Чи уыдис нæ иумæйаг фыдæл?
Æрыгон фæсивæды 'хсæн арæх рауайы ныхас, кæмæн йæ мыггаг кæмæй равзæргæ у, ууыл. Алчидæр йæ мыггаджы равзæрд фæамоны Цæразонты къабазæй. Уæвгæ ирон адæмы мыггæгтæ иууылдæр Цæразонтæй равзæргæ сты. Нæ иумæйаг фыдæл – Ос-Бæгъатырæй. Чи уыдис уыцы хъайтар?
Зындгонд фыссæг Хъайттаты Сергей Цæразонты къабæзты тыххæй афтæ фыста: «Нæ фыдæлтæй куыд баззад, афтæмæй Ос-Бæгъатыр цард Уæлладжыры комы, Нузалы. Иу рæстæджы Ос-Бæгъатыр абалц кодта йе 'фсæдтимæ Гуырдзыстонмæ, Глуры хъæуы цардис Сау хъæды хицау кънйаз Хоæрвад. Хоæрвадæн йæ рæсугъд чызг Æхсины Ос-Бæгъатыр йæхицæн бинойнагæн тыххæй рахаста. Хоæрвад иу къорд рæстæджы фæстæ æд æфсад рацыд йæ чызджы фæдыл. Ос-Бæгъатырæн рындзыл уыд хъахъхъæнджытæ - дыууæ æфсымæры – Хирды æмæ Иуана. Хоæрвады æфсæдтæ Урсдонмæ куы сцæйцыдысты, уæд сæ хъахъхъæнджытæ базыдтой æмæ ныффæдис кодтой. Хъахъхъæнджытæ бахаудысты Хоæрвады æфсæдтæм æмæ сæ амардтой. Ос-Бæгъатыры æфсæдтæ та схæцыдысты Хоæрвадимæ. Бæгъатыры æфсæдтæ ныццагътой лæбурджыты æмæ Хоæрвадæн фырмæстæй йæ зæрдæ атыдта. Хирды æмæ Иуана кæм фæмард сты, уым та сæвæрдтой дурæй цырт. Ныртæккæ дæр уыцы цырт ис йæ бынаты, хонынц æй «Фæтæн цырт». Уыналæй Зынцъары астæу разынд уæлмæрдтæ, хонынц сæ «Хоæрвады уæлмæрдтæ». Ос-Бæгъатыры бинойнаг «Æхсины æрдуз» та фенæн ис Зынцъары æдде. Ос-Бæгъатыр æмæ Æхсинæн райгуырд цыппар фырты: Хъусæгон, Цæразон, Сидæмон, Алгъуыз æмæ Тидыла номылусæй. Сидæмоны фырт Хъазийæн та уыдис æртæ фырты: Наджи, Фатта æмæ Ерыстау. Ерыстауæн йæ фырты калм ныццавта æмæ амардис. Ерыстау алыгъд Гуырдзыстонмæ. Наджийы байзæддаг цардысты Æрхон æмæ Луары хъæуты. Фаттайы байзæддаг та Дæйыхъæу æмæ Цъусы».
Чи уыдис уæвгæ Ос-Бæгъатыр? Наукон цæстæнгасæй ма æркæсæм историиртасджытæ цы зæгъынц, уыцы бæрæггæнæнтæм.
