Мадæлон æвзагыл уæлæхох цæмæн кæнæм?
Кæддæр иу æнæзонд адæймаг æнæсæрфат ныхас срæцыгъта, ирон æвзаг, дам, Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы, зæгъгæ. Ирон уæвгæйæ, иронау дзурын чи нæ зоны, уыдонæй бирæты хъæуы, мысынц æй æмæ архайынц, цæмæй йыл дзурын сахуыр уой, ууыл. Адæймагæн æхсæнадон царды бирæ хъуыддæгтæ вæййы. Æмæ фылдæр ныхас кæнæм уырыссагау. Фæлæ ирон республикæ уæвгæйæ, нæхи æвзаг дыккаг бынаты кæй аххосæй æвæрд æрцыд, уыцы адæймæгтæ сæ рæдыд кæд бамбардзысты æмæ йæ кæд сраст кæндзысты?
Æрæджы иу бæрнон адæймагмæ радиойы журналист фарст радта, æмбырды цы ахсджиаг хъуыддагыл æрдзырдтай, уый тыххæй ма иронау дæр радзур, зæгъгæ, æмæ йын афтæ бакодта: «Вы знаете, осетинский язык такой сложный, что я вряд ли смогу Вам ответить. Мне легче по-русски, так давайте интервьюировать по-русски». Цы ма загътаид журналист æмæ сразы. Æз та хъуыдыты адзæгъæл дæн æмæ дис кодтон, Ирыстоны районтæй иуы бæрнон адæймагыл. Ирон лæджы фырт, ирон мыггаг хæссы, ирон фæсвæд хъæуы райгуырд æмæ схъомыл æмæ йæм йæ мады æвзаг «сложный» кæсы. Цымæ кæдæй нал æмбары ирон дзырд, ирон ныхас, йæ сабибонты дæр æй хъæуы никуы фехъуыста? Æппынфæстаг, уыцы бæрнон бынаты дæр ирон æвзаджы фæрцы куы бады, уæд уый дæр не ’мбары? Ирон республикæйы мадæлон æвзаг куы нæ уа, уæд хицæн республикæйыл нымад дæр нал уыдзыстæм, фæлæ нæ баиу кæндзысты Краснодар кæнæ Стъараполы крайимæ æмæ уыдзыстæм йæ иу хай. Уæд нæм мэрæй уæлдай æндæр бæрзонд бынæттæ нал уыдзæн. Æмæ ацы уавæр цæуылнæ æмбарæм? Ирон бæласы къалиуыл бадгæйæ, уыцы къалиу нæ быны цæмæн хырхæм? Æз уырыссаг æвзаджы ныхмæ нæ дæн, фæлæ дæ мадæлон æвзаджы мыртæй искæй æвзаг уæлдæр ма æвæр. Алчидæр дзы хъуамæ йæхи бынаты уа.
Иу бон Бетъырбухы тæрхондонæй курдиат æрбацыд, цæгатаг горæты ирон лæппуйæн тæрхон кодтой фыдракæнды тыххæй æмæ закъоны бындурыл тæрхоны хъуыддаг (дело) хъуамæ уырыссагау дæр æмæ иронау дæр цæуа. Тæрхон кæмæн цæуы, уый Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæг у, æмæ уый тыххæй закъон домы, республикæйы æвзагыл тæрхоны хъуыддаг дæр тæлмацгонд куыд цæуа, афтæ. Æмæ кæд Уæрæсейы æндæр рæтты ацы закъон æххæстгонд цæуы, уæд махмæ та цæуылнæ? Фæлæ хъуыддагыл чи батыхса, ахæм нæй. Уымæн æмæ ууыл бацархайын дæр «сложно» у. Æрмæст сывæллæттæй домæм, рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты ахуыргæнджыты бакъуымы кæнæм, мадæлон æвзаджы рæзтмæ цы æвæрæн бахастай, зæгъгæ. Ирон адæмы хистæр фæлтæрæй бирæтæ сæ мадæлон æвзагыл кæй нæ дзурынц, уый æнæзындгонд нæу. Иу ахæм хистæр Мыхуыры хæдзары дыккæгæм уæладзыджы вахтæйы кусæгæн иу райсом хъæрæй дзырдта, æз, дам, ирон