Социалон хызты фæндагамонджытæ
Цыбырты Агуындæ CMM-менеджменты рагæй у хион. Хуыздæр специалисттимæ лæууы æмрæгъ. Уæлдай æхсызгон у, журналистикæмæ йæ фыццаг къахдзæфтæ кæй скодта нæ газет «Слово»-йы. Фæлæ абон йæ куысты æрдæмад у бынтон æндæр. Ног рæстæджы домæнтæм гæсгæ царды донвæд цæуы социалон хызты. Уымæ гæсгæ алы бизнесæн, алы индивидуалон амалгæнæгæн ис социалон хызтæ æмæ сæ чи «схæрзхуыз» кæны, ахæм специалист. Уыцы куыст у уæрæх. Йæ архайджытæй домы зонындзинæдтæ цалдæр фæзы: журналистикæйы, маркетингы, пораторы, сценаристы, къамисæджы æмæ афтæ дарддæр. Ацы стыр куыст кæны Агуындæ дæр. Йе ‘рыгон азты йæ бæлвырдæй ис схонæн фендджын специалист. Куыста алыхуызон проектты – йæ куысты фæдыл суанг рингмæ дæр рахизы. Цæмæн? Табуафси, уый тыххæй бакæсут нæ цымыдисаг ныхасы.
- Агуындæ, нæ газеткæсджытæн куыд бамбарын кæндзынæ, чи у СММ-щик?
- CMM-специалист архайы социалон хызты кусæн фæрстимæ. Гыццыл раздæр бизнесы амалгæнджытæ бамбæрстой, сæ куыстæн стыр æххуыс кæй у дунеон фæз – Интернет, сæрмагондæй та - социалон хызтæ. Уæд фæзынд ног æрдæмад æмæ ног професси – СММ. Фыццаджы дæр хицауадимæ сбæлвырд кæнæм нæ хæслæвæрдтæ æмæ алы хæслæвæрд сæххæст кæнынæн æрхъуыды кæнæм контент. Зæгъæм, кæд нæ хæс у сывæллæтты спортивон секцимæ абонементтæ ауæй кæнын, уæд нæ социалон хызы фарсыл дзурæм сывæллæттæн спорт цавæр пайда хæссы, ууыл, æвдисæм, иннæтæ куыд архайынц спортивон залы, исæм иинтервью сывæллæттæй æмæ тренертæй, дзурæм се ’нтыстдзинæдты тыххæй. Афтæмæй алыхуызон контенты руаджы хонæм нæ спортивон залмæ ног адæм æмæ уæй кæнæм нæ абонементтæ. Контент мысын у тынг цымыдисаг куыст: текстытæ фыссын, монтаж, рекламæ, къамтæ æмæ видеотæ исын. СММ-специалист кусы куыд иунæгæй, афтæ къорды дæр – уæд куыст дихгонд цæуы алкæйы ’хсæн. Иу - текст фыссы, иннæ - визуалон контент аразы, чидæр - сæрмагондæй агуры куысты æрдæмад.
- Ацы дæсныйадмæ куыд æрбацыдтæ?
- Дæсæм къласы мын мæ ныййарджытæ балæвар кодтой фæндзæм айфон, уыцы рæстæг уый уыд фæстаг модель. Телефонæн уыд хорз камерæ æмæ мæ алыварс цыдæриддæр уыд, уыдонæн сæ къамтæ исын райдыдтон. Бæласы сыфтæ, ме ’мбæлтты, адæм, æрдз, дзаумæттæ – истон сын сæ къамтæ æмæ сæ ’вдыстон мæ социалон хызы.
Уый мæ зонгæтæ дæр уыдтой æмæ мæм иу бон фæсидтысты куыстмæ. Уыцы рæстæг СММ-специалисты куыст Ирыстоны уæвгæ дæр нæма уыд, фæлæ мын загътой: «Куы арæхсыс къамтæ исынмæ æмæ социалон хызтимæ архайынмæ? Мæнмæ дæр фæкæс». Ахæм кусджытæ систы кадджын æмæ хъæугæ. Фæзындысты социалон хызтæн тексттæ фыссыны ахуыртæ, телефонмæ къамтæ æмæ видеотæ исыны ахуыртæ, аккаунттæ «схæрзхуыз» кæныны ахуыртæ æмæ æндæртæ. Æз дæр дзы бирæты бацархайдтон. Ахуыр кодтон, куыстон мæхиуыл. Уыимæ ахуырмæ бацыдтæн ЦИПУ-йы журналистикæйы факультетмæ, æмæ мæ бон у бæлвырд зæгъын: абон журналист æмæ сммспециалисты зонындзинæдтæ иумæ сты стыр профессионалон æмæ хъæугæ тых.