Стыр ахуыргонд Владимир Кузнецов йæ чиныг «Реком, Нузал æмæ Цæразонтæ»-йы бæлвырд иртасæн хабæрттæ фæкодта Бæгъатыры тыххæй. Ос-Бæгъатыр уыдис ирон адæмы фæстаг паддзах æмæ хæстон фæтæг (вождь). Уæлладжыры комы цæрджыты рагфыдæл. Цардис 13-æм æнусы кæрон æмæ 14 æнусы райдиан. Тæтæр-монголы ныббырст цæхгæр аивта Цæгат Кавказы этникон картæ. Бирæ адæмыхæттытæ бындзарæй сæфт æрцыдысты, иннæтæ та тæригъæддаджы уавæрты сæ цард талынг кæмтты 'рвыстой. Уыцы ныббырсты алайнаг æхсæнад дæр дыууæ ныхмæлæуд лагертыл фæдих. Иуырдыгæй ирон æлдæртты къорд сæ дæлбар чи уыдис, уыдонимæ фесты тыхджындæрты фарс, иннæ æхсæнад та дарддæр хæцыд монгойлаг хан Мункэйы ныхмæ. Хан куы амард, уæд йæ импери æмæ сæ территорийыл фæзынд цалдæр паддзахады, сæ тыхджындæртæ - Сызгъæрин Ордæ æмæ ильхан Хулагидты паддзахæдтæ. Ордæйы паддзахадмæ хаст æрцыдысты Хъырым, Цæгат Кавказ, Волгæ æмæ Сау денджызы былгæрæттæ. Хулагидтæм та бафтыдысты Иран, Ирак, Афганистан, Сомих æмæ сын Гуырдзы та æххуырстытæ систы. Ацы дыууæ паддзахады 'хсæн Фæскавказ бацахсыны фæдыл карз хæстытæ цыдис Терчы былгæрæттыл, алайнаг ирæттæ кæм цардысты, уым. Хулагидты 'фсад састы бынаты баззад. Уыцы уавæр алайнæгтæн уæззау разындис æмæ расидтысты миграцийы уылæн Цæгатæй Хуссармæ, Гуырдзымæ. Ильханты хицауад алайнаг лыгъд адæмы æрбынæттон кодта Жинвалийы, Дманисы, Калачы æмæ Гуры. Ос-Бæгъатырæн уыдис цалдæр æфсымæры, сæ иу Сослан чысылæй афтыд Гуырдзыстонмæ йæ фыдыхомæ. Куы ралæг ис, уæд ракуырдта гуырдзиаг паддзах Георгийы чызг Тамары æмæ йæ гуырдзиæгтæ рахуыдтой Дауыт. Къорд азы размæ нæ республикæйы разамынд уынаффæ рахаста, Дауыт-Сосланæн Дзæуджыхъæуы бюст сæвæрыны тыххæй. Фæлæ историктæ ацы фæндимæ не сразы сты. Куыд загътой, афтæмæй Дауыт-Сослан Ирыстонæн хорзæй ницы сарæзта, цы фæци - уый Гуырдзыстонæн. Æддагон знæгты ныббырстытæй сæ фервæзын кодта æмæ сæ быныскъуыдæй бахъахъхъæдта. Иннæ æфсымæртæ: Фареджан, Джадарон, Сохъуыр, Георгий, Исахъ, Раман æмæ Басил уыдысты Ирыстоны цыппар комы хъахъхъæнджытæ. Исахъ, Басил æмæ Раман ма Чырыстийы лæггадгæнджытæ дæр. Ос-Бæгъатырæн историйы йæ ном кæд нæ баззад, уæддæр æй Владимир Кузнецов амоны Фидар-æй. Уыдис ма йын фаззон æфсымæр Фареджан. Фæлæ хъаруджын, ныфсхаст æмæ тыхджын хæстоны ирон адæм Бæгъатыр рахуыдтой (богатырь). Разæфтуан Ос- та йæм бафтыдтой гуырдзиæгтæ. Ос-Бæгъатыр йе 'фсымæр Фареджанимæ хæцыдысты Сызгъæрин Ордæйы ныхмæ æмæ Гуырдзыстоны мидхæстыты. Ос-Бæгъатыр ирон адæмæн йæ цард нывондæн æрхаста. Бахъахъхъæдта сæ æддагон знæгтæй. Дыууæ 'фсымæры сæхи хъардтой, миграцийы рæстæг ирон адæмæй Гуырдзыстоны Хуссарварс цы зæххытæ бацахстой, уыдон фæуæрæхдæр кæныныл, Гур кæй хуыдтой, уый, абоны Гори. Гуры фæстæ ирæттæ æрцардысты хохрæбынтæй дардгомау зæххытыл, ныры Хуссар Ирыстоны арæнтæй дарддæр. Ацы историон цауы Ос-Бæгъатыры фæлгонц сси таурæгъон. Уый уыдис йæ комы цæрджыты сæрылхæцæг. Сæ сæраппонд-иу бахъуаджы сахат фæсидт йæ дыууæсæдæ хæстонмæ æмæ-иу знаджы ныхмæ æгъатырæй хæцыд.