дæн, ирон мыггаг мын ис, фæлæ иронау никуы дзырдтон æмæ дзурынмæ дæр нæ хъавын, зæгъгæ. Хъусынгæнинаг мæ раттын хъæуы æмæ уырыссаг газет кæцы ран ис, уыдис йæ фарст. Вахтæйы кусæг ын бауайдзæф кодта, рæстытæ нæ дзурыс, хорз лæг, фæлæ уымæ нæ бахъардта уайдзæф. Мæнæн тынг хъыг уыдысты зæронд лæджы хъæддаг ныхæстæ, фæлæ карджын адæймагмæ мæхи къæйныхæй равдисын мæ сæрмæ не ’рхастон. Ахæм хистæрæн кæстæр хъуамæ цавæр кад кæна, куыд ын балæггад кæна ирон æгъдаумæ гæсгæ, кæд æмæ йæхи хъомылад ныллæг æмвæзадыл лæууы, уæд. Уырыссаг ирæттæ цæргæбонты уырыссаг цардæй фæцæрынц, кад æмæ сæ æгъдау та иронау æрхъæуы, мæлын дæр сæ ирон æгъдауыл фæфæнды. Æрыгонæй адæймаг нæ фембары, мадæлон æвзаг нæ зонын царды цы стыр рæдыд у, уый, фæлæ æрцæуы уыцы рæстæг, уд æмæ йæ зæрдæ стыр æхсызгонæн куы фæагурынц, уæд. Нæхи республикæйы Медицинон академийы немыцаг æвзаджы профессор Брин иудадзыг фæкуры студентты ирон æвзаг ахуыр кæнын. Уымæн æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтыл чи фæахуыр кæны, уыцы студенттæ фæархайынц Герман, Итали, Францы суинаг дохтырты алыхуызон олимпиадæты æмæ сын сæ куыстытæ фæагурынц иронау фыстæй, уырыссагау нæ, фæлæ куыд хицæн республикæ æмæ ирон адæмыхатт, афтæ. Кæд сæ куыстытæ æнтыстджын рауайынц, уæддæр сын сæ нæ банымайынц, мадæлон æвзагыл кæй нæ вæййынц, уый тыххæй.
Зындгонд иртасæг, Всеволод Миллер йæ цард снывонд кодта ирон æвзагæн. Афтæ Андрей Шегрен дæр. Уый фæстæ Клапрот, Дюмезиль. Абайты Васо сæ рахуыдта ирон æвзаджы истори саразджытæ дæр. Миллер йæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уый бирæ ахсджиагдæр уыди: ирон æвзаджы историон фонетикæ, историон морфологи æмæ этимологи биноныгæй раиртасын æмæ уый руаджы æвзагæн индоевропæйаг æмæ ирайнаг æвзæгты абаргæ грамматикæйы системæйы бынат скæнын. Уыцы хæс цæмæй сæххæст кодтаид, уый тыххæй та хъуамæ иттæг хорз зыдтаид ирон æвзаг. Всеволод Миллер ирон æвзаг иу афæдзмæ сахуыр кодта, канд ирон нæ, фæлæ ма дыгурон æвзаг дæр. Ирон фæсивæды ма-иу Мæскуыйы университеттæм дæр ахуырмæ бакодта. Уыцы хæрзтæн ферохгæнæн куыд ис? Æндæрбæстаг ахуыргæндтæ не ’взагæн стыр аргъ кодтой æмæ кæнынц абон дæр, мах æхсæн та уæрæседзаутæ сарæх сты æмæ ирон æвзаджы кад дæлæмæ æрæппæрстой. Англисаг æвзаг, дам, дунеон у, æмæ уый хъæуы ахуыр кæнын. Фæлæ нæхи уырыссаг ирæттæ не ’мбарынц, англисæгтæм æгад кæй у, йæхи æвзагыл дзурын чи нæ зоны, уыцы адæймаг, уый. Англисæгтæ стыр аргъ кæнынц ахæм адæмæн, сæ мадæлон æвзаг бæрзонд бынаты æвæрд кæмæ у. Былысчъилтæ йыл чи кæны, ахæмтæ та сын æнæуынон сты. Йæ мадæлон æвзаг кæй нæ хъæуы, уыцы адæймагимæ цæуыл ис дзурæн?