- Уый æцæгдæр стыр ахъаз у, Агуындæ. Фæлæ дæм уæддæр дæ фыццаг къахдзæфтæ зын кастысты?
- Фыццæгты мæм зын ницы каст. Фæлæ цас фылдæр архайдтон, цас фылдæр кодтой мæ зонындзинæдтæ, афтæмæй æмбæрстон, цас бæрзæндтæ ис нырма мæ разы. Уыдтон мæ лæмæгъдзинæдтæ, аиппытæ видеоты монтажы, сценариты æмæ афтæ дарддæр. Мæхимæ домæнтæ куыд стырдæр кодтой, афтæ куыст дæр зындæр кодта. Ныр дæр ма афтæ у хабар – цас фылдæр зонын, уыйбæрц зындæр. Раздæр та цастæ хъуыд – къам сис, йæ быны йын исты афысс æмæ йæ социалон хызы равæр.
- Проекттимæ ивынц, куыст чи дæтты, уыдон дæр. Уый специалистæн пайда хæссы æви нæ?
- Арæх мæ СММ баиу кæны æмбаргæ æмæ æнтыстджын адæмимæ. Кæд адæймаг йæ куыстмæ хоны СММспециалисты, уæд уый дзуры, бирæ зындзинæдтæ æмæ бæрзæндты сæрты кæй ахызт æмæ йæ бизнес йæ къæхтыл кæй слæууын кодта, ууыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм адæмы ’хсæн уæвын у тынг пайда. Уыимæ хорз амалгæнæгæн никуы фæуыдзысты, цы бæрзæндты сæрты йæ фæнды ахизын, уыдон. Æдзух рæзгæ кæны, æмæ ды йæ разы куы уай, уæд рæздзынæ йемæ. СММ-специалисттæн ис стыр фадат архайынæн æмæ исын дæнцæг сæрджын, цымыдисаг адæмæй.
- Агуындæ, дæ бон у зæгъын, спортсментимæ дын уæлдай æнцондæр у кусын, уый?
- Спорты архайджытимæ балымæн дæн, нырма журналистикæйы куы архайдтон, уæд. Политиктæ æмæ аивады архайджытæ арæх сæ ныхас аразгæ кодтой. Цавæрдæр ахорæнтæй-иу сахуырстой сæ дзырд. Спортсментæм ахæм миниуæг никуы федтон. Уыцы адæмы хъуыдытæ иууылдæр ахст сты спортæй, турниртæй, сæ хæслæвæрдтæй. Фыццаджыдæр мын мæ зæрдæ æлхæдта се ’ргомдзинад. Университеты журналистикæйы æрдæмад æвзарыны афон куы ’рцыд, уæд дызæрдыг æппындæр нæ кодтон - равзæрстон спорт. Спорты архайджытимæ интервьютæ кæнæ уарзон спортивон залты видеоистытæ мын царды зын рæстæджыты сты æнцой. Уыцы ран уыцы æнкъарæнтæ вæййынц æвдисæн. Пофессийы дæхи куы ссарай, уæд уый стыр амонд у, æмæ æз уыцы амондæй хайджын дæн.
- Дунейы цæры таурæгъ – СММщикы куыст æнцон у, зæгъгæ. Разы дæ ацы хъуыдыйыл æви нæ?
- Фæнды мæ, цæмæй адæм бамбарой: СММ дæр куыст у æмæ домы бирæ тыхтæ æмæ бæрнондзинад. Мæ зонгæ чызджыты ’хсæн бирæтæ фесты каст зынаргъ ахуыртæ, фæлæ-иу сæ куыст ныууагътой фыццаг бонты. Уымæн æмæ дардæй адæймагмæ афтæ фæкæсы, æмæ æнцон у - диваныл хуысгæйæ, бон 15 минуты акус æмæ фæци. Фæлæ æз алы бон цæуын куыстмæ контент исынмæ, боны фылдæр хай архайын мæ проекттыл, ныхас кæнын мæ куыстдæттæгтимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, СММ-ы архайын адæмæн операцитæ кæнын кæнæ шахтæйы кусынау зын нæу, фæлæ дзы ис йæхи зындзинæдтæ. Дæхи бынат æмæ дзы дæхи темп куы ссарай, уæд куыст уыйбæрц зын нæ уыдзæн, цас цымыдисаг.