Бæгъатырæн йæ цард æмæ йæ мæлæт æнгом баст сты Гуырдзыстонимæ. Ирон адæмы историйы дыууæ Ос-Бæгъатыры уыдис. Иу 5 æнусы, хæцыд гуырдзиаг паддзах Вахтанг Горгасалимæ, дыккаг та, ныр кæуыл дзурæм, уый. 1306 азы Гуырдзыйы лæгæй-лæгмæ тохы мæлæтдзаг цæфтæ фæцис Ос-Бæгъатыр æмæ йæ хæстонтæ йæ фыдæлты уæзæг Цæразонты зæхмæ æрластой, Нузалмæ. Йæ номыл ын цы мавзолей сарæзтой, уым æй бавæрдтой кад æмæ радимæ. Уыцы мавзолей абон дæр Нузалы ис, зонæм æй аргъуанæй. Йæ хотыхтæ та йын ингæны сæрыл сæвæрдтой. Цæразонтæ йын йæ ном сæнусон кæныны тыххæй Тлийæ æрбахуыдтой фыццаг нывгæнæг Болайы æмæ уый мавзолейы къултыл сныв кодта Цæразонты æфсымæрты фæлгонцтæ æмæ ныффыста æмдзæвгæэпитафи «Мах уыдыстæм фараст æфсымæры Цæразонтæ-Цъæхилтæй». Чысыл рæстæджы фæстæ Бæгъатыры хотыхтæ Нузалы мавзолей-аргъуанæй рахастой Рекоммæ æмæ уым хъахъхъæд цыдысты куыд табуйаг дзаума, афтæ. Кæддæр 1946 азы Бетъырбухæй Нузалмæ æрцыдис археологты къорд Евгения Пчелинаимæ. Уыдон сыгом кодтой аргъуаны къулрæбын ингæн æмæ сæ иртасæн куысты фæстæ хатдзæг скодтой, Дауыт-Сослан дзы æвæрд кæй æрцыдис, уый фæдыл. Фæлæ Владимир Кузнецов семæ не сразы. Хъантемыраты Эльбрус дзырдта, зæгъгæ, Нузалы аргъуаны æвæрд мард мæгуырау уыд. Ницы дзы ссардæуыд хотыхтæй дарддæр, паддзæхтæн та семæ ныгæдтой сæ фæсдзæуинты, сызгъæринтæ, бæхтæ. Ахæмæй ацы ран ницы разынд. Стæй ирон адæм рагæй дæр Нузалы мавзолей Ос-Бæгъатыры номимæ бастой, ДауытСосланы кой сæм нæ уыд. Ос-Бæгъатыры фырттæй иу Алгъуызы хъæбатыр сгуыхтдзинæдты тыххæй Гæбæраты Иуане «Алгъуызы кадæг»-ы ирдæй æвдисы Цæразонты сгуыхтдзинæдтæ. Йæ алыварс ирон адæм куыд æрбамбырд сты æмæ Иры знæгты куыд дæрæн кодта, уый тыххæй. Фыстытæ ма афтæ дæр амонынц, зæгъгæ, Алгъуыз йе 'фсымæр Сидæмонæй фыстæг райста, лæппу дын райгуырд, зæгъгæ, æмæ фæстæмæ куы здæхт, йе 'фсæдтæ кæм уыдысты, уырдæм, уæд ыл хинæй рацыд йæ фыдгул Аслан Гамрекели. Кæмæндæр æй амарын кодта, Алгъуызы ус Естерæн та йæ зæрдæ аскъуыд æмæ сын баззад фырт Цъæхил. Кæддæр Джыккайты Шамил ныффыста уацмыс «Изæрмилты кувын» æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты ацы рæнхъытæ: «Дæумæ хъарын, нæ лæугæ Хох, нæ растад. Дæ рухс фæуæд тыхст адæмæн сæ уарт, фæдисы хъæрмæ Ос-Бæгъатыр растæд, йæ фæдзæгъст уæнт, нæ ном æмæ нæ цард».