Цалдæр азы размæ Дзæуджыхъæуы ацыд ирон æвзаджы конгресс. Архайдтой дзы алы бæстæтæй ахуыргондтæ, ирон æвзагимæ йæ наукон куыст чи сбаста, ахæмтæ. Уым базонгæ дæн францаг университет, Сорбоннæйы профессор Жоэль Грисваримæ. Уый куыд тынг уарзы ирон адæмы, ирон æвзаг æмæ ирондзинадимæ баст æппæт хъуыддæгтæ, ууыл дис кодтон. Жоэль радзырдта, ирон æвзагимæ куыд «базонгæ», уый. Нарты кадджытæ кастис æмæ йын йæ зæрдæ бацагайдта Нарты Батрадзы фæлгонц. Жоэль Батрадзы сбаста къарол Артуры дугимæ, ссардта сын иумæйаг бастдзинæдтæ дæр. Загъта, Ирыстонмæ нырмæ цæуылнæ никуы æрцыдис, ууыл фæсмоны ныхæстæ. Туаты Теминæ дæр къахихсыд баци дунейы нæ рагфыдæлты фæдтæ агургæйæ. Йæ къухы цы бафтыд, уыцы хабæрттæ та бæлвырд ракодта йæ документалон кинонывты. Уæдæ туркаг ирæттæ дæр фæдзурынц, сæ фыдæлты историон бæстæмæ сæ хистæртæй бирæтæ сæ былыцъæрттæ хæргæйæ кæй цæрынц, уый тыххæй. Иухатт мын, дзæнæты бадинаг Хъаныхъуаты Ремзи афтæ бакодта, мæ зæрдæ, дам, срыстис, Дзæуджыхъæуы уынгтыл зилгæйæ, фæндæгтæ туйæ кæй нæ зынынц, ууыл. Сымах, дам, мах хуызæн æцæгæлон бæстæйы куы цæриккат, не ’хсæн хæхты цъуппытæм куы кæсиккат, уым фалдæр нæ фыдæлты бæстæ ис, зæгъгæ, уæд уæ фæндæгтыл тутæ нæ, фæлæ сын пъатæ кæниккат. Ацы уайдзæф мæм ахæм худинаг æркаст, раст цыма уыцы чъизи ми мæхæдæг бакодтон, афтæ хардзау мæм æркаст.
Ирон æвзаг, дам, Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы. Уыцы зондыл хæст сты йе ’рхъуыдыгæнæджы хъузæттæ, Райгуырæн бæстæ, фыдыуæзæг кæмæн нæй, æгъдау æмæ культурæ цы сты, уый чи не ’мбары, ахæм æнæзонд æмæ удæй мæгуыр адæймæгтæ. Уæлдæр цы бæрнон адæймаджы кой ракодтон, уый та хъуамæ зона, ахæм бынаты куы кусай, уæд дзуаппытæ дæттын дыууæ ’взагыл дæр зонай, уæлдайдæр дын сæ иу мадæлон куы уа, уæд. Кæд нæ зоныс дæ мадæлон æвзаг, уæд дæхи ирон дæр ма хон. Алы æвзаг зонын дæр хорз у, ирон æмбисонд ма ахæм дæр баззад, адæймаг цал æвзаджы зоны, уал лæджы у, зæгъгæ. Не ’взагæн йæ уидæгтæ, йе сконд дунейы зындгонддæр ахуыргæндтæ сахуыр кодтой, махмæ та кæйдæрты Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы.
РЦИ-Аланийы Конституцийы 15-æм статьяйы фыст ис:
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон æвзæгтæ сты ирон æмæ уырыссаг.
Ирон æвзаг у ирон адæмы национ хиæмбарынады бындур. Ирон æвзаг хъахъхъæнын æмæ рæзын кæнын сты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицаудзинады оргæнты тæккæ ахсджиагдæр хæстæ.
УФ-йы Конституцийы 68-æм статьяйы та фыст ис:
1) Государственным языком Российской Федерации на всей ее территории является русский язык.
2) Республики вправе устанавливать свои государственные языки. В органах государственной власти, в органах местного самоуправления, в государственных учреждениях республик они используются наряду с государственным языком Российской Федерации.
3) Российская Федерация гарантирует всем ее народам право на сохранение родного языка, создание условий для ее изучения и развития.
Нæхи ирон æвзаджы конституцион бартæ куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд куы цæуиккой, уæд не ’взаджы уавæр дæр зынгæ фæхуыздæр уаид. Фæлæ йæ нæ адæмæй бирæтæ нæ уарзынц, нæ йыл æрвæссынц æмæ ахæмтимæ хицæнæй уæлдай тох кæнын хъæуы. Æндæр куыд ис гæнæн, мингай азты сæрты чи ахызт, уыцы ирон æвзагæн абон йæ хурхыл бахæц æмæ йæ сæрсæфæнмæ кæн?
Дадтеты Тамилæ
Къам ист у гом информацион фæрæзтæй



