Заремæ
Къам ист у гом информацион фæрæзтæй



