Ирон Митын Дада
Кæмæн У Дед Мороз, кæмæн - Санта Клаус, махæн та у æппæты хуыздæр – æцæг ирон митын дада: цухъхъатæ, урс нымæт, бухар худ, хордзен, цымыдисаг лæдзæг саджы сæримæ. Уый йын амоны фæндаг.
Ног аз - нæ уарзондæр, уæлдай тынгдæр кæмæ фенхъæлмæ кæсæм, ахæм бæрæгбон у. Кæддæриддæр æрхæссы адæмæн циндзинад, чысылæй-стырæй æнхъæлмæ кæсæм алыхуызон диссæгтæм. Æвæццæгæн æй уымæн уарзæм, нæ сабийы бонтæ кæй æрхъуыды кæнæм. Куыд ахуыр кодтам æмдзæвгæтæ æмæ сæ зæрдиагæй куыд дзырдтам Митын Дадайæн, уый та-иу йæ голладжы алыхуызон лæвæрттæ куыд систа. Куыд-иу æнхъæлмæ кастыстæм фыццаг митмæ, не 'мбæлттимæ-иу куыд скодтам митын лæджы. Кæцæй у уыцы Митын Дада, æмæ йæхи куыд цæттæ кæны сабитæм æрбацæугæйæ?
Зæрдæрухсæй мын бакодта дуар Ирон театры кусæг, номдзыд артист - Куымæллæгаты Владимир. Уый фынддæс азæй фылдæр кусы Митын Дадайæ æмæ сывæллæттæн сæ зæрдæтæ рухс кæны. Дыууын авд азы кусы Ирон театры æмæ зивæг нæ кæны алы Ног аз дæр Митын Дадайæ кусын.
«Мæхæдæг тынг уарзын Ног аз, гыццылæй дæр æнхъæлмæ кастæн Митын Дадамæ, тынг цымыдисаг мæм каст ацы бæрæгбон, уымæн æмæ æрхæссы ног хабæрттæ, бæркад æмæ цин, æмæ дæ уырны, алцыдæр сæххæст уыдзæн. Цæмæй дæ дзæбæх Митын Дада рауайа, хъæуы æууæндын диссæгтыл æмæ сæ æвдисын сывæллæттæн, цæмæй уыдоны дæр уырна - æппæт бæллицтæ дæр кæй сæххæст уыдзысты!», - радзырдта нын Владимир.
Дæ куыст хъуамæ уарзгæ кæнай, цæмæй дын бантыса. Æнæмæнгæй хъуамæ уарзай сывæллæтты æмæ зонай, семæ куыд хъуамæ дзурай, хъазай, лæмбынæг сæм куыд хъусай, цы фæндтæ сæм ис, цардмæ куыд кæсынц, уый.
«Сывæллонæн цавæр удыбæстæ скæндзынæ - ахæм удыбæстæ дæуæн дæр уыдзæн. Куы мæм ныккæсынц се ‘нæхин цæстытæй æмæ куы бафæрсынц: «Ды æцæг Митын Дада дæ?», хъæбыстæ кæнын мын куы райдайынц, уæд мæхи зæрдæ райы, тынг æхсызгон мын вæййы, æмæ сын фæзæгъын фидарæй, æцæг Митын Дада кæй дæн, уый. Тынг уарзын мæ куыст: хъазын семæ, кафын æмæ сын алыхуызон аргъæуттæ дзурын. Ноджыдæр ма фæдзурын, бæрзонд кæй цæрын, æмæ уынын, сæхи куыд дарынц, уый. Чи фæхъусы сæ нанатæм, дзæбæх чи ахуыр кæны - уымæн алыхуызон бæллицтæ сæххæст кæндзынæн, зæгъгæ», - дзуры нын Владимир.
Ацы куыст æрмæст актерон хъазтыл арæзт нæу, фæлæ ма дзы ахсджиаг у адæймаджы бæрнондзинад.
«Мæхи цæттæ кæнын рагацау, цыфæнды фæлладæй дæр тагъд кæнын, цæмæй афойнадыл куысты уон. Дыууæ сахаты раздæр мæ бынаты куы нæ уон, уæд мын вæййы æвзæр, катай фæкæнын. Цы нæ вæййы фæндагыл, уæд та мæ машинæ асаст кæнæ та мæ ныхæстæ ферох кандзынæн, бирæтæ дард хъæутæй фæцæуынц, æмæ мæ сæрмæ нæ хæссын байрæджы кæнын. Цал азы кусын Ирон театры, иухатт дæр нæ уыди, цæмæй байрæджы кæнон. Раст зæгъгæйæ, бæлвырд цæттæ куы нæ уай, уæд дзы ницы рауайдзæн, сывæллон алцыдæр æмбары æмæ йæ нæ асайдзынæ. Фыццаг хатт куы рацыдтæн сывæллæттæм, уæд мæ ныхæстæ ферох кодтон, фæлæ куы райдыдтон семæ хъазын æмæ кафын, уæд мæхимæ 'рцыдтæн. Уыйас не 'мбæрстой уыдон, фæлæ мæхинымæр загътон - абонæй фæстæмæ сценæмæ æрмæст бæлвырд цæттæйæ рацæудзынæн», - худгæйæ радзырта Владимир.
Бирæтæм афтæ фæкæсы, цыма æрмæст лæвæрттæм æнхъæлмæ кæсынц сабитæ, фæлæ сывæллоны зæрдæ на балхæндзынæ къафеттæй кæна та æндæр лæварæй, уый агуры зæрдæхæлардзинад.
Нырыккон рæстæджы бынтон нæ фаг кæны зæрдæхæлардзинад. Алкæйы зæрдæ агуры Ног азы къæсæры уарзондзинад, иудзинад æмæ бæстæ сабыр куыд уа, ног цины хабæрттæ цæмæй хъуысой. Æхсызгон нын у, ахæм хорз адæймаг кæй кусы Митын Дадайæ, æмæ гыццылæй-стырæй адæмæн ныфс кæй дæтты аргъауы диссæгтыл сæмбæлыныл.
«Ирыстоны адæм, Ног азы къæсæрыл æрлæууыдыстæм, æмæ уын æз - Митын Дада - зæрдиаг арфæ кæнын! Уæ кæстæртæ фарн æмæ амондимæ куыд хъомыл кæной, сæ сæрмæ райдзаст, хурджын арв куыд уа! Бæстæ сабыр куыд уа, бæлццæттæ дзæбæхæй, рæсугъдæй сæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлой, цыдæриддæр фыдбылыз æмæ æнæмонддзинад ис, уыдон зæронд азимæ куыд ацæуой, Ног аз та уын амонд æмæ циндзинад æрхæссæд. Цы сусæг фæндтæ уæм ис, уыдон уæ куъхы куыд бафтой, Хуыцау уын уыцы арфæ ракæнæд!», - арфæ кæны Митын Дада Куымæллæгаты Владимир.
Нæ редакцийы коллектив дæр уын Ног азы арфæтæ кæны! Æппæты фыццаг - æнæниз, æнæмаст ут! Уæ хæдзæрттæ уарзондзинадæй, амондæй дзаг куыд уой, уæ бæллицтæ куыд сæххæст уой. Рынчын кæмæн ис, уый йæ Ног азы æнæнизæй куыд фена, хæсты быдыры цы хъайтартæ ис, уыдон æгасæй сæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлой, ахæм арфæ уын Хуыцау ракæнæд!
Кучиты Камиллæ
Къамтæ ист СТЫ Куымæллæгаты Владимиры архивæй