- Дæуæн се ’ппæтæй зындæр цы у дæ куысты?
- Мæнæн, æвæццæгæн, се ’ппæтæй зындæр у, адæм мæм куыстимæ куы фæсидынц, уæд сын «нæ» дзурын. Уыд ахæм рæстæг, æмæ мæ тыхтæн фылдæр æнхъæл фæдæн æмæ райстон æгæр бирæ куыст. Ахæм рæдыд мыл нал æрцæудзæн, уымæн æмæ мын рæстæг нæ фаг кодта æмæ мæ куысты хæрзхъæддзинад уыдис хуыздæр хъуаг. Абон уыйбæрц цымыдисаг мадзæлттæ ис, æмæ мæ куы фæхонынц сæ социалон хызтыл бакусынмæ, уæд мæ цæстытæ ссудзынц. Фæзыны мæм дунейы ног хъуыдытæ, кæцытæн мæ бафæнды цард раттын. Кæй зæгъын æй хъæуы, цард куыд амоны, афтæмæй æрхæццæ кæны афон мæхи специалистты къорд æрымбырд кæнынæн, фæлæ мæм уыйбæрц ныфс нæма ис.
- СММ-ы æрæджы чи райдыдта архайын, уыдонæн цы зæгъдзынæ?
- Уе ’рхъуыдыты - уæ тых. Алы бон рахай кæнын рæстæг, зæгъæм, рилстæм бакæсынæн. Ахъуыды кæнын, уыцы æрхъуыдытæ мæ проектты уагмæ гæсгæ куыд аивон. Видеотæ исын, монтаж, æрмæджытæ фыссынад – уыдоныл ис сахуыр кæнын. Фæлæ хъуыдытæ мысын у СММ-ы бындур.
Ма зивæг кæнут - уæ видео æмæ тексты æрмæджытæ исын æмæ фыссынмæ. Фыццæгты мæм афтæ каст, æмæ кæд монтажыл фондз сахаты бакуыстон, уæд у хæрзæххæст. Фæлæ уымæн уæвæн нæй, куыст куы фæуай, уæд баулæф æмæ ногæй бакæс уыцы видеомæ æмæ дзы кæд исты аипп ссардтай, уæд æй сраст кæнынмæ ма фæзивæг кæн. Уыцы зонд мын бацамыдтой сæрмагондæй газет «Слово»-йы. Фыццаг курсы уæвгæйæ мæм афтæ каст, æмæ хæрзæххæст æрмæджытæ фыссын. Фæлæ мæ газеты кусгæйæ, сахуыр кодтой бæстон тексттимæ архайын. Мæ куыст-иу мын сырх хæдфысгæйæ куы ныххæххытæ кодтой, уæд-иу мын тынг хъыг уыд, фæлæ абон тынг бузныг дæн ахæм фæлтæрддзинадæй.
Бауарзут ацы професси. Базонут уæ уды хорзæн мысын контент, видеотæ исын, уæ хицауадимæ архайын иумæйаг хæслæвæрдтыл. Ма бæллут уайтагъд стыр æхцатæ бакусынмæ. Уæ куысты мидис бамбарут, æмæ уæд уæ фæрæзтæ дæр фæфылдæр уыдзысты.
Уæ ныфс хæссут алыхуызон проекттæм. Цæмæй йæ бæлвырд бамбарат, ацы куыст сымахæн у æви нæ, уый тыххæй йын хъуамæ йæ арæнтыл æрзилат. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы, СММ-ы кæй ис фадат алы професситимæ кусын. Тагъд ма кæнут.
Бирæнымæц бакастытæ æмæ бафысджытæ уайтагъд нæ фæзындзысты, фæлæ уæ æрвылбоны куысты аргъ сты.
- Кæддæр дæ аивадон фæндаг цы газеты райдыдтай, уымæн цы зæгъдзынæ?
- Газеты мæ фыццаг æрмæг хуынд «Алцыдæр райдайы ныхасæй», æмæ мын абон дæр уыцы хъуыдытæ мæ зæрдæ хъарм кæнынц. Мæ фыццаг официалон куыст, æмкусджытимæ базонгæдзинад, аивады фыццаг къахдзæфтæ æмæ ныр та мæхæдæг дæттын мæ фыццаг интервью ацы газетæн. Æцæгдæр алцыдæр райдайы «ныхасæй». Бузныг, мæ уарзон редакци!
Мамиаты Дианæ
Къамтæ ист сты Цыбырты Агуындæйы куысты архивæй