Хуссар Ирыстоны иуæй-иу цæрджыты мыггæгтæ стыр Леуахийы комы суанг Сыбайы хъæумæ – Абайтæ, Дзаттиатæ, Саулохтæ, Томайтæ, Плитæ, Дзиццойтæ, Гаглойтæ, Санахъотæ æмæ иннæтæ сæхи хонынц Алгъуызы байзæддагæй. Урстуалты цæрджытæ Сыбайы æмæ Згъуыбиры хъæутæй уæлæмæ сты Алгъуызы байзæддагæй. Уанейы-фырт фыссы, Алгъуызæн, дам йæ хистæр фырт Агзæриссæйæн уыдис æртæ фырты: Тома, Абай æмæ Гагло. Гаглойæн йæ бон туг бафидын нæ уыд æмæ йæ фырттæ Туга æмæ Картия Куырттаты комы Къорайæ алыгъдысты Къусджытæм (хъæу Хуссар Ирыстоны). Беккуызартæ, Томайтæ æмæ Дзгойтæ сты хæрз æрвадæлтæ. Уыдон дæр сты Алгъуызы байзæддагæй. Заманхъуйлаг Дзгойты Бимболат куыд дзырдта, афтæмæй Тома, Дзиго æмæ Беккуызар цардысты Холысты. Тома алыгъд Захъамæ, Дзиго – Санибамæ, Беккуызар та баззад Холысты. Томайы байзæддæгтæ сæхи фыссынц Томайтæй, Дзигойы байзæддаг – Дзгойтæй, Беккуызары уæттæ та Беккуызартæй. Мыггæгтæ куыд бирæ кодтой, афтæ алырдæмты лыгъдысты. Томайтæ Къорайы 'рцардысты, Ручъы æмæ ма æндæр рæтты. Алагиры цæрæг, Зджыдæй ралидзæг Томæты Сандыр дзырдта, зæгъгæ, йæ фыдæлтæй куыд хъуыста, уымæ гæсгæ, Томайтæй Зджыды æрцардысты Елых æмæ Джете. Уæд сæхи Томæтæй фыссын байдыдтой.
Ос-Бæгъатыры тыххæй тынг бирæ таурæгътæ æмæ наукон æрмæджытæ ис. Уый уыдис нæ мыггæгты равзæрды историйы фыдæл. Исчи бафæрсдзæн, æмæ незаманты дæр нæ рагфыдæлтæ цардысты. Фæлæ уæд æрмæст нæмттæй дзырдтой кæрæдзимæ. Мыггæгты истори та райдыдта Ос-Бæгъатырæй, йæ фырттæй. Иуæй-иу наукон иртасæнты Нарты Батрадзы фæлгонцы амынд цæуы Ос-Бæгъатыр, Æхсæртæггатæй. Нарты кадджыты мыггæгтæ иууылдæр Цæразоны къабаз сты, ууыл дзурынц бирæ ахуыргондтæ сæ иртасæн куыстыты. Æмæ нын æвдисæнæн Нузалы цы аргъуан баззад, Бæгъатыры фæстаг æнцойы бынат, уый та нæ хъæуы бахъахъхъæнын, куыд æвæджиауы æмæ историон хæзна, афтæ.
Дадтеты Тамилæ
Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй



