Хъæбатыртæ нæ мæлынц
2025 аз нæ бæстæйы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ нымад æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азыл. Афæдзы дæргъы нын фадат ис, йæ уд сæрибар дуг æмæ сабыр царды сæрвæлтау чи радта æмæ не ’вгъау кæны абон дæр, уыцы хъæбатыр гуырдты хъысмæтыл газетты фæрстыл дзурынæн, телеуынынад, радио æмæ Интернеты тыгъдады сыл равдыстытæ æмæ æрмæджытæ цæттæ кæнынæн. Канд азы мидæг нæ, фæлæ никуы уыдзысты рох сæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ, сæ рухс нæмттæ æмæ кад.
Абон Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уый, зæгъæн ис, æмæ 1941-1945 азты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дарддæры архайд у. Уæд, 1945 азы, нæ хистæртæ æнхъæлдтой, æмæ Уæлахиз æрцыд. Нæ зыдтой, уыцы Уæлахиз рæстæгмæйы цау у, уый. Залиаг калмæн йæ сæртæ кæронмæ къуырд не ’рцыдысты æмæ та тау суагъта, æгъатырæй нын цæгъды нæ фидæн, нæ генофонд нын «хæры», тугæй не ’фсæды, афтæмæй. О, цас сты, цас, æнафоны мæрдты дуæрттæ чи байгом кодта, хур кæуыл аныгуылд, боны рухс чи нал уыны, уыцы кæстæртæ - хъæбатыр хæстонтæ. Сæ нымæцæй адæймаджы зæрдæ фæркгай куыд нæ фæхауы?
Дзулиаты Эльбрусы-фырт Темырболатæн хъысмæт 26 азæй фылдæр цард нæ бахай кодта. Цы сты уыцы азтæ лæппуйæн? Йæ ’рыгондзинадæн æвдисæн рæстæг. Уарзты цæхæр дæр йæ зæрдæйы нæма ссыгъд, нæ банкъардта хъæбулы ад, нæ баззад йæ фæстæ кæстæр. Темырболаты фырбуцæн Темыр хуыдтой. Райгуырд æмæ схъомыл Черменыхъæуы. Йæ фылдæр бонтæ арвыста йæ фыдымад Олиимæ. Оли уыдис Такъæты чызг. Зæронд усыл хур Темыры фæрцы каст, афтæ уарзта йæ хъæбулы хъæбулы. Бындар зынаргъ у, удæн адджын. Темыры ныййарджытæ кæд хицæнæй цардысты, уæддæр лæппу йæ фыды мады нæ ныууагъта, фæлæ цардис йемæ. Хæрзæгъдау æмæ коммæгæс сывæллон, ахæмæй йæ зыдтой хъæубæстæ æмæ сыхы мидæг цæрджытæ. Темыры цымыдисы ’фтыдтой нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ куыннæ, ирон бæрæгбæтты-иу Оли æртæ дзадджын уæливыхы куы акодта, уæд, уыцы æгъдау рæзгæ уды дæр хъардта. Темыр хъæуы 1-астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кодта Мæскуыйы нырыккон технологиты колледжы. Архайдта спорты дæр. Тынг уарзта уæззау атлетикæ æмæ ахуыры рæстæг сси Мæскуыйы облæсты чемпион, спорты мастермæ кандидат. Йæ тренер Гаглойты Ибрагимы ныфс уыдис, спорты стыр æнтыстдзинæдтæ Темыры къухты кæй бафтдзæн, уымæй, фæлæ лæппумæ фæсидтысты æфсадмæ æмæ службæ бакæнын сæйрагдæр хæсыл банымадта. Дзулиаты лæппу йе ’фсæддон хæс æххæст кодта Приморьейы крайы горæт Уссурийскы, Суворовы номыл орденхæссæг 83 хицæн гвардион-десантон бригады. Службæйы фæстæ ацы ран бафыста контракт дæр. Темырболатыл уæд цыдис 22 азы.
Дзулиаты Темыр архайдта, «горячие точки» кæй хуыдтой, уыцы рæтты, уыдис Сирийы террористон организациты ныхмæ æфсæддон операцийы архайæг дæр æмæ йæ хъæбатыр сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд майданæй «Участнику военной операции в Сирии». Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ Темыр йе ’фсæддон хæс намысджынæй æххæст кодта. Мариуполь неофашисттæй ссæрибар кæныны хæсты йын лæвæрд æрцыд «Сыгъдæг Георгийы» майдан.
19 октябры 2022 азы Темыры æфсæддон дæлхайад Херсонаг фронт бацахсæг знаджы ныхмæ размæ бырста. Ацы ран фашисттæн сæ тыхтæ лæмæгъ нæ разындысты. Нæмгуытæ нæ лæппутыл ихуарæгау калдтой. Уæддæр сæ ныфс нæ асаст, дæрæн кодтой Бандерайы хъузæтты. Темырболат йе ’мбæлтты арты цæхæрæй аирвæзын кæныны тыххæй йæхи уд баппæрста зындонмæ. Мæлæтдзаг цæфтæ фæцис, дохтырты бон дæр ын ницыуал баци. Аскъуыд æрыгон хъæбатыр хæстоны цард, баззадысты йæ ныййарджытæ Фатимæ æмæ Эльбрус æнæ Темырæй, зæронд фыдымад Оли, се ’фсымæрæй фенæхай сты йæ хотæ дæр. Нæ бæстæйы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ Дзулиаты Темырболатæн йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй лæвæрд æрцыд Æхсардзинады орден (орден Мужества) йæ амæлæты фæстæ.
Хæрзиуджытæ лæггæнæг не сты, фæзæгъынц, лæгдзинад нæлгоймагæн æрдзæй лæвæрд вæййы, нæ фыдæлтæ та ацы миниуæгæй алы æнусты дæр хайджын уыдысты. Темыр-иу йæ зæронд фыдымадмæ писмотæ куы фыста, уæд ын ныфсытæ æвæрдта, Оли тагъд фæуыдзæн хæст æмæ куы ’рыздæхон, уæд ног хæдзар сараздзынæн æмæ дын алы хорз уавæртæ дæр уыдзæн, зæгъгæ. Темыры бæллиц уыд, йæ фыдыфыд Алиханы зæронд кæлæддзаг хæдзары бынаты искуы агуыридурæй амад бæрзонд галуан саразын. Фæлæ йын нæ бантыст. Украинæйæ йын йæ мард куы ’рластой, уæд уырдæм цы бирæ дзыллæтæ уылæн кодтой, уыдон ын йæ мæгуырдзинад æмæ æнамонд хъысмæтыл ставд цæссыгтæ калдтой, нæлгоймагæй-сылгоймагæй, зæрондæй-æрыгонæй. Митинджы сыхы хистæр Темыры царды хабæрттæ дзурын æнæ кæугæйæ нæ фæрæзта, уæлдайдæр ма хъæбатыр хæстоны хæрзиуджытæ сырх хъæдабæ чысыл «базыл» боны рухсмæ цæхæртæ куы калдтой, уæд, уый кæуылты сæрыстырдзинад уыдис канд бинонтæн нæ, фæлæ æнæхъæн мыггагæн дæр. Темыры фæстæ бирæ нал ацард Оли дæр. 90 азæй уæлæмæ йыл цыд æмæ йæ зианы адæм афтæ дзырдтой, чи зоны, дам, ма ацардаид, фæлæ йæ Темыры сæфт батар кодта цыбыр рæстæгмæ.
Дзулиаты Темырболат кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы æрæджы байгом кодтой мемориалон къуым. Сæрмагондæй та алы 5 кълас дæр хæсдзæн Темыры ном. Хъæбатыр хæстон йе ’нусон æнцой ссардта, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонтæн Октябрыхъæумæ фæндагыл цы уæлмæрд ис, уым.
71289 æфсæддон хайы разамынд Дзулиаты бинонтæм цы фыстæг æрбарвыста, уым радзырдтой, гвардийы рæнхъон Дзулиаты Темырболат æфсæддон хайы хицауад æмæ командæгæнджыты бардзырдтæ æмæ хæстæ ныфсджынæй, сыгъдæгзæрдæйæ кад æмæ намысимæ куыд æххæст кодта, æфсæддон уставыл æнувыд кæй уыдис, уый фæдыл.
Зын дзурæн у Темыры æмæ йе ’мхæстон æдзард фæсивæды тыххæй ивгъуыд рæстæджы. Цыбыр уыд сæ цард, сæ уалдзæг та ноджы цыбырдæр. Нæ кæстæртæ, нæ Ирыстоны хъахъхъæнджытæ, алкæй хъысмæт дæр уæ уыд арвыл тæхгæ стъалыйы хуызæн. Куыд мæгуыр сты сæ ныййарджытæ дæр, сæ хъыг сын Терчы дон дæр куы нæ аласдзæн, сæ фаг сын дзæбæх ныхæстæ дæр ничи ссардзæн. Фæлæ уыцы мадæлтæ абон цардмæ хъуамæ дзагцæстæй кæсой, сæ комы-комдзæгтæй цы хъæбултæ фæхастой, уыдон се ’гады бынатмæ не ’руагътой, уыдон æгас Ирыстонæн дæр æмæ нæ бæстæйæн æнусон кад самадтой се ’рыгон рæзгæ удтæй. Ахæм æмбисонд баззад, хъæбатыртæ, дам, нæ мæлынц, не ’хсæн нал вæййынц, æндæр. Нæ бантыст ацы хæрзконд æмæ хæрзуынд лæппуйæн искæй мыггаджы сиахсы лæггæдтæ бакæнын, зæрдæйы фæндон ын цы уыди, уыцы хъуыддæгтæ сæххæст кæнын. Кæстæртæ йын куы баззадаид, уæд, чи зоны, загътаиккам, йæхицæн цы нæ бантыст, уый йæ сывæллæттæн бантысæд, зæгъгæ, фæлæ хъысмæты фæндтæн базонæн нæй, стæй алкæмæ мидбылты нæ худы.
Фарс бацæттæ кодта Дадтеты Тамилæ.
Къам ист у гом информацион фæрæзтæй



